Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли 9 июны парламентон æвзæрстыты хъæлæс лæвæрдта горæт Цхинвалы №15 æвзарæн фадыджы. Паддзахады сæргълæууæг æвзарæн фадыгмæ æрбацыд йæ бинонтимæ. Хъæлæс кæныны фæстæ бæстæйы сæргълæууæг дзуапп радта информацион фæрæзты минæвæрттæн.

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы æвзæрстытæ сты тынг цымыдисон, уымæн æмæ дæргъвæтин рæстæджы фæстæ уагъд цæуынц хæццæ   мажоритарон пропорционалон системæмæ гæсгæ.

«Адæмæн æвзæрстытæ тынг ахсджиаг сты, уымæн æмæ æвзæрстыты системæ æндæргъуызон у, æмæ цымыдисон уыдзæн сæ фæстиуæг дæр. Адæм сæхæдæг æвзарынц, сом сæ кæимæ кусын хъæуы, уыдоны. Уыдон цымыдис кæнынц, цæмæй парламентмæ бацæуой ахæм тыхтæ, кæцытæ кусдзысты счъилдысæй, кæцытæ зонынц закъондæттынадон органы кæимæ кусын хъæуы. Æмæ уæд мæнæн, паддзахады сæргълæууæгæн дæр, бирæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын æнцондæр  уыдзæн. Уымæн æмæ æххæсткæнынадон къухдариуæгадимæ æнгом, æмархайд куынæ кæнæм, уæд республикæйы рæзтыл дзурын зын у», – банысан кодта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, парламентмæ хъуамæ бацæуой ахæм тыхтæ, кæцытæ знон дæр арæзтой, абон дæр аразынц æмæ сом дæр араздзысты. Йæ хъуыдымæ гæсгæ адæм хорз зонынц алы политикон тыхты дæр – кæй равзарой, уый дарддæр архайдзæн парламенты. Адæмæн дæр ахсджиаг у, парламенты дард-дæр цахæм тыхтæ архайдзæн.

Банысан ма кодта, æвзæрстыты рæстæджы республикæйы уавæр: «Мæ хъуыдымæ гæсгæ адæм федтой, цы политикон тыхтæ архайдтой, уыдон куыд куыстой. Æмæ уымæ гæсгæ адæм сараздзысты раст равзæрст, æмæ æвзæрстытæ дæр уагъд æрцæудзысты бæрзонд æмвæзадыл. Нæ зæрдæйыуаг дæр у иттæг хорз, алкæмæндæр мæ цæст уарзы æнтыстытæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.