2 июны фæсконфликт æрнывыл кæныны фарстыты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат фембæлд Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ, Фæскавказы фарстыты фæдыл женевæйаг дискусситы Уæрæсейы Федерацийы делегацийы уæнгтимæ А.А.Двинянин æмæ М.М.Кулахметовимæ. Уый фæдыл фехъусын кодтой РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвары аппараты.

Фембæлды рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт цыд Фæскавказы регионы тыхæй ма спайда кæныны проблемæмæ, уыцы нымæцы – Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн ахсджиаг, юридикон æгъдауæй бæрнæвæрæг Гуырдзыстонимæ сабырдзинады бадзырд сфидар кæныны фарст, афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл æдасдзинад æмæ сабырдзинад бахъахъхъæныны æнæмæнгхъæуæг кæй у, уыцы фарст. Ацы контексты ногæй банысанчындæуыд æхсæнпаддзахадон арæнты делимитаци æмæ демаркацийы процессы нысаниуæг, уыцы нымæцы – бынæттон цæрджыты интерестæ хъахъхъæныны сæраппонд. Гуманитарон фарстытыл уынаффæгæнгæйæ, дзырд цыд, Гуырдзыстон ИНО-йы Генералон ассламблеямæ æрвылаз цы резолюцийы проекттæ хæссы лигъдæттæ æмæ лидзæг адæмы тыххæй, ууыл. Уыдон стыр зиан хæссынц æмæ ныхдур сты Женевæйы ацы фарсты фæдыл рæстмæ æмæ лæмбынæг фæндæттæ рахæссынæн.

Дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр загътой ахæм хъуыды, ома, Тбилис ИНО-имæ тынг кæй æввахс кæны, уый райсинаг хъуыддаг нæу, æмæ гæнæн ис æмæ расайа уавæры карздзинад канд Хуссар Кавказы нæ, фæлæ ноджы уæрæхдæр геополитикон тыгъдады. Цхинвалы уæлдай тыхстдзинад æвзæрын кæны, ИНО-йы уæнгбæстæты гарзджын тыхтæ æмæ уæззау техникæйы хайадистæй Гуырдзыстоны территорийыл цы хæстон ахуыртæ цæуы, уым.

Рахастæуыд фæндон женевæйаг дунеон дискусситы хайадисджыты хъусдард Гуырдзыстоны æмæ йæ ныгуылæйнаг æххуысгæнджыты тæссаг архайдтытæм аздахын.

Ацы фембæлд, женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ кæм архайдтой, ацыд хъарм æмæ хæларадон уавæрты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.