Ирон адæмы разагъта фырт Абайты Васойы райгуырдыл 120 азы сæххæсты цытæн Ирыстоны алы къуымты уагъд æрцыдысты алыгъуызон мадзæлттæ. 15-æм декабры Дзæуджыхъæуы ахуырады кусджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты уагъд æрцыд конференци: «Абайты Васо нырыккон ахуырады контексты», зæгъгæ. Мадзалы дзырдтой, Васойы гоймаг Ирыстоны ахуырады системæйы рæзтыл куыд бандвæдта, ууыл. Ирæтты мифологи æмæ æвзагзонынад сахуыр кæныны йæ æгæрон хайбавæрд у ахæм бындур, кæцыйыл рæздзысты ахуыргæнинæгты æмæ ахуыргæнджыты иннæ фæлтæртæ. Конференцийы ма дзырд цыд ирон æвзаг сахуыр  æмæ ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны нырыккон проблемæты тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд æрвылхатт, афтæ та мадзалы хайад райстой хуссарирыстойнаг ахуыргæнджытæ дæр. РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады национ ахуырады хайады хистæр Козаты Ингæ банысан кодта, зæгъгæ, коронавирусы пандемийы уавæры тыххæй конференци уагъд æрцыд дистанцион режимы. «Мах нæхи ‘рдыгæй бацархайдтам, æмæ тематикон конференцимæ нæ коллегæтæм арвыстам нæ ахуыргæнджыты раныхæсты видеоныффыст, цыран уыдон бакастысты докладтæ Абайты Васойы цардвæндаг æмæ зонадон архайды тыххæй. Докладтæ бацæттæ кодтой Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы, гимнази «Альбион»-ы æмæ Дзауы районы Хуыцъейы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ, Уалыты Зæринæ æмæ Гæззаты Залинæ. Конференцийы хатдзæгтæм гæсгæ, план цæуы брошюрæ рауадзын, цыран мыхуыр æрцæудзысты нæ ахуыргæнджытæ цы докладтæ æрбавдыстой, уыдон», – радзырдта Козаты Ингæ.

Хуссарирыстойнаг ахуыргæнджыты докладтæ уыдысты цымыдисон. Васойы цардвæндаджы æмæ зонадон архайды тыххæй зæрдыл æрлæууын кæныны тыххæй уæ цыбыртæй зонгæ кæнæм ахуыргæнджыты докладтимæ. Дыгъуызты Лианæ йæ доклад «Васо – нæ фарн æмæ кады лæг»-ы банысан кодта: «Дунесфæлдисæг æмæ хъысмæт Ирыстонæн балæвар кодтой стыр адæймаджы. Уый æппæт йе стыр курдиат снывонд кодта йæ адæмæн лæггад кæнынæн.  Абайты Васо у ирон дзырды зæрингуырд, филологон зонæдты доктор, РЦИ-Аланийы зонæдты сгуыхт архайæг, ССР Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы дыууæ хатты лаурат, Стырбритани æмæ Цæгат Ирландийы Азиаг Къоролаг æхсæнады æцæг уæнг, Хельсинкийы финаг-угораг æхсæнадон уацхæссæг, РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг. Абайы фырт у зонад нартологийы бындурæвæрджытæй иу. Дзырдты историйы фæрцы уымæн йæ къухы бафтыд, рагфыдæлты рæстæгæй фæстæмæ ирон адæмы цард æвдыст кæм цæуы, ахæм диссаджы хъæздыг ныв скæнын… Æдæппæтæй Васо ныффыста 300 зонадон куыстмæ æввахс. Уыдон хауынц зонады алыгъуызон къабæзтæм – ирон æвзаджы æмæ диалектологи, лексикографи, иумæйаг æвзагзонынад, фольклор, литературæ æмæ æнд. Васо стыр куыст бакодта лексикографийы фадыджы дæр, ома, дзырдæуттæ аразыны хъуыддаджы. Уый цы уырыссаг-ирон дзырдуат сарæзта, уымæн ис хисæрмагонд бынат. Иу æмбырды афтæ загъта: «Дзырд зынаргъ бриллианты хуызæн у. Азил æй иуырдæм, иннæрдæм æмæ фенай, дзырд дæм бриллиантау алыгъуызонæй кæй разындзæн, уый». Ацы ныхæстæ æвдисæн сты Васо дзырды диссаджы миниуджытæ куыд арф æнкъары, уымæн. Уыцы æмбарынад ирддæрæй разынд йæ «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ы. Ацы 5-томон бындурон куысты нысаниуæг хизы канд ирон æвзаджы фæлгæттæй нæ, фæлæ ирайнаг æвзагзонынады фæлгæттæй дæр. Пайда дзы кæнынц дунейы æппæт индоевропæйæгтæ дæр. Ахæм егъау куыст бакæнын æрмæстдæр искуы-иу ахуыргонды къухты бафты.

