Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты хъæппæрисæй Æхсæнадæмон пресс-центры ауагъдæуыд тымбыл фынг Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасанимæ.

Райдианы Джиголаты Хасан бузныг загъта информацион фæрæзты минæвæрттæн, æхсæнадимæ æргом ныхасы фадат ын кæй радтой, уый тыххæй.

Уый фæстæ æрдзырдта йæ комитеты иумæйаг куыстыл æмæ уавæртыл.

Уый куыд загъта, афтæмæй Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты дæлбар ис 4  паддзахадон унитарон куыстуаты: постон-телеграфон службæ – дзуапп дæтты прессæ парахаткæнын, фыстæджытæ бынатмæ фæхæццæ кæнын æмæ пенситæ æмæ æххуысы фæрæзтæ бынатмæ хæссынæн; Теле æмæ радио хаххы куыстуат, лæггад кæнынц телеканал «Ир»-æн æмæ дзуапп дæттынц республикæйы территорийыл Уæрæсейы телеканалтæ цæмæй æвдисой; паддзахадон унитарон куыстуат «Телекоммуникацион службæ» æмæ «Электробастдзинад» – цæрджыты ифтонг кæны телефонон бастдзинад æмæ Интернетæй æмæ “Строй Инвест” та архайы бастдзинады хæххытæ цалцæг кæныныл.

Бастдзинады комитеты сæргълæууæг æрдзырдта, ацы цыппар паддзахадон унитарон куыстуаты абон цы уавæрты кусынц, ууыл. Афтæ ма æрдзырдта ныры дуджы вазыгджын цы бастдзинады къабаз у, уымæн хæст æмæ йæ фæстиуджытæ цы стыр зиан æрхастой, ууыл.

«Абон республикæйæн нæй сæрмагонд каналты бастдзинад, зæрдæ нæ рухс кæны глобалон интернеты бастдзинадæй. Нæй районтæм æмæ дæрддзæф хъæутæм бастдзинады хæххытæ. Районты цæрджытæ нæ пайда кæнынц универсалон лæггæдты бастдзинадæй. Æмткæй ныппырх бастдзинады инфраструктурæ», – зæгъы Джиголайы фырт.

Уый  куыд банысан кодта, афтæмæй 2010 азæй нырмæ Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитетмæ нæ цæуы æмбæлон хъусдард, кæд æмæ 2009-10 азтæм  Республикæйы комплексон арæзтадмæ хаст уыд, цæмæй бастдзинады инфраструктурæ æмткæй æндидзыд æрцæуа, уæддæр. Финансон фæрæзтæ хицæн æрцыд æрмæстдæр Уæрæсейы сотон операторæн 2009-10 азты компенсаци бафидыны тыххæй. 2011 азы комитетæн хъуамæ хицæн æрцыдаид финанстæ мидæггагон хызæгтæ æмæ сæрмагонд передатчикты тыххæй, фæлæ цæмæдæр гæсгæ уыцы æхцайы фæрæзтæ нал рахицæнчындæуыд. Уыцы процесстæ кæй бакъуылымпы сты, уый аххосæй, уæдмæ цы куыстытæ бакодтой, уыдон дæр æдзæл-лаг уагмæ æрцыдысты.

Джиголаты Хасан куыд загъта, афтæмæй стационарон телефонтæй чи пайда кодта, уыдон нымæц уыд 7 мин абоненты, абон ма æгас республикæйы уыдон нымæц у æрмæстдæр 900 абоненты. Кæд æмæ нæ АТС-æн йæ бон у 7 мин абонентæн лæггад кæнын, уæддæр.

Пресс-конференцийы рæстæджы комитеты сæргълæууæг æрдзырдта, нæ дуджы бастдзинадæн кæй ис стратегион нысаниуæг, уый баст у æдасдзинад, хъахъхъæнынад æмæ экономикæйы райрæзты фарстатимæ. Æнæинформацион технологиты хызæгæй царды иу фадыгмæ дæр бавналæн нæй. Уымæй дарддæр ма бастдзинады фæрцы республикæйы бюджетмæ цæудзæнис реалон æфтиæгтæ. Ныртæккæ республикæйы цы бастдзинады хахх ис, уый хæссы бирæ æфтиаг, фæлæ уыдон нæ цæуынц республикæйы бюджетмæ.

Зæгъæм, æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-æн нæ республикæйы территорийыл цы абоненттæ ис, уыдонæй æрвылаз дæр 450 милуан сомы бæрц æфтиаг исы «Мегафон». Уыдонæй республикæйы бюджетмæ бацæуы 84 милуан сомы» – зæгъы Джиголаты Хасан.

Уый фæстæ Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты сæрдар дзуапп радта журналистты фарстæн. Журналистты цымыдис кодта, ног мобилон оператор конкуренци кæндзæн æви нæ «Остелеком»-æн?

Джиголаты Хасаны ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд мобилон оператор Теле-2, кæцы Уæрæсейы у хъуыстгонд йæ аслам абонентон фиддонтæй, цæттæ у республикæйы йæ куыстмæ æрæвналынмæ. «Ифтонггæрзтæ ныридæгæн  цæттæ сты, операторы 25 проценты сты хицауады къухы, фæлæ нырма æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæй не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ операторæн нæй фадат Хуссар Ирыстоны æххæстæй кусын» – зæгъы комитеты сæргълæууæг.

Уымæй дарддæр ма Джиголаты Хасан загъта, æрæджы нæ хицауады уæнгтæн фембæлд кæй уыд ныртæккæ Хуссар Ирыстоны цы оператор архайы, уыцы Директорты Советы скондимæ. «Остелеком» цæттæ у, иуæй-иу фадыджы йæ аргъон политикæ рацаразынмæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма лæвæрд æрцыд ахæм фарст, ома, кæд рахиздзыстæм нымæцон æрвгъуыз тыгъдадмæ. «Телеуынынады нымæцон тыгъдадмæ рахизыны фарстатæ баст сты къорд проблемæтыл, комкоммæ зæгъгæйæ та хъуамæ æлхæд æрцæуой зынаргъ ифтонг-гæрзтæ. Зæгъæм, нымæцон ретранслятор сæвæрынæн, кæцы æххæсдзæн æрмæст нæ республикæйы столицæйыл, хъæуы 25 милуан сомы».

Кæронбæттæны уый банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы районтæ æмæ горæты телефидиуæнимæ, цæмæй проблемæтæ ма æвзæра, уый тыххæй Хуссар Ирыстонæн хуыздæр уаид аналогон формæты цæуын эфиры.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.