Куыд уæрæсейæгтæ, афтæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр Уæрæсейы бон  нымайынц бæрæгбоныл, уымæн æмæ дыууæ адæмты ‘хсæн хæлардзинады тæгтæ раджы сфидар сты.  Иугонд Ирыстон Уæрæсейы скондмæ куы бацыд  уæдæй фæстæмæ кæрæдзийыл гадзрахатæй никуы рацыдысты. Стыр Уæрæсе иу æнусы дæргъы Гуырдзыстоны ‘рдыгæй хуссарирыстойнаг адæмы цалдæр хатты бахызта æцæг геноцидæй 1920 азтæй райдайгæйæ. Абон хуссарирыстойнаг адæм сæ цард нæ уынынц æнæ Уæрæсейæ, ирон адæм Уæрæсеимæ цæрынц иу хъысмæтæй. Ирон сабийæн йæ чысылæй фæстæмæ йæ сæрызонды ныффидар вæййы иу хъуыды – æнæ Уæрæсе ирон адæмæн цард нæй æмæ Уæрæсейы фæнымайы йæ дыккаг райгуырæн бæстæйыл. Иуныхасæй, нæ цард æнгом тæгтæй баст у æфсымæрон Уæрæсеимæ. Абон кæд цæрын фæразæм, абон кæд нæ сывæллæттæ  – Ирыстоны фидæн цæрынц  сабыр арвы бын, нал хъусынц знаджы алыгъуызон хæцæгæрзты богъ-богъмæ, уæд уый у Стыр Уæрæсейы руаджы. Ирон адæм никуы дих кодтой æмæ дих кæндзысты Уæрæсе æмæ Ирыстоны. Никуы дæр ын йе стыр лæггæдтæ ферох кæндзысты.

Советон Цæдисы ныппырхимæ хуссарирыстойнаг адæмы цард зындон  куы фестад, æхсæвæй бонæй нæм балбирæгътау гуырдзиаг фашисттæ алырдыгæй куы лæбурдтой, уæд дæр нæм фыццаг йе ‘ххуысы къух Уæрæсе фæдаргъ кодта. 1992 азы 14-æм июлы уæрæсейаг фидауынгæнджытæ æрбахастой сабырад хæстæфхæрд Хуссар Ирыстоны зæххмæ.  Уыцы бонæй фæстæмæ цалдæр азы дæргъы Ирыстоны зæххыл уыд сабырад кæд сæртæг сабырад уыд, уæддæр. 2004 азы августы мæйы дæр уавæр тынг куы скарз, уæд дæр гуырдзиаг фашистты Уæрæсе фæсырдта Хуссар Ирыстоны зæххæй.

2008 азы августы тугуарæн хæсты дæр фыццаг цæф уæрæсейаг фидауынгæнджытæ райстой сæхимæ. Уыдонæй бирæтæ се нусон бынат ссардтой Ирыстоны зæххыл, нæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ сæ сæртæ нывондæн æрхæсгæйæ. 2008 азы августы Стыр Уæрæсе бахъахъхъæдта  Хуссар Ирыстоны, номхуындæй, йæ уый стыдта гуырдзиаг лæгхорты тугæйдзаг дзæмбытæй æмæ ирон адæмы бахызта бынтон скуынæг кæнынæй. Уæрæсе, ды нын балæвар кодтай рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм æмæ бæллыдыстæм, уыцы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, кæцымæ хуссарирыстойнаг адæм бæллыдысты æмæ тырныдтой дæргъвæтин ссæдз азы дæргъы сæ хуыздæр фыртты æмæ чызджыты сафгæйæ.

Мах нæ сæртæй ныллæг кувæм уæрæсейаг фидауынгæнджыты мысынады раз, кæцытæ цалдæр сахаты дæргъы сæхи цардыл нæ хъуыдыкæнгæйæ удуæлдай тох кодтой фыдзнаджы ныхмæ. Нæ сæртæй ныллæг кувæм ирон æмæ уæрæсейаг мæдты раз, кæцытæ схъомыл кодтой ахæм хъæбатыр фыртты – æцæг нæлгоймæгты. Æнусон кад уæрæсейаг æмæ ирыстойнаг лæппутæн, кæцытæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой Ирыстоны æмæ Уæрæсейы фидæны тыххæй. Нæ чысыл горæты алы кæрдæг, алы чысыл дур дæр у ирон тугæй ахуырст. Æгæр стыр аргъ бафыстой ирон адæм сæ сæрибардзинады тыххæй, æмæ нын уымæ гæсгæ уæлдай зынаргъдæр у нæ хæдбардзинад.

2008 азы августы тугуарæн хæсты фæстæ адæм ныккæндтæй куы рахызтысты, уæд сæ цæстытыл нæ баууæндыдысты, нæ чысыл, нæ рæсугъд уарзон Цхинвал иууылæр уыд алыгъуызон пырхæнты бын.

Фæлæ, абон Стыр Уæрæсейы руа-джы нæ горæт бонæй бонмæ ивы йæ хуыз. Цхинвалы уынгтæ æндидзыд цæуынц, стыр къахдзæфтæй размæ цæуæм. Адæймаг йæ цæстытыл нæ баууæнды нæ горæты уынгты фæцæйцæугæйæ. Ау, цалдæр азы размæ дæр ма ацы уынгты къæвда бонты цъыфæй æмæ хурбонты та рыгæй ахизæнтæ куынæ уыд, уæд ныр цæхгæр куыд фæивтой сæ хуыз, фæлæ адæм сæхицæн сæрбосæй кæй равзарынц, уый йæ адæмыл куы фæтыхсы, уæд афтæ фæархайы. Æппæт уыдæттæ та Уæрæсейы æххуысы руаджы арæзт цæуынц.

