18 сентябры Хуссар Ирыстоны территорийыл уагъд цæудзысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ VII-æм æрсидты æвзæрстытæ. Нæ æмбæстæгтæ цы документтæм гæсгæ цæудзысты æвзæрстытæм, уый æмæ æндæр фарстаты фæдыл “Спутник”-ы пресс-центры информацион фæрæзтæн лæмбынæг радзырдта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады консул Цидаев Сослан.

Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн фадат уыдзæн хъæлæс кæнынæн 12 æвзарæн фадыджы. Уыдон байгом уыдзысты райсомæй аст сахатыл: дыууæ  4-æм æфсæддон базæйы территорийыл, дæс та – горæт Цхинвал æмæ республикæйы алы районты.

Сослан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, цæрджыты нымæцмæ гæсгæ æмæ æндæр фæсарæйнаг бæстæтæм абаргæйæ, байгом уыдзæн иууыл фылдæр æвзарæн фадгуытæ.

«Æвзæрстыты хайад райсын сæ бон суыдзæн Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, кæцытæ сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ дæр. 18 сентябры æмбæстæгтæн сæ бон у æмæ æвзæрстыты хайад райсой кæцыфæнды æвзарæн фадыджы дæр. Гоймаг бæлвырдгæнæн документ, Уæрæсейы æмбæстагдзинад бæлвырдгæнæн паспорты руаджы алы æмбæстагæн дæр фадат ис, кæцы фæнды парти æмæ депутаттæм кандидаттæн схъæлæс кæнынæн.

Консул бамбарын кодта Хуссар Ирыстоны Фæсбайкалы Читайы зылдмæ цæмæн бахастой, уый. Иумандатон зылдты схемæ фидар æрцыд ивгъуыд аз ноябры мæйы дæс азы æмгъуыдмæ. Уæрæсейы алы регионы цæрджыты нымæц алыгъуызон кæй у, уымæ гæсгæ иуæй-иу рæтты æвзарджыты нымæц хъæуæг 488 минæй у бæрæг къаддæр. Ахæм зылдтæм æрфыстой фæсарæнты цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты.

«Æвзæрстыты пайдагæнæн ис куыд УФ-йы иумиагæмбæстагон паспорт, афтæ УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кæнæ Уæрæсейы минæварад цы паспорттæ радта, уыдонæй. Æвзарæгæн йæ бон у æмæ æвзарæн фадыджы бавдиса 1974 азы ССРЦ-йы хуызæджы паспорт, кæд æмæ дзы ис УФ-йы æмбæстагдзинад æвдисæн бафтауæн. Уымæй дарддæр ма консул куыд загъта, афтæмæй хъæлæс кæныны бар ис, йæ архайды рæстæг кæмæн аивгъуыдта, ахæм документæй, уымæн æмæ уыцы æмбæстаг уæрæсейаг æмбæстагдзинадæй иуварс нæу.

«Политикон партитæ æмæ депутаттæм кандидатты фæдыл æппæт информаци ауыгъд уыдзæн сæрмагонд стендтыл, УФ-йы Централон æвзарæн къамисы сайтыл. Гæнæ ис, æмæ читайаг кандидаттæй исчи фæндон равдиса æмæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæуа, фæлæ нæм ахæм информаци нырма нæй. Уымæй дарддæр абоны онг иу политикон парти кæнæ кандидат дæр нæ фехъусын кодтой Хуссар Ирыстонмæ сæ хъусдарджыты æрæрвитыны тыххæй. Фæлæ уый æппындæр нæ бандавдзæн хъæлæс дæттыны легитимондзинадыл.

«Æвзæрстытæ организаци кæныны хъуыддаджы стыр æххуыс кæнынц бынæттон органтæ. Æвзарæн фадгуыты æдасдзинадæн дзуапп дæтдзысты Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ. Æвзæрстыты размæ бон алы фадгуытæ дæр цæудзысты басгæрст, хъахъхъæд цæудзысты æмæ афтæмæй лæвæрд æрцæудзысты фадыгон æвзарæн къамистæм», – загъта консул.

Æвзæрстыты сорганизаци кæныныл архайдзæн 120 адæймаджы. Республикæмæ æдæппæтæй æрбаластой 20,5 мин бюллетены.

Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ цæудзысты хæццæ æвзарæн системæмæ гæсгæ – 225 депутаты æвзæрст цæудзысты федералон номхыгъдтæм гæсгæ, 225 депутаты та – иумандатон номхыгъдтæм гæсгæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.