Женевæйы дискусситы радон рабадты боны фæткы фарстатæм цæттæгæнæн фембæлд уагъд æрцыд æрæджы дискусситы дунеон организациты æмсæрдæрттæн Женевæйы форматы хуссарирыстойнаг делегацийы минæвæрттимæ.

Делегацийы сæргълæууæг, Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат æхсызгонæй сæмбæлд фæсарæйнаг уазджытыл. Уый æмрæнхъ банысан кодта, дискусситы раз цы хæстæ лæууы, уыдон ахсджиагдзинад.

Женевæйы дискусситы фæлгæтты куыст цæуы аст азы дæргъы. Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы куыст у ахсджиаг æмæ бæрнон. Хуссар Ирыстоны регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинады хъуыддаджы женевæйаг процессæн дæттынц ахсджиаг нысаниуæг.

«Хуссар Ирыстонимæ уæ радон балц бæттæм ууыл, æмæ Женевæйы радон раунды кæй уыдзæн бæрæг размæцыды къахдзæфтæ – юридикон бæрнджын документ бацæттæ кæнын, ома, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй кæй нал спайда кæндзæн», – банысан кодта Мурат.

Регионы уавæрыл дзургæйæ, ныхасгæнæг куыд бамбарын кодта уазджытæн, уымæ гæсгæ, у стабилон,  æдасдзинад æмæ æндыгъд уавæр цы цаутæ сæвзæрын кæной, уыдонæн нæй бынат регионы. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, хъусдард здæхт цæуы уымæ, æмæ Гуырдзыстон кæй архайы уавæр æндыгъддæр кæнынмæ. Уадзы агрессивон информацион хæст Хуссар Ирыстоны ныхмæ – æдзухдæр барæй хæлд цæуынц дыууæ бæстæйы ‘хсæн паддзахадон арæнтæ.

Джиоты Мурат ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ паддзахадон арæнтæ халыны цауты фæдыл æмбарынгæнæн куыст уагъд цæуы Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæл-гæтты.

«Мах райгонд стæм механизмты фæлгæтты фембæлдтытæй. Уыимæ иумæ ма «Тагъдыл дзурæн телефон» кæй кусы  уый дæр хорз хъуыддаг у. Уыдон сты Женевæйы стыр процессы хæйттæ. Уымæ гæсгæ мах цæттæ стæм дарддæр дæр уыцы форматы куыстмæ. Нæ позици у ирд – тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документыл бакусын, кæцыйæн уыдзæн æхсæндунеон гаранти, æмæ ифтонг кæндзæн регионы æдасдзинад», – дзырдта Джиоты Мурат.

Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер йæ рады банысан кодта, æхсызгонæй кæй фæбалц вæййы Хуссар Ирыстонмæ.

Махæн æхсызгон у, ам кæй стæм, уый, цæмæй развæлгъау æрдзурæм Женевæйы бадзырдты боны фæткыл. Нæ разы лæууы ахсджиаг хæстæ. Ацы бадзырдтытæ кæд цæуынц аст азы дæргъы, уæддæр, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы рæстæджы бынат уыд бæрæг æнтыстытæн. Мах, куыд æмсæрдæрттæ, афтæ ацы куыст дарддæр кæнæм, цæмæй йæ хайадисджытæн фадат уа бæрæг пункттыл æруынаффæ кæнын, разы дæн уыцы фарстытыл, кæцыты фæдыл размæ къахдзæфтæ аразæн ис, цæмæй регионы цæджыты цард уа æдас», – дзырдта Зальбер.

ИНО-йæ æмсæрдар Антти Турунен дæр Женевæйы дискусситы формат банымадта иунæг форматыл, цыран дзырд цæуы æдасдзинады æмæ гуманитарон фарстатыл.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Гюнтер Бехлер дæр женевæйаг форматы æнæмæнгхъæ-уындзинадæй дарддæр  бузныг загъта хуссарирыстойнаг фарсæн, иуæй-иу фарстатæ æрбæстон кæнынмæ æмбаргæ ахаст кæй равдисынц, уый тыххæй.

Дунеон организациты минæвæрттæ арфæ ракодтой Джиоты Муратæн, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй нысан кæй æрцыд, уый фæдыл.

