Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæлгæтты фембæлд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнпарламентон къамисы уæрæсейаг хайы æмсæрдæрттæ УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонин æмæ Цæгат Кавказы фарстыты фæдыл УФ-йы министр Лев Кузнецовимæ, — фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-нымæрдар Гана Яновская.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дзырд цыди дарддæры æмгуыстады æмæ Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй республикæйæн экономикон æххуысы фарстыты фæдыл.

«Боны фæткы сæйраг фарстытæй дарддæр ма, ацы бонты Мæскуыйы цы æхсæнхицауадон къамисы рабадт ауагъдæуыд, уым президент æмæ йæ уæрæсейаг коллегæтæ сæ фембæлды уынаффæ кодтой ахæм фарстытыл, кæцытыл дзырд цыди Уæрæсейы уæлдæр къухдариуæгадимæ раздæры фембæлдтыты рæстæджы. Уыдонмæ хаудысты Респуб-ликæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады кредиткæнынады фарстытæ», — загъта кæронбæттæны пресс-нымæрдар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.