Ацы аз октябры мæйы 170 азы сæххæст ис нæ республикæйы иууыл рагондæр ахуыргæнæндæттæй иу – Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы байгомыл.

Алы паддзахадæн дæр йæ фидæн рæзгæ фæлтæрæй кæнгæ у. Æмæ иугæр афтæ у,  уæд æппæт тыхтæ дæр здахын хъæуы уымæ, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолайы æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр исой ахæм хъомылад, ахæм зонындзинæдтæ, кæцытæ сын рабæздзысты сæ сомбоны царды. Кæй ранымадтон, уыдонæй æлкæмæн дæр ис йæхи бынат æмæ йæхи хæстæ. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр рæзгæ фæлтæры бæллиццаг сомбоны тыххæй уæлдай стырдæр бæрндзинад хæссы скъола.

Адæймагад раджы бамбæрста, æхсæнады ахуырадæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый. Уымæ гæсгæ нæ фыдæлтæ дæр иннæ адæмты æмрæнхъ тырныдтой сæ фидæн ахуырадимæ сбæттын æмæ ахуыры къахыл слæууыныл. Уый тыххæй та хъуыд, фыццаджыдæр, бакæнын скъолатæ…

Уæды ног дуджы ралæудимæ нæ Ирыстонмæ цы стыр хорздзинæдтæ æрхаудта, уыдоны ахсджиагдæртæй иу уыд Дзауы комы скъолайы фæзынд, йæ байгом. 170 азы 170 боны не сты. Йæ байгомæй абонмæ ацы скъолайы историйы цы ивддзинæдтæ æрцыд æмæ йын цытæ банстыст рæзгæ фæлтæры сахуыр æмæ схъомыл кæныны хъуыддаджы, уыдон нымайæг  нæ банымайдзæн. Дзауы астæуккаг скъола бирæ рауагъдонтæ схъомыл кодта. Уымæн йæ лæггæдтæ æгæрон сты ацы районы цæрджытæн. Уымæ гæсгæ районы цæрджытæ аккагыл банымадтой, цæмæй скъолайы юбилейон бæрæгбон банысан кодтаиккой цытджын æгъдауæй, æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. 20-æм октябры Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъола йæ 170 азы юбилейон бæрæгбон цытджын æгъдауæй банысан кодта Дзауы районы центры. Ам сценæ уыд рæсугъд бæрæгбонвæлыст. Дардыл зæлыдысты музы-кæйы æхцон зæлтæ, æмæ афтæмæй районы цæрджыты хуыдтой бæрæгбонон мадзалмæ. Дзауы районы цæрджытæ худгæбылæй кæрæдзийæн арфæтæ кодтой сæ иумæйаг бæрæгбоны цытæн æмæ алчидæр сценæйы фарсмæ залы ссардта йæ бынат. Мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ, районы цæрджытæ. Юбилеймæ ма фæуазæг сты нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ Хицауады æндæр бæрнон кусджытæ.

Мадзалы райдианы уал районы цæрджытæ ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ сæмбæлдысты сæ уазджытыл. Сæхи Хуыцауæн бафæдзæхстой æмæ уый фæстæ кæрæдзийæн загътой арфæйы ныхæстæ.  Сценæйæ райхъуыстысты цытджын юбилейы цины æмæ арфæйы ныхæстæ. Мадзаламонæг Цъæритты Анжелæ æппæтæн дæр загъта, абон цæй тыххæй æрбамбырд сты æмæ сæ цины сæр цæуыл у, уый. «Абон не скъолайыл æххæст кæны 170 азы, æмæ нын ацы бон у æцæг цины бон. Уымæ гæсгæ арфæ кæнæм нæ республикæйы иууыл рагондæр скъолайæн, йæ ахуыргæнджытæн æмæ йæ ахуыргæнинæгтæн. Абон махмæ фæуазæг не скъолайы раздæры директортæй иу Къадзты Петр Уасилы фырт дæр. Махæн нæ цытджын бæрæгбоны сæйраг уазджытæ сты нæ раздæры ахуыргæнджытæ  ветерантæ. Уыдонæй цалдæр ис нæ юбилейон бæрæгбоны, æмæ сын зæгъæм арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ. Нæ сæртæй уын ныллæг кувæм. Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъола ма-хæн у тынг зынаргъ æмæ адджын, уымæн æмæ уый схъомыл кодта аккаг хъæбулты, нæ сомбоны аразджыты», – загъта мадзаламонæг.

