Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины барамындæй Марат Кулахметов нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæварæй. Ацы барамынд мыхуыр æрцыд 23 майы барадон информацийы официалон интернет-порталы.

Æндæр барамындæй Владимир Путин уыцы бынатæй ссæрибар кодта Къарджиаты Эльбрусы.

Бæрæг куыд у, афтæмæй инæлар-майор Марат Кулахметов 2004-2008 азты командæ кодта гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы сабырад бахъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл. 2011 азæй та куыста Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæгæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.