Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Парламенты сæвзæрсты боны цытæн 9-æм декабры Медиа-центр «Ир»-ы пресс-центры уыд тымбыл фынг «Хуссар Ирыстоны нырыккон этапы парламентаризм». Дискусситы хайад райстой куыд фыццаг, афтæ иннæ сæвзæрстыты депутаттæ, эксперттæ, политиктæ, Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

1990 азы 9 декабры бонæн уыд хъысмæтскъуыддзаггæнæн нысаниуæг

Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ банысан кодта фыццаг сæвзæрст Парламенты депутатты ныфсхастдзинад æмæ хъæбатырдзинад, Республикæ Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы хъысмæтскъуыддзаггæнæн нысаниуæг.

Фыццаг парламентон æвзæрстыты боны депутаттæм кандидаттæ бырстой политикон амбразурæмæ, паддзахады интерестæ бахъахъхъæныны тыххæй.

Уникалон цау уыдысты 1990 азы 9 декабры æвзæрстытæ. Экономикон, политикон, моралон-психологион уавæр тынг зын уыдис, фæлæ адæмæн сæ ныфс нæ асаст.

«Мæ сæрæй ныллæг кувын фыццаг сæвзæрсты депутаттæн, ахæм рæстæджы сæхимæ стыр бæрндзинад кæй райстой, уый тыххæй», — банысан кодта Гаглойты Иринæ.

32 азы бирæ не сты

Фыццаг сæвзæрст Парламенты депутат, парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй «Ныхас»-æй райдайгæйæ, ирон парламентаризмæн йæ уидæгтæ арфдæр сты. Куыд политикон, этникон сконд, афтæ парламентаризмыл дзырд куы цæуа, уæд уый йе скондæй ирон менталитетмæ æввахс лæууы.

«Тымбыл фынгты арæх цы темæтыл фæдзурæм, уыдон цадæггай царды биноныг æрцæуынц, зæгъæм, æвзæрстыты системæ фæивыны тыххæй дзырдтам æмæ нын абон ис профессионалон Парламент. Кæд абон бирæтæ критикæ кæнынц профессионалон рахызт, уæддæр æз афтæ нымайын, æмæ паддзахадон арæзтады уый уыдис иунæг раст вариант», — загъта Гобозты Вячеслав æмæ банысан кодта, зæгъгæ, парламентаризмы нырыккон этапæн 32 азы бирæ не сты æмæ уый тыххæй ацы фадыджы тенденцитæн дарддæр дæр хъæуы анализ кæнын.

Закъондæттæн æмæ æххæстгæнæн органты ахастыты хъæуы æрбæстон кæнын

Президенты Администрацийы информацион-аналитикон центры сæргълæууæг Уазæгты Юри куыд зæгъы, афтæмæй хуссарирыстойнаг парламентаризм рæзын æмæ йæ фидар кæныны тыххæй закъондæттæн æмæ æххæстгæнæн органты, фыццаджыдæр Президент æмæ Парламенты ахастытæ хъæуы закъонмæ гæсгæ алыварсонæй æрбæстон кæнын.

Фæстаг дæс азы фæлтæрддзинад куыд æвдисы, афтæмæй закъондæттынады бирæ ахсджиаг, æрвылбонон фарстатæ дырысæй фыст не ’рцыдысты. Парламент хицауиуæгады ахсджиаг орган у æмæ хъуамæ хъахъхъæна адæмы интерестæ.

Дунейы парламенттæй бирæты хицæнгонд сты сæйраг функцитæ: минæварадон, закъондæттынадон æмæ контролон. Размæдзыд парламентаризм цы бæстæты ис, уыдоны парламент контроль кæны хицауады архайдыл, фæлæ ацы функци Хуссар Ирыстоны политикон практикæйы нырма лæмæгъ у. Бирæ азты дæргъы арæзт цыдысты уæрæсейаг политикон партитимæ партнерон æмгуыстады фæдыл сразыдзинæдтæ æнгом бастдзинæдтæ. Æхсæндунеон позицитæ сфидар кæныны тыххæй архайдтой фæсарæйнаг, фыццаджы-фыццаг социалистон зондахастыл лæуд европæйаг бæстæты партитимæ бастдзинæдтæ саразын.

Уазæгты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ, хорз уаид уыцы практикæ адарддæр кæнын.

«Дзырд цæуы актуалон фарстатыл уынаффæ кæныны рæстæджы Парламентмæ æхсæнады минæвæртты дæр фæхоныныл. Ис ма æндæр форматтæ дæр, кæцытæ фадат дæттынц æхсæнады фæлтæртимæ парламентариты диалогæн æмæ цы проблемæтæ сæвзæрынц, уыдонмæ рæстæгыл хъус æрдарынæн», — банысан кодта Уазæгты Юри.

Фыццаг сæвзæрст парламент уыд адæмон орган

Депутат Санахъоты Давид йæ ныхас райдыдта австриаг дипломат Клеменс Меттернихы ныхæстæй, ома, «бакастджын хицауад у ахæм инструмент, кæцыйыл цæгъдынц иттæг хорз музыканттæ».

«Куыд сарæхстыстæм мах уыцы инструментыл цæгъдын æмæ дарддæр куыд сарæхсдзыстæм? — 1990 азы 9 декабры сæвзæрстгонд Сæйраг совет йе скондмæ гæсгæ уыдис адæмон орган. Сæйраг советы раз цы фыццаградон фарстатæ лæууыд, уыдон закъондæттынадмæ нæ хаудысты, фæлæ сæ нысан уыд нацийы фервæзын кæнын. Референдум организаци кæнын, хæдбардзинады тыххæй акт райсын, алы инстанцитæм сидтытæ æрвитын, æппæт уыдæттыл куыста Сæйраг совет», — загъта Санахъойы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, парламент æмæ парламентаризм кæрæдзийæ хицæн кæнынц, æндæр æмæ сын æндæр нисаниуæг ис. Парламентаризмæн æнæ парламент нæй уæвæн. Фæлæ, Санахъоты Давиды хъуыдымæ гæсгæ, парламент фæкусы æнæ парламентаризмы ахсджиаг элементтæй, кæцытæ хъæуы фæдырысдæр кæнын кæнæ та бынтондæр нæ уыдысты. Уыцы ахсджиаг элементтæ сты хицауиуæгады дих кæнын æмæ закъондзинад.

Йæ рады Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза радзырдта парламентон æмгуыстады æмæ уыцы здæхты сæ дарддæры пълæнтты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны парламентаризмы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой тымбыл фынгы иннæ хайадисджытæ дæр.

Осиаты Индирæ