Уый фæстæ айзæлыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддазахдон гимны зæлтæ æмæ сценæмæ рахуыдтой районы куырыхон лæгтæй сæ иу Тедеты Маир Пирузы фырты. Ирон фæндыры цагъдмæ кæстæртæ сценæйыл куырыхон хистæрмæ бахастой дзаггарз. Уый кувинаг йæ къухтæм райсгæйæ, арфæ ракодта æрцæуæг адæмæн æмæ банысан кодта, 170 – аздзыд скъола кæй рауагъта бирæ фæзминаг кæстæрты. Уыдон куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дæр кæй фæллой кæнынц. Уый та, зæгъгæ,  нысан кæны, Дзауы скъолайы кæй райстой хорз ахуырад æмæ сын сæ дарддæры цардаразынæн стыр ахъаз кæй фæцис, уый. «Абоны бæрæгбон стыр бæрæгбон у. Нымайын дæр æй уымæн хъæуы, æмæ хæссы, Ирыстоны кад бæр-зонд чи систа, уыцы гениалон поэт, ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы ном. Уый кады нысан у скъолайæн, æмæ Къостайы кад дæлæмæ куыд нæ уадзæм, афтæ Дзауы астæуккаг скъолайы кад дæр æнустæм уæд нымад. Стыр бузныг, абон ацы юбилей чи бацæттæ кодта, æппæт уыдонæн. Сæрмагонд бузныг нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонидæн. Ацы скъола цалдæр азы фæд-фæдыл афæндараст кодта Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм нæ районы рауагъдонтæй. Æмæ нæм фæстæмæ хорз ахуыртæй, хорз специалисттæй цы æрыздæхой, уый амонд нæ уæд. Фæсивæд махæн сты нæ фидæны цардамонджытæ, æмæ сæм лæмбынæг хъусдард кæй здахы нæ республикæйы разамынад, уымæн мах стæм æвдисæн. Арфæ кæнын æппæт ахуыргæнджытæн се стыр куысты тыххæй», – банысан кодта хистæр лæг.

Дарддæр мадзаламонæг радзырдта скъолайы раздæры ахуыргæнджытæй бирæтæн сæ сывæллæттæ дæр абон кæй кусынц ацы скъолайы, æмæ уыцы ахуыргæнджыты æрæмысгæйæ, алкæмæ дæр бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтаиккой скъолайы раздæры ахуыргæнджыты рухс нæмттæ.

Бæрæгбонон мадзалы ныхас адарддæр кодта Дзауы скъолайы директор Санахъоты Алан Сарбеджы фырт. Уый, фыццаджыдæр, бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта мадзалы уаздждытæн дæр, æмæ, сæрмагондæй, банысан кодта Ирыстоны уæззаудæр бонты скъолайы ахуыргæнджытæ хуыздæр цардагур кæй нæ фæлыгъдысты республикæйæ æмæ цæсгомджынæй кæй лæууынц ахуыргæнинæгты раз. Уый уыд гуырдзиаг-ирон хæстыты рæстæджы, зæххæнкъуысты фæстæ. «Мæн стыр бузныг фæнды зæгъын нæ районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимирæн, ацы юбилейон бæрæгбон саразынæн нын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Абон мæн фæнды мæ коллективæн раарфæ кæнын. Сымах куы нæ уыдаиккат, уæд ацы бæрæгбон дæр нæ уыдаид. Æз сымахæй дæн сæрыстыр, уымæн æмæ 90-æм азты уæззау бонты сымах æнувыд куыст кодтат скъолайы, æмæ кæйдæртау нæ фæлыгъдыстут ардыгæй. Куыд кодтаиккой нæ фæсивæд, сымах куы нæ уыдаиккат, уæд? Уый тыххæй уын стыр бузныг, арфæйаг ут!», – загъта скъолайы директор.