Æрæджы мæ хъæбулы хъæбул, 2-æм астæуккаг скъолайы 10-æм къласы  ахуыргæнинаг Къæбулты Тамарæ ныффыста йæ хъуыдытæ Уæрæсейы тыххæй æмæ мæ бафæндыд уыдоны газеткæсджыты рæгъмæ рахæссын: «Мæ райгуырдæй фæстæмæ мын мæ ныййарджытæ, мæ нанатæ æмæ дадатæ, афтæ  мæ ахуыргæнджытæ дæр бауырнын кодтой ирон адæмæн æнæ Уæрæсе цард кæй нæй, ирон адæм æнусты дæргъы Уæрæсеимæ хæларæй кæй цæрынц, кæрæдзийы хъыджы кæй никуы бацыдысты, уый. Уымæн æвдисæн сдæн мæхæдæг дæр, куы фембаргæдæр дæн, уæд, уæлдайдæр та 2008 азы августы хæсты фæстæ. Дзæуджыхъæуæй куы æрыздæхтæн, уæд мæ уарзон Цхинвалы нал базыдтон, иууылдæр уыд пырх æмæ сыгъд. Фæлæ Уæрæсейы æххуысы руаджы нæ горæт цырд темптæй ивы йæ хуыз. Æз тынг уарзын Стыр Уæрæсейы, уымæн æмæ уый алы хатт дæр цæттæ у тыхст уавæры бахауæг адæммæ йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ. Уæрæсе, ацы хъуыддаг дæ ноджыдæр кæны номдзыддæр æмæ диссагдæр. Æз дæ тынг уарзын мæ дыккаг райгуырæн бæстæ, Уæрæсе. Ручъы тъунелыл фæнды Ирыстоны цæгатмæ, фæнды хуссармæ цæугæйæ, Кавказы хохы рагъы дыууæрдыгæй дæр æз мæхи хатын куыд мæхи хæдзары, афтæ. Стыр бузныг дын дзурын Стыр Уæрæсе, уымæн æмæ ды мæлæтæй бахызтай ирон адæмы, уыцы нымæцы мæ дыууæ нана æмæ мæ дыууæ дадайы, мæ мады æфсымæры, мæ иннæ æввахс хиуæтты, æппæт хуссарирыстойнаг адæмы, кæцытæ хæсты рæстæджы уыдысты Цхинвалы. Æцæг мæ дадатæй сæ иу – Хуриты Гивийæн нæ бантыст хæдбар Ирыстоны бирæ рацæрын, йæ радтæг Ирыстоны мæтæй йæ зæрдæмæ низ баирвæзт æмæ æнæрæстæджы йе ‘нусон бынатмæ бацыд. Фæлæ йын уæддæр бантыст хæдбар Ирыстоныл фæцин кæнын. Мæ нана Æлборты Эммæ кусы республикон соматикон рынчындоны тугтæ уадзæн хайады хистæрæй. Уый  2008 азы хæсты рæстæджы фондз боны дæргъы лæууыд йæ къæхтыл цæфтæн æххуыс кæнгæйæ йæ ацæргæ мадмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ, фондз боны дзы ницы хабар зыдта. Фæлæ уый йе стырдæр æмæ сæйрагдæр хæсыл банымадта цæф лæппутæн æххуыс кæнын. Мæ нанайы мад Хачатурова Тамара цалдæр боны иунæгæй арвыста йæ хæдзары ныккæнды, фæлæ, табу хуыцауæн, сæрæгасæй аирвæзт, кæд æм знæгтæ хæрзæввахс уыдысты æмæ сын сæ ныхас дæр хъуыста, уæддæр. Æз сæрыстыр дæн мæ нанайæ, уымæн æмæ уый бирæ баххуыс кодта цæф лæппутæн, куы-иу бахъуыд, уæд-иу сын йæхи туг дæр нæ бавгъау кодта.

Уырны мæ Уæрæсе алы хатт дæр кæй уыдзæн нæ фарсмæ. Уырны мæ, ды дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзынæ  Ирыстоны рæзгæ фæлтæрæн сæрибар бæстæйы аккаг цард сифтонг кæнынæн. Уырны мæ, нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй цы ахасджиаг хъуыддагыл архайынц, ома, Уæрæсейы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацæуыны тыххæй, уый дæр нæхи фæндиаг кæй сæххæст уыдзæн. Уырны мæ, фидæнмæ астæуккаг скъола каст куы фæуон, уæд мын уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы бынат кæй разындзæн, аккагæй мæ фидæны царды дæсныйад кæй райсдзынæн, фæстæмæ мæ Райгуырæн Цхинвалмæ кæй æрыздæхдзынæн æмæ мæ радтæг адæмæн кæй лæггад кæндзынæн, уый дæр. Хуссарирыстойнаг рауагъдонтæй алкæмæн дæр Стыр Уæрæсемæ ис уæрæх æмæ лæгъз фæндаг.

Ноджыдæр стыр бузныг,  не стыр ныфс Стыр Уæрæсе. Махæн  кæд дæ лæггæдтæ бафидын нæ бон не суа, уæддæр дыл æнувыд уыдзыстæм æмæ дыл гадзрахатæй никуы рацæудзыстæм».

Мæ хъæбулы хъæбул Уæрæсейы йæ дыккаг райгуырæн бæстæйыл кæй нымайы, æнæ Уæрæсе ирон адæмæн цард кæй нæй, уыцы хъуыддаг кæй æмбары, уый тыххæй дзы райгондæй баззадтæн. Стыр Уæрæсейы тыххæй не ‘мбæстæгтæй алчи дæр хъуамæ афтæ хъуыды кæна, алчи дæр æй хъуамæ æмбара, хур ныл цæгатæй кæй кæсы, уый…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.