Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 73 азы сæххæсты бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ сæхи цæттæ кæнынц парадмæ.

Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæ афицерты командæйы бын кусынц рæнхъон  цæттæдзинад фæхуыздæр  кæныныл, кусынц къахдзæфты синхронон æмдзыдкæныныл, афтæ ма иумиаг парадон къордты æмдзыд кæныныл.

«Ахуырты размæ уал афицертæ æфсæддон службæгæнджытæн бамбарын кодтой уыцы нысаниуæгджын бæрæгбоны ахсджиагдзинад. Банысан æрцыд, зæгъгæ, бæрзонд æмвæзадыл парад ауадзын у, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты рухс номæн цыт кæнын, уымæн æмæ уыдон сæ цард радтой 1941-1945 азты немыцаг фашизмы ныхмæ тохæн», – фехъусын кодтой пресс-службæйы.

Хæстон техникæйы хайадистæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 73 азы сæххæсты цытæн  парад уадзæн 9 майы горæт Цхинвалы. Хъахъхъæнынады министрады куыд загътой, афтæмæй Цхинвалы централон фæзуаты  рацæудзысты РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ, мидхъуыддæгты министрады службæгæнджытæ, РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрад, Уæрæсейы Æдасдзинады федералон слæжбæйы арæнхъахъхъæнæг управлени æмæ УФ Хъахъхъæнынады  4-æм гвардион æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Парады хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны æфсæддон ведомствойы æмæ Мидхъуыддæгты министрады сылгоймаг службæгæнджытæ, РХИ-йы Хъахъхъæнынады кадетты скъолайы курсанттæ. Парады æцæг фидыц уыдзысты  уыцы ахуырадон уагдоны æвзонг барабаныл цæгъдджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.