170 азы юбилейы цытæн зæрдæбын арфæтæ ракодта скъолайы коллектив æмæ районы цæрджытæн нæ бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид:

– Зынаргъ æмбæстæгтæ. Абон мах нысан кæнæм стыр бæрæгбон, Дзауы астæуккаг скъолайы 170 азы юбилей. Мæ размæ бирæ арфæйаг ныхæстæ загъдæ-уыд скъолайы педагогон коллективæн, æппæт районы цæрджытæн сæ иумæйаг бæрæгбоны цытæн. Мæн дæр фæнды зæгъын сымахæн зæрдæбын арфæтæ æмæ банысан кæнын уый, æмæ 170 азы кæй сты егъау азтæ ахуырады системæйы. Ацы скъолайы æппæт ахуыргæнджытæ кæддæриддæр тырныдтой уымæ, цæмæ фидæны фæлтæрты схъомыл кодтаиккой аккаг хъæбултæй. Абоны педколлектив та сты сæ раздæры коллективы фæдонтæ. Уыдон дарддæр кæнынц скъолайы хорз традицитæ æмæ куысты хъуыддаг.

Скъолайы педколлектив, сæ директор Санахъоты Аланимæ сæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ кусынц ахуыргæнинæгтимæ, цæмæй сæ ракæной царды хорз фæн-дæгтæм æмæ дарддæр дæр исой хорз ахуырад. Ноджыдæр уын арфæ кæнын уæ юбилейы цытæн æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ хорз æнтыстытæ уæ профессионалон куысты», – загъта Тыбылты Леонид. Зæрдæбын арфæтимæ ма бæстæйы сæргълæууæг юбиляртæн балæвар кодта телескоп æмæ банысан кодта, зæгъгæ, не скъолаты кæй хъæуы раздахын астрономийы предмет ахуыр кæныны хъуыддагмæ. Уый фæстæ Тыбылты Леонид Дзауы скъолайы схорзæхджын кодта Кады орденæй, æмæ йыл адæм сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ.

Скъолайы ахуыргæнджытæ Плиты Белæ, Хуыгаты Светланæ æмæ Цхуырбаты Розæйæн лæвæрд æрцыд республи-кæйы сгуыхт ахуыргæнæджы ном. Ахуыр-гæнджыты иннæ къорды та бæстæйы сæргълæууæг схорзæхджын кодта РХИ-йы Кады грамотæтæй.

Республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали дæр йæ рады банысан кодта, скъолайы хорз ахуыр кæй цæуы æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ æмбæлон æмвæзадыл кæй исынц зонындзинæдтæ. Банысан ма кодта уый дæр, æмæ Дзауы скъолайы ахуыргæнинæгтæ республикон олимпиадæты сæхи хорз кæй равдисынц. Гасситы Натали ма загъта, зæгъгæ, ацы скъолайы рауагъдонтæ сæ ахуыр адарддæр кæнынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ УФ-йы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты. «Ацы скъолайы рауагъдонтæ алыхатт дæр бæрæг вæййынц се ‘гъдау æмæ сæ хорз ахуырæй нæ университеты. Уый та у хорз ахуыргæндты къухтæй хорз скъолайæ кæй рацæуынц, уый нысан. Мæн фидарæй уырны æмæ нæм дарддæр дæр кæй хъомыл кæндзæн ахæм хорз чызджытæ æмæ лæппутæ æмæ сын сæ ахуыры хъуыддаджы кæй уыдзæнис кæддæриддæр æнтыстытæ», – загъта министр. Зæрдæбын арфæтимæ Ахуырады министрад дæр скъолайы къорд ахуыргæнджыты схорзæхджын кодта РХИ-йы Ахуырады кадджын кусæджы риуылдарæн кады нысанæй. Уымæй дарддæр ма сын бакодтой лæвæрттæ дæр. Мадзалы фæлгæтты ма хорзæхджын æрцыдысты педагогон куысты ветерантæ дæр районы администрацийы грамотæтæй. Уыдонæн се ‘ппæтæн дæр бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Юбилейы цытæн ма районы цæрджытæн æмæ скъолайы педколлективæн бæрæгбонон арфæтæ загътой: Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли æмæ бирæ æндæртæ.