ФЕМБÆЛДТЫТÆН  ХАТДЗÆГТÆ АРАЗГÆЙÆ

Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ радон раунды йæ хайадисджыты рæгъмæ рахæсдзысты, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ. Махмæ, зæгъгæ, ис цалдæр хъуыдыйы æппæт хайадисджытæм, Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй пайда кæй нал рцæудзæн, уыцы хъусынгæнинаджы фæдыл. Зальбер ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фæрстæм ис цæттæдзинад уыцы ахсджиаг хъуыддаджы фæндондзинад равдисыны фæдыл. Хъуыдытæ ис хуссарирыстойнаг æмæ Гуырдзыстоны фæрстæм, æмæ сыл, зæгъгæ, лæмбынæг дзырд цæудзæн Женевæйы.

Антти Турунен йæ рады ноджыдæр банысан кодта Женевæйы дискусситы форматы ахсджиагдзинад.

«Мæнæн æхсызгон у, хуссарирыстойнаг фарс ноджыдæр кæй равдыста йæ цæттæдзинад Женевæйы дискусситы фæлгæтты куыст дарддæр кæнынмæ. Дискусситы фæлгæтты ахсджиаг у æдасдзинадимæ баст фарстытыл уынаффæ кæнын. Фæлæ ма ис гуманитарон нысаниуæджы фарстытæ, кæцыты фæдыл мах цæттæ стæм ИНО-йы дыууæфарсон бындурыл хуссарирыстойнаг коллегæтимæ æруынаффæ кæнын. Ныфс нæ ис, фидæны ахæм æмархайд кæй кæндзыстæм», – загътаТурунен.

Гюнтер Бехлер дæр йæ рады банысан кодта гуманитарон фарстаты нысаниуæгад Женевæйы дискусситы фæлгæтты.

«Дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисджытимæ цы гуманитарон фарстатыл уынаффæ цыд, уыдон ЕÆÆО-йæн ахсджиаг сты.

Уымæй дарддæр мах кусæм æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæлвырд кæныныл, кæцыты хъуыддагыл кусы хæдбар эксперт.

Æрвылмæй Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл механизмты фæлгæтты цы куыст цæуы, уый здæхт у арæнтыл инциденттæ ма æруадзын æмæ аиуварс кæнынмæ. Йæ хайадисджытæ разы сты ууыл, цæмæй арæнтыл инциденттæн, æндæр цаутæн ма уа бынат»,- дзырдта Бехлер.

Джиоты Мураты комментаритæ:

– Фæскавказы  æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы æмсæрдæртты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды химæрайст æмæ хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтимæ кусæгон фембæлдæн хатдзæгтæ аразгæйæ, фыццаджыдæр, уынаффæ цыд, Женевæйы дискусситы радон раунды цы фарстытыл дзырд цæудзæн, уыдоныл. Уыдоны сæйраг – æдасдзинадимæ баст фарстатæ гуырдзиаг-ирон ахастыты æхсæнгарзæй пайда кæй нал æрцæудзæн, гуманитарон характеры фарстатæ, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты агурын, арæнтыл æдасдзинад æмæ бадзырдон процессы дарддæры рæзтимæ баст фарстатæ.

Уагъд æрцыд ахсджиаг бадзырдтытæ, цæмæй Женевæйы процесс дарддæр цæуа. Уымæй дарддæр ма Женевæйы æруынаффæ хъæуы лигъдæтты фæдыл фарстытыл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мандатмæ гæсгæ лигъдæтты фæдыл фарст хаст у, дискусситы раз цы фарстатæ ис, уырдæм. Фæлæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад суанг 2009 азæй фæстæмæ политизаци кæнынц ацы фарст, хæссынц æй Женевæйы дискусситы фæлгæттæй æдтæмæ ИНО-йы Генералон Ассамблеймæ. Фæлæ нæ позици у абоны онг афтæ – ацы фарстыл дзырд хъуамæ цæуа æрмæстдæр дискусситы фæлгæтты – уымæ цæттæ стæм мах дæр. Кæд æмæ фарст Генералон Ассамблеймæ хаст цæуы, уæд уым хайад æнæмæнгдæр хъуамæ иса Хуссар Ирыстоны минæвар.

Иумæйагæй сисгæйæ, хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ цæттæ сты конструктивон куыстмæ æмæ архайдзысты, цæмæй æмткæй регионы, стæй Хуссар Ирыстоны адæм æдасдзинадæй ифтонг уой.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.