Хæсты, куысты, Гарзджын тыхты æмæ барадхъахъхъæнæг органты Хуссар Ирыстоны Ветеранты совет рахæцыд Президент Тыбылты Леониды фæндоны æвварс æвзæрстыты дыккаг æмгъуыдмæ йæ кандидатурæ раразмæ кæныны тыххæй. ИА «Рес»-æн советы сæрдар Бесаты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй 1 декабры президиумы рабадты Ветеранты совет рахæцыд Президент Тыбылты Леониды фæндоны æвварс æвзæрстыты дыккаг æмгъуыды хайад исыны тыххæй.

«РХИ-йы Президентæй кусыны рæстæджы Леонид Харитоны фыртæн бирæ бантыст саразын республикæйы æнцойдзинад æмæ стабилондзинад æрфидар кæныны, мах иууылдæр æвдисæнтæ стæм, рæстæгыл уымæн йæ бон кæй бацис конфликтон ситуацитæ æрнымæг кæнын æмæ æхсæнады сконсолидаци кæнын», – загъта Бесайы фырт.

Президиумы рабадты ветерантæ нысан кодтой, нæ æхсæнады цардархайды æппæт къабæзты дæр зынгæ позитивон къахдзæфтæ арæзт кæй æрцыдысты.

«Нæ республикæ ивы йæ хуыз  арæзт цæуынц фæндæгтæ, хидтæ, цæрæн хæдзæрттæ, эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд Национ музейы бæстыхай, арæзт фæуд кæнынц Паддзахадон драмон театры бæстыхай, сывæллæтты рынчындоны ног корпус, арæзт цæуы университеты ног корпус, Цхинвалы горæты æмæ республикæйы районты арæзт æрцыдысты æмæ эксплуатацимæ радтой ног скъолатæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæттæ, зынгæ æххуыс цæуы Ленингоры район æмæ горæт Къуайсайæн, нæ цæстыты раз рæсугъд кæны республикæйы столицæ –  горæт Цхинвал, – загъта ИА «Рес»-ы уацхæссæгæн Бесаты Вячеслав рабадты фæстæ. Зынгæ æнтыстытæ ис республикæйы культурон царды. Куыд хистæр кары, афтæ сывæллæтты сфæлдыстадон коллективтæ дæр хайад райсынц дунеон конкурсты æмæ скад кæнынц нæ республикæйæн, призон бынæттæ бацахсгæйæ. Æмбæлон æмвæзадыл ис æддагон политикæ дæр. 2015 азы 18 марты РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдыл, дыууæ бæстæйы Президентты ‘хсæн ноджы фæхуыздæр кæрæдзиæмбарынад æмæ уый та фадат радта нæ республикæйæн, цæмæй рæза сабырадон уавæрты. Æппæт уыдæттæ махæн фадат дæттынц, цæмæй зæгъæм, Леонид Харитоны фыртæн æппæт бындуртæ дæр кæй ис йæ конституцион барæй спайда кæнынæн æмæ Президентон æвзæрстыты дыккаг æмгъуыдмæ йæ кандидатурæ раразмæ кæнынæн, цæмæй республикæйы сæргъ слæууа радон фондз азы».

Фыссæг, ветеран Харебаты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, фондз азы размæ уый уыд президенты бынатмæ Тыбылты Леониды кандидатурæ раразмæ кæныны инициатортæй сæ иу æмæ, зæгъгæ, абон мæнæн мæ бон у зæгъын, кæй нæ фæрæдыдтæн.

«Æз райгонд дæн Президенты фæндонæй, дыккаг æмгъуыдмæ кæй цæуы, уый тыххæй. Иунæг фæндиаг мæм ис, цæмæй уый фылдæр хъусдард здаха Фысджыты æмæ Нывгæнджыты цæдистæм», – банысан кодта уый.

Цхинвалы районы Ветеранты советы сæрдар Гуыззыдтаты А. фембæлды загъта, зæгъгæ, æз дæр райгонд дæн Президенты фæндоныл, дыккаг æмгъуыдмæ кæй цæуы, уый тыххæй. Æмæ йын йæ цæст бауарзта, цæмæй республикæйы фæхуыздæр кæной куыст ветеранты санаторитæ æмæ курорттæм хос кæнынмæ æрвитыны фæдыл.

Ленингоры районы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Дриаты Р. банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы разамынады руаджы, йæ сæргъ Леонид Харитоны фырт, афтæмæй скъуыддзаг цæуынц районы проблемæтæ донифтонгады фæдыл, арæзт цæуынц фæндæгтæ, хæрзарæзт цæуы Ленингоры поселок.

Зæрдыл лæууын кæнæм, РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид РЦИ-Алани, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдон организацитимæ фембæлды фехъусын кодта, кæй аскъуыддзаг кодта дыккаг президентон æмгъуыды хайад райсын.

«Фæстаг фондз азы дæргъы мах цы куыст æххæст кодтам, уый республикæйы разамынадæн, йæ сæргъ архайæг Президент афтæмæй, фадат дæдты 2017 азы президентон æвзæрстыты хайад райсынæн. Мах ацы æвзæрстытæм цæуæм ныфсджынæй, уымæн æмæ махмæ ис, цы зæгъæм, уый, æмæ мæ ныфс ис, мæ алыварс чи сты, уыцы фæсивæд ацы хъуыддаджы ме ‘вварс кæй рахæцдзысты», – загъта фембæлды рæстæджы Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.