Паддзахы хицауады нӕ фӕндыд, цӕмӕй хӕххон адӕмтӕм уыдаид ахуырдзинад. Фӕзындаид сӕм сӕхи раззагон интеллигенци. Уымӕн ӕмӕ талынг ӕмӕ фӕстӕзад адӕмӕн ӕнцондӕр у къухдариуӕг кӕнӕн. Фӕлӕ сӕ аннӕмӕй та хъуыд цӕмӕй се ‘хсӕн уыдаид, кӕсын, фыссынмӕ чи арӕхстаид, ахӕмтӕ дæр. Ома, бынаты сӕхи урӕд лӕгтӕ. Кавказы ӕндӕр адӕмтау, ирӕттӕм дӕр тынг цъус уыд ахуыр адӕм. Революцийы агъоммӕ алы сӕдӕ иронæй йӕ къух ӕрфыссын зыдтой æрмæстдæр фондз-ӕхсӕз адӕймаджы. Куыд ӕндӕр рӕтты, афтӕ Ирыстонмӕ дӕр ахуырдзинад ӕрбацыд чырыстон динимӕ иумӕ. Фыццаг рухстауджытӕ уыдысты дины кусджытӕ. Ӕмӕ кӕд ирон адӕмы фыдӕлтӕ чырыстон дин сӕдӕгай азты размӕ райстой, уӕддӕр йӕ ӕндӕвдад XVII-XIII ӕнусты уыд лӕмӕгъ. Уымӕ гӕсгӕ паддзахы хицауад алы амӕлттӕй дæр архайдта адӕмы хсӕн чырыстон дин апарахат, ныббиноныг кӕныныл. Уӕды рӕстӕджы ахуыргӕнӕн чингуытӕ уыдысты гуырдзиаг æвзагыл фыст.

XVIII ӕнусы Уӕрӕсе Ирыстонмӕ аздӕхта фылдӕр хъусдард. Уый сӕйраджыдӕр цымыдис кодта уымӕн йӕ ӕрдзон хъӕздыгдзинӕдтӕм. Чырыстон дин рапарахат кӕныны тыххӕй 1743 азы арӕзт ӕрцыд Ирон духовон къамис. Уымӕн йӕ бынат фыццаг уыд Хъызлары, стӕй йӕ рахастой Мӕздӕгмӕ. Фыццаг къамисы сӕргъ лӕууыдысты архимандриттӕ Пахоми ӕмӕ Порфири, фӕстӕдӕр та Афанаси Лебедев. Цӕмӕй чырыстон дин ӕнтысгӕйӕ биноныг цыдаид, уый тыххӕй ирӕттӕн сӕхицӕй хъуамӕ бацӕттӕ кодтаиккой дины кусджыты. 1764 Мӕздӕджы баконд ӕрцыд ахӕм ирон скъола. Ӕнӕмӕнг хъуыд ирон фыссынад саразын дӕр. Уыцы хъуыддагӕн бындурӕвӕрӕг уыд епископ Гайоз. Ирон фыссынады бындурӕн уый райста аргъуанон-славянаг дамгъуат ӕмӕ сауджын Павел Генцауровимӕ иумӕ сарӕзтой ирон дамгъуат. Уыдон ма ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой «Дины чингуытӕ ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыцы адӕймӕгты райдиан ахуыргӕнӕн чиныг» дӕр. (Уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл рауагъд ӕрцыдысты Мӕс-куыйы 1798 азы).

Нӕ фыдӕлтӕ хорз ӕмбӕрстой ахуыры стыр нысаниуӕг ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй сын хицауад сӕ сывӕллӕттӕн бакодтаид скъолатӕ. Нар ӕмӕ Захъ-хъайы кӕмтты цӕрджыты куырдиатмӕ гӕсгӕ ацы хъуыддаджы тыххӕй зынгӕ рухстауӕг Ӕгъуызаты Иуане бахатыд хицӕуттӕм ӕмӕ сӕм уыдон Мӕздӕгӕй сӕрвыстой сауджыны. Ирон къамисы хъӕппӕрисӕй чырыстон дин, ӕмӕ уыимӕ ахуырдзинад парахат кодта Ирыстоны хуссар хайы дӕр. XIX-ӕм ӕнусы 20-ӕм азты Иуане сарӕзта ӕмӕ мыхуыры рауагъта ирон дамгъуат. Бацӕттӕ ма кодта дины цыбыр истори ка-техизисимӕ, аргъуаны чиныг ӕмӕ евангели. Уый йӕхӕдӕг зылд ирон хъӕутыл, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодта йе ‘мтуг адӕмӕн.