Бæрæгбоны цытæн скъолайы ахуыргæнджытæн æмæ ахуыргæнинæгтæм арфæйы ныхасимæ рахызт Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ банысан кодта, Дзауы скъолайы юбилейон бæрæгбон æнæхъæн республикæйы бæрæгбон кæй у, уый.

«Сæркъулгæнгæйæ стыр бузныг зæгъын, Дзауы скъола сæ кадджын традицитæ кæй биноныг кæнынц æмæ сæ кæй дарддæр кæнынц, уый тыххæй. Скъолайы коллектив сæ директоримæ иумæ дарддæр дæр хъомыл кæндзысты нæ бæстæйы иузæрдиаон патриотты рæсугъд фæлтæр, кæцытæ Ирыстоны тырыса бæрзонд хæсгæйæ сæ цардвæндагыл цæудзысты æмæ хорздзинæдтыл ног æнтыстытæ æфтаудзысты. Бар мын радтут, æмæ уын хицауады уæнгтæй се ‘ппæты номæй стыр бузныг зæгъон уæ куысты æмæ архайды тыххæй. Махæн æхсызгон у хъусын уе ‘нтыстытæ. Юбилеймæ æнæ лæварæй нæ фæцæуынц, æмæ уын лæвар кæнæм компьютер. Фæрнæй йыл ахуыр кæнут æмæ ноджыдæр арфæгонд ут уæ бæрæгбоны сæраппонд», – загъта Хъуылымбегты Доменти. Республикæйы Парламенты сæрдар Бибылты Анатоли дæр зæрдæбын арфæ ракодта юбиляртæн сæ бæрæгбоны цы-тæн æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ сæ профессионалон куысты.

«Уæ юбилейы цытæн мах дæр бацархайдтам, цæмæй уын балæвар кæнæм, уæ ахуыры хъуыддаджы уын ахъаз чи фæуыдзæн, ахæм лæвар. Цалдæр боны æмгъуыдмæ уын æвæрд æрцæудзæн, химийы кабинетæн цыдæриддæр ифтонггæрзтæ хъæуы, уый. Уыдон сты æлхæд, æмæ сæ рæхджы æрбаласдзысты скъоламæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир дæр банысан кодта скъолайы ахуыргæнджыты иузæрдиаон æмæ æнувыд куыст. Ирыстоны хорз фæсивæды хъомылгæнджытæ кæй сты æмæ сын кæй дæттынц хорз зонындзинæдтæ, уый. Стыр бузныг загъта æппæт уазджытæн дæр Тыбылты Леониды сæргълæудæй, æмæ йе ‘ргом аздæхта скъолайы ветерантæм.

«Сымах хуызæн ахуыргæнджытæ Ирыстоны куы кусой, уæд Ирыстонæн сæфæн нæй. Нæ разы бадут сымах, нæ адджын ахуыргæнджытæ, æмæ уын мæ сæрæй ныллæг кувын, бирæ азты дæргъы педагогон куыст кæй фæкодтат æмæ Ирыстонæн аккаг хъæбултæ кæй хъомыл кодтат, рухс фидæнмæ сын фæндæгтæ амонгæйæ», – банысан кодта Чилæхсаты Владимир.

РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Дзауы скъолайы раздæры рауагъдон Джиоты Мурат та адæмы зæрдыл æрлæууын кодта скъолайы историйæ цалдæр цауы. «Абон стыр бæрæгбон у Дзауы районы, æмæ уе ‘ппæт дæр арфæгонд ут стыр Хуыцауæй. 170 азы стыр нымæц у. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъола дæр рацыдис уæрæх æмæ вазыгджын фæндæгтыл. Æз хорз хъуыды кæнын 6-æм къласы куы ахуыр кодтон, уæд кæй нысан кодтам скъолайы 125 азы юбилейы бæрæгбон, уый.

Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ скъола бакæныны размæ Хуссар Ирыстоны кæй уыд ахуырдзинад чи парахат кодта, ахæмтæ. Кæуылты у Æгъуызаты Иуанейæн йæ ном. Йæ дыууæ æфсымæры дæр уыдысты сауджынтæ, бакодтой иу ахуыргæнæндæттæ. Фæлæ фыццаг паддзахадон скъола бакодтой Дзауы 1846 азы. Бакодта йæ дзæнæттаг Цоциты Тома. Ацы ном хъуамæ иууылдæр хъуыды кæнæм, уымæн æмæ уый уыд фыццаг профессионалон ахуыргæнæг. Дыккаг скъола та баконд æрцыд Кърозы хъæуы æмæ æртыккаг та – Ручъы.

Æз мæ ахуыргæнджыты куы фенын, уæд сæ разы мæхи хатын куыд ахуыргæнинаг, афтæ. Мæ рæстæджы ахуыргæнджытæ афтæ ахуыр кодтой: ахуыргæнæджы куы федтаис, уæд ын хъуамæ æнæ-мæнг сæркъулæй салам радтаис. Бафæлвæрдтаис ма, æмæ дæ худ ма систаис, кæддæр куыд æфхæрд баййæфтаис.

Уыцы фæлтæры адæмæй мæ фæнды цалдæры ном ссарын. Иууылдæр сæ зонут уæхæдæг. Дзауы районы сæ нæмттæ баззадысты цæрæнбонтæм: Тедеты Иосиф, Бежанты Сардо, Санахъоты Фрузæ, Цхуырбаты Александр, Цхуырбаты Граф æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон се ‘ппæт дæр ахæм кадджын ахуыргæнджытæ уыдысты, æмæ-иу сын Дзауы хистæр лæгтæ дæр дардæй лæвæрдтой салам. Уыдонæй бирæтæ хæцыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, æмæ уыцы дудгæбæттæ бавзаргæйæ, уæддæр сывæллæттимæ кодтой удуæлдай куыст. Мах уæд уыдæттыл нæ хъуыды кодтам, зæгъгæ, ахуыргæнæг хæствæллад у. Сывæллон кæддæриддæр галиу вæййы, къæбæда дæр кодтам. Абоны онг дæр уырыссаг литературæйæ исты куы фæкæсын, уæдæй кæсгæ мæ цæсытæтæй кæнын æмæ хъусгæ та – Светланæ Георгийы чызджы хъæлæсæй. Афтæ мын бауарзын кодта уырыссаг литературæ, æмæ йæ ныхас абон дæр мæ хъустыл фæуайы. Уый та нысан кæны, кæй уыдысты хорз ахуыргæнджытæ æмæ кæй сæххæст кодтой сæ адæймагон хæс», – ра-дзырдта Джиоты Мурат.

Скъолайы хорз традицитæ æмæ царды тыххæй ма сæ мысинæгтæ дзырдтой мадзалы æндæр уазджытæ, Дзауы скъолайы кæддæры рауагъдонтæ. Уыдон арфæ кодтой, абон дзы чи кусы æмæ дзы ахуыр кæны, æппæт уыдонæн.

Юбилейон мадзал адарддæр кодтой Дзауы районы скъолайы кафт æмæ зарды сфæлдыстадон коллективтæ. Афтæ ахицæн скъолайы юбилейон бæрæгбон.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.