Васо дзæвгар æнусты дæргъы, кæмдæрты згæ кæуыл схæцыд, уыцы алæмæты дзырдты фæкъахта æрзæткъахæгау, æмæ сæ зæрингуырдау налхъуыт-алмасау цæхæртæ скалын кодта: фарн, æгъдау, æфсарм æмæ дзæвгар æндæр дзырдты. Рагон ирайнаг лекциты курсы, Васо, дзырд фарн-ыл дзургæйæ, æрхаста ахæм легендæ. Уыдис, зæгъгæ, адæймагады царды «сыгъзæрин дуг». Уыцы дуджы тыххæй, дам, Овидий йæ «Метаморфозæтæ»-йы фыссы: «фесæфтис иузæрдыгдзинад, рæстдзинад, фæзындис мæнггарддзинад», ома æрæлууыдис адæймагады æгъдаусæфты райдиан. Уыцы заманы, дам, рагон индиаг мифон паддзахады паддзах Чатья загъта мæнг ныхас, кæйдæр фæсайдта, æмæ, дам, фарн алыгъд… Уæдæ дзырд фарн æрмæст хорздзинæдтæ, амонд æмæ бæркад нæ нысан кæны, фæлæ ма намыс, цыт, уæздандзинад, рæстдзинад, хæлардзинад, иу ныхасæй – ирон адæмы удварн цахæм хъуамæ уа, уый. Васойы зонадон архайд уыдис рæстдзинадмæ кувæгау, рæстдзинадæй йемыдзаг, арф хъуыдыджын æмæ диссаджы алæмæты æвзагæй фæлыст, æмæ цалынмæ ирон адæм цæрой, цалыниæ ирон æвзаг уæвынад кæна, уæдмæ йын ахуыр æмæ арфдæр кæндзысты йæ зонадон хъæздыг бынтæ»… Дыгъуызты чызг йæ доклады æрдзырдта Джусойты Нафи, Гæбæраты Сослан æмæ æндæр зындгонд адæймæгтæ Васойы тыххæй цы ныхæстæ загътой, уыдоны тыххæй дæр. Абайты Васо йæхицæн сарæзта æнæмæлгæ цырт, кæронмæ амад фæцис, 20-æм азты аразын кæй райдыдта, уыцы мæсыг. Васойы сæйраг фæдзæхст уыд: Алы ирон хæдзары дæр къулыл хъуамæ уа фыст – «АМ ДЗУРЫНЦ ИРОНАУ!».

Цымыдисон уыд гимнази «Альбион»-ы  ирон æвзаджы ахуыргæнæг Уалыты Заринæйы доклад дæр.  «… 1922 азы Васо ссис Петербурджы паддзахадон университеты студент. Хæххон хъæуæй рацæугæ курдиатджын лæппу тынг зæрдæргъæвд уыд ахуырмæ, тынг арф ацныгъуылд зонадон дунейы æмæ дзы удуæлдай куысты фæрцы самадта фидар, æнæфæцудгæ мæсгуытæ. Ирон адæм сæ равзæрдмæ гæсгæ ирайнаг адæм кæй сты, фæлæ сæ Цæгат Кавказы централон хаймæ истори кæй бахаста, уыцы егъау проблемæ раиртасыныл Васо архайдта зонадон куыст куы райдыдта, суанг уæдæй фæстæмæ æмæ йæ иртасгæ дæр ракодта. Ирон адæм скифты дунейæ Кавказмæ æрхаугæйæ, бавæрдтой дыууæ æрдхæрæны стыр хæзнайы: æвзаг æмæ эпос. Васойы зынгæдæр куыстытæ «Ирон æвзаг æмæ фольклор, «Ирон æвзаджы грамматикон очерктæ», «Уырыссаг-ирон дзырдуат», «Равзаргæ куыстытæ» дыууæ томæй æмæ бирæ æндæртæ стыр бавæрд бахастой дунейы зонæдты хæзнадонмæ, нæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты та систы сæрмагонд ахуырады дисциплинæтæ… Абайты Васо уæззау куыст фæкодта дунейы зонады æмбисондæн чи баззад, уыцы æнæмæлгæ куыст «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ы фондз томыл. Ацы дзырдуатыл кусгæйæ, Васо спайда кодта 180 æвзагæй æмæ нымад цæуы Васойы историон-лексикон куыстæн йæ кады мæсыгыл», – дзырдта йæ доклад кæсгæйæ Уалыты чызг.

Доклад «Стъалы Иры кады арвыл» бакаст Хуыцъейы астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Гæззаты Зæлинæ. «Æвзаг æмæ фольклор, дин æмæ истори, монон æмæ æрмдзæф культурæ, этнографи æмæ литературæ – уыдон сты нæ адæмы цард; ды сын райхæлдтай сæ сусæгдзинæдты къуыбылой. Ды махæн дæ цырагъдар. Уæзау дуджы бацыдтæ адæмы бæрны. Нæ истори нын дардтой талынджы, ды йын байгом кодтай йæ дуæрттæ æмæ нæм кæлы æнусты рухс. Ссардтам нæ хорз фыдæлты, базыдтам нæ равзæрды уидæгтæ. Бæрзонд систай нæ адæмы намыс,  федтой нын дзыллæтæ нæ уды хæзнатæ, ды нæ скодтай сæрыстыр æмæ цардхъом. Сæфтой нын не взаг. Уæд ды сдзурын кодтай нарт æмæ скифты…

Зынаргъ Васо! Мах стæм Хуыцауæй арфæгонд адæм. 19-æм æнусы нын уыдис Къоста, 20-æм æнусы нын ис Васо. Хетæджы фырт сфæлдыста аивад. Абайы фырт -зонынад. Ды нæ Иры кад, нæ намыс», – дзырдта Гæззаты чызг.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Дзæуджыхъæуы тематикон конференцийы хайадисджытæм цымыдисдзинад кæй сæвзæрын кодтой хуссарирыстойнаг ахуыргæнджыты докладтæ. Афтæ ма зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы докладтæ хицæн брошюрæйæ мыхуыр куы æрцæуой, уæд кæй фæахъаз уыдзысты скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæн.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.