Информацион агентад «Спутник»-ы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ фембæлд уыд ленк кæныны Федерацийы президент, Евгения Терлееваимæ. Уый  журналисттæн дзуаппытæ лӕвӕрдта 21 майы споривон комлекс “Олимп”-ы ленк кæнынæй цы ерыстæ уагъд æрцæудзысты æмæ сæ хайад чи райсдзæн, уыдоны тыххæй.

«Ацы ерыстæ ныр уагъд цæуынц 5-æм хатт ахуырадон ерысты циклы фæлгæтты. Ерыстæ уыдзысты комплексон ленк кæнынæй, спортсментæ ленк кæндзысты сæ фæ-сонтыл æмæ сӕрибар стилæй. Ахуыры азы хатдзæгтæм гæсгæ, дистанци æххæстгонд нæма у, уымæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæн æххæст дистанци нырма вазыгджын у, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ сывæллæттæ уæддæр сæхи хорз бацæттæ кодтой. Ерысты хайад райсдзысты 2004, 2007 æмæ 2008 азы гуырд сывæллæттæ. Хистæр кары къордæй ерысты хайад чи райсдзæн,  уыдон сты 2003 азы гуырд сывæллæттæ.

Дистанци тынг цымыдисон у. Æз, куыд фæлтæрдджын тренер, афтæ арæх ныййарджытæн æмæ сывæллæттæн, æгæрыстæмæй, тренертæн дæр фæдзурын: ацы дистанци цымыдисон у. Ома, спортсментӕн сæ бон у ленк кæныны рæсугъд техникæ фенын кæнын æппæт хуызты дæр. Æмæ сын, кæй зæгъын æй хъæуы, вæййы хорз фæстиуджытæ. Ацы ахуыры азы сывæллæттæн ацы дистанци зын у, уымæн æмæ мах фæстаг мæйы рахызтыстæм фыццаг тренировкæтæм. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, сывæллæтты фæнды ерысты хайад исын, фæнды сæ ерыс кæнын кæрæдзиимæ. Хорз уаид, цæмæй ныййарджытæ дæр сæхи æрдыгæй равдисой æмбаргæдзинад, æмæ  сывæллæттæн сæ бон цы у, уымæй фылдæр сæ ма домой».

– Хуссар Ирыстоны фылдæр  архайынц боксæй, цавæр сты ленк кæныны рæзты перспективæтæ?

– Перспективæтæ егъау сты, уымæн æмæ нын ис хорз материалон базæ дыууæ уагдоны. Уыдон та нын дӕттынц бӕрӕг фадæттæ сывӕллӕтты ленк кæнынæй бацæттæ кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр нын ис тынг хорз бассейнтæ иттӕг хорз температурон режимимæ, доны хорз уавæримæ æмæ доны дезинфекци кæныны тыххæй ног ифтонггæрзтимæ. Æппæт уыдæттæ дзурæг сты ууыл æмæ махæн нæ бон кæй  у æнæрлæугæйæ нæ ахуыры процесс уадзын.  Тренировкæтæ уагъд нæ фæцæуынц æрмæстдæр сæрдыгон улæфтыты рæстæджы.  Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ нын абоны онг кæй нæ фаг кæны инвентарь, уымæн æмæ сывæллæттæ рæзынц æмæ уыдонимæ тренеровкæгæнæн домæнтæ дæр рæзынц. Кæд, нырма сывæллæттæн ӕмбӕлон тагъддзинад нæй, уæддæр архайынц хорз. Мах хъæуы сывæллæтты ахуыр кæнын, спорты фæзилæнтæ æххæст кæнын. Æз дзурын  «поворотный панелтæ» кæй хонынц, уыдоныл, кæцытæ сты æрдæг милун сомы аргъ. Мах хъæуы бассейнты уыдонæй сифтонг кæнын, уыдон хъæуæг сты æдасдзинады домæнтæ æмæ ерысты уагæвæрдты тыххæй. Фæнды мӕ, цæмæй нæ республикæйы къухдæриуæгад дæр фехъуса æмæ нæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæна.

Евгения Терлеева загъта, зæгъгæ, спорты ацы хуызæн уыдзæн хорз фæстиуджытæ. Тренертæ кæнынц активон æмæ нысанмæздæхт куыст.

«Æппынæдзух сывæллæттæн æмбарын кæнынц, зæгъгæ,  спортсмен хъуамæ архайа æппæт тыхтæй дæр æмæ æвдиса фидар характер.  Уый саразынæн та сын æххуыс кæны тренер. Мæн уырны, кæй нæм ис хорз фæстиуджытæ чи равдисдзæн, ахæм сывæллæттæ»,- ӕхсызгонӕй банысан кодта Евгения Терлеева.

Уый ма загъта, зæгъгæ, цæмæй спорты дӕсныйы æмвæзад къухты бафта, уый тыххæй тренировкæ кæнын хъæуы 8-10 азы.

«Уый у стыр фыдæбон. Уый тыххæй хъæуы сбортæ, цæугæ ерыстæ. Алкæцы цæугæ ерыстæм дæр ацæуынц хуыздæр спортсментæ, æмæ æз, куыд  фæлтæрдджын тренер, афтæ мæ зæгъын фæнды нæ сывæллæттæ ардыгæй кæй ацæуынц хорз зæрдæйы уагимæ æмæ фæстæмӕ та кӕй æрӕздæхынц æрхæндæгæй, уымæн æмæ фенынц сæхицæй хуыздæр цæттæ спортсменты. Æмæ уымæ гæсгæ, мах цæугæ ерысты хайад нæ исæм, хъæуы нæ нæхиуыл хорз бакусын. Абоны онг бирæ сывæллæттæн нырма сæ бон нæу ленк кæныны техникæ сахуыр кæнын.  Афтæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, цæугæ ерыстæм цæуæн нæй.

Афтӕ  ма нӕ хъæуы фадæттæ агурын ленк кæнынæй Æппæтуæрæсейаг феде-рациимæ бадзырдтæ саразын æмæ æнго-мæй семæ кусыны тыххæй, цæмæй нæ сывæллæттæ хайад исой ахæм æмвæзады ерысты. Ис меморандум Уæрæсейы спорты министрад æмæ РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты ‘хсæн, цыран нысан æрцыд, зæгъгæ, Æппæуæрæсейаг федераци æххуыс кæны нæ федерацийы архайдæн. Ацы меморандумы бындурыл мах сараздзыстæм хицæн бадзырд æмгуыстады тыххæй. Абон уал, нæ бон хайад райсын у Цæгат Кавказы Федералон зылды ерысты», – банысан кодта Евгения Терлеева.

Кокайты Зӕринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.