Афтӕмӕй ирон адӕмы ‘хсӕн цадӕг-гай фылдӕр кодтой, ахуырдзинад кӕмӕ уыд, ахӕм адӕм. Цӕвиттон 1826 азы ирон дамгъуатӕй ахуыр кодтой: Бехъмары зылдӕй 3 лӕппуйы, Чеселты зылдӕй-4, Дзауы зылдӕй-2 ӕмӕ Калачы (Едысы хъӕу) зылдӕй та 1 лӕппу. Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг цъус уыд. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, дуджы уавӕртӕ ӕндӕр нӕ амыдтой. Уыцы рӕстӕджы кӕсын-фыссын чи зыдта, уымӕн стыр ном уыдис. Нымадтой йӕ ӕвзӕрст лӕгыл. Ахуыры сӕйраг нысан уыд абетӕ  сахуыр кæнын ӕмӕ сæрибарæй кӕсын фыссын базонын. Уымӕй дарддӕр уыдонӕй дины кусджытӕ бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй парахат кодтаиккой чырыстон дин ӕмӕ Хуыцауӕн куывтаиккой ирон ӕвзагыл. Ирӕттӕ ахуырмӕ тынг кӕй тырныдтой, уымӕ гӕсгӕ 1837 азы Гуырдзыстоны Экзарх Синодӕн фехъусынчындæуыд, зӕгъгӕ, хорз уаид ӕмӕ Дзауы хъӕуы баконд куы ӕрцӕуид скъола. Бӕстон бӕрӕг нӕу, цы аххосӕгтӕм гӕсгӕ, фӕлӕ Хуссар Ирыстоны фыццаг адӕмон скъола баконд ӕрцыд ӕрмӕстӕр 1847 азы. Райдианы дзы ахуыр кодта 12 ахуырдзауы. Уымӕй 6 азы фӕстӕ ахӕм скъола байтом Чеселты зылды, 1855 азы – Ручъы хъӕуы ӕмӕ1859 азы та Ортъеуы хъӕуы. Уымӕн йӕ байгом кӕныныл тынг бацархайдта бынӕттон цӕрӕг Цоциты Фома. Уый уыд йӕ фыццаг ахуыргӕнӕг дӕр. Скъола райдайæны уæвынад кодта йӕхи хӕдзары, йӕхи хардзӕй дардта ахуыргӕнинӕгты дæр. Зылдис комбӕсты ӕмӕ ӕмбырд кодта зӕрдӕргъӕвд сывӕллӕтты. Бирӕ сты уымӕн йӕ лӕггӕдтæ комбӕсты адӕмы раз. Уый барджынӕй нымад цӕуы Хуссар Ирыстоны адӕмон ахуырады бындурӕвӕрджытӕй сӕ иуыл.

1866 азы Хуссар Ирыстоны уыд ӕдӕппӕтæй 10 райдиан скъолайы. Уыдон се ппӕт дӕр уыдысты аргъуанон-приходон скъолатӕ. 1840-ӕм азмӕ ирон ӕвзагыл ахуыр цыд гуырдзиаг алфавиты бындурыл Иуане Ялгъузидзейы саразгӕ дамгъуатмӕ гӕсгӕ. 1844 азы академик Шегрен уырыссаг алфавиты бындурыл бакуыста ирон алфавит ӕмӕ сарӕзта фыццаг ирон грамматикӕ дӕр.

Уыцы рӕстӕджы ахуырады министрады дӕлбар цы райдиан скъолатӕ уыд, уыдонӕй аргъуаны скъолатӕй бынтондӕр ницӕмӕй хицӕн кодтой. XIX-ӕм ӕнусы кӕронмӕ ахӕм скъолатӕ уыд Едысы, Зары ӕмӕ Цъунары. 1916 азмӕ та сӕ нымӕц фӕфылдӕр ӕртыны онг. Фӕлӕ уӕддӕр уый уыдис тынг цъус. Уымӕйдӕр нӕм нӕ уыдис иунӕг астӕуккаг скъола дӕр. Гъе, фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ райдиан скъолатӕ тынг кӕй фӕахъаз сты нӕ адӕмы размӕцыды хъуыддагӕн. Нӕ фӕсивӕдӕй бирӕтӕ афтыдысты ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ ахуыр адарддӕр кодтой. Рацыд сӕ разагъды лӕгтӕ. Скъолатӕ тынг фӕахъаз сты нӕ адӕмы культурон-рухсадон царды дарддӕры рӕзтӕн. Ирон адӕм мыхуыры фӕрцы кӕд ӕххӕстӕй нӕ, уӕддӕр зонгӕ кодтой дунейы ӕрцӕугӕ хабӕрттимӕ, литературӕйы хъӕздыгдзинӕдтимӕ, уӕды рӕстӕджы раззагон идеятӕ ӕмӕ хъуыдытимӕ. Адӕм ахуыры фӕрцы цадӕггай тырныдтой рухс цардмӕ.

Ахӕм у цыбыртӕй Хуссар Ирыстоны рухсады истори. Йӕ иууыл бӕрзонддӕр къӕпхӕнмӕ уый ӕрмӕстдӕр Советон хицауады рӕстӕджы схызт. Йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй йын хайджын фестӕм мах дӕр. Бирӕ хӕрзтӕ ӕрхаста уый кӕддӕры талынг, ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст адӕмӕн ӕмӕ уый рох кӕнын нӕ хъӕуы.

Бацӕттӕ йӕ кодта

ЛОХТЫ Джамбулат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.