Горæт Брянскы уагъд æрцыд Уæлахиздзауты VIII-æм дунеон форум «Великая Победа, добытая единством: подвиг партизан и подпольщиков в Великой Отечественной войне», зæгъгæ, кæцы баст уыд Стыр Уæлахизы радон азимæ æмæ немыцаг-фашистон тыхæйисджытæй Брянскы зæхх ссæрибар кæныныл 75 азы сæххæсты бонимæ. Форумы куысты райдианы фæсарæйнаг бæстæтимæ æхсæнрегионалон æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл УФ-йы Президенты Администрацийы управленийы хистæр Владимир Чернов Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ, Гуырдзыстон, Латви, Литва, Эстони, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хайадисджытæ-делегаттæн бакаст Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины арфæйы фыстæг.

УФ-йы Президент йæ ныстуаны куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ зынгæ æхсæнадон архайджыты, ветеранты, зонадон æмæ экспертон зылд-ты, сфæлдыстадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæртты æрбаиу кæнгæйæ, Уæлахиздзауты форумы форматы фембæлдтытæн сæ хæс у бæрзонд мисси æххæст кæныны  рæстæджыты бастдзинад хъахъхъæнын, рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдаудзинады æргъадтæм, нæ адæмты иумиаг историйы хъайтарон фæрстæм аудгæ ахаст дарыныл хъомыл кæнын, уыдонæй иу у партизанты æмæ сусæг кусджыты змæлд, кæцытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатырæй тох кодтой знаджы ныхмæ.

«Нæ хæс у хъайтарты тыххæй рæстдзинад хъахъхъæнын, историон факттæ сфальсификаци кæнынмæ бафæлвæрдтыты ныхмæ фидарæй лæууын. Уырны мæ, 1945 азы Уæлахизы майы тыххæй ахсджиаг мысынад, нæ фыдты æмæ дадаты сгуыхтдзинæдты тыххæй, кæцытæ бахъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад æмæ дунейы бахызтой нацизмæй, алы хатт дæр уыдзысты Æмхæларады адæмты æмæ паддзахадты фидар партнердзинады æмæ хæларсыхагон бындур», – банысан кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ арфæйы фыстæджы.

Йæ рады Владимир Чернов форумы банысан кодта традицион фембæлдтыты консолидацигæнæн нысаниуæджы тыххæй, кæцыты 2010 азæй фæстæмæ Уæлахизы боны хæдразмæ фæуадзынц политологион центр «Цæгат-Хуссар», æмæ «Евразиаг иртасынæдты институт»-ы рæзты фонд Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады паддзахадтæ-хайадисджытæ гуманитарон æмгуыстады æхсæнпаддзахадон фонды æххуысæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæм сидгæйæ, Чернов банысан кодта, зæгъгæ, се сгуыхтдзинад у æхсардзинады, монон-хæрзæгъдауы стырдзинады ирд цæвиттон æмæ бæрндзинад, Стыр Уæлахизы тыххæй мысынад чи хъуамæ бахъахъхъæна, уыдонæн. «Мах хæсджын стæм фидæны фæлтæртæн сæ зæрдыл лæууын кæнын, зæгъгæ, махæн нæ бон бацис уыцы тæссаг хæст сфæразын æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ мах кæй уыдыстæм иумæ. Æмæ абон, уæд куыд уыдис, афтæ мах хъуамæ уæм æнгом сабырдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынадмæ тырныдзинады», – загъта Владимир Чернов.

Фæлтæрты бастдзинады ахсджиагдзинад æмæ историон цаутæн иугъуызон аргъ кæныны тыххæй йæ раныхасы банысан кодта пленарон рабадты модератор, дунеон культурон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Президенты сæрмагонд минæвар Михаил Швыдкой.

«Абон алы бæстæйæн дæр арæзт цæуы «йæхи» истори, фæлæ ныртæккæ ахсджиаг сты интерпретацитæ нæ, фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ Дыккаг дунеон хæсты тыххæй реалон историон рæстдзинад. Нæ бæстæты æвзонг æмбæстæгтæм реалон рæстдзинад хæссын у иууыл ахсджиагдæр. Брянскы форум нын ноджыдæр нæ зæрдыл æрлæууын кодта уый, æмæ мах кæй фæуæлахиз стæм иууылдæр иумæ, постсоветон тыгъдады æппæт бæстæтæ», – загъта Михаил Швыдкой.

Брянскы областы губернатор Александр Богомаз, уазджытæн арфæ ракæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, «патриотизм», «Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад», «Фыдыбæстæйыл æнувыддзинад»-ы æмбарынæдтæ йе ‘мзæххонтæн хуымæтæджы ныхæстæ не сты. Уыдон сты хæрзæгъдауы æргъадты бындур, кæцытæ лæвæрд цæуынц фæлтæрæй фæлтæрмæ.

«Нæ райгуырæн къуымы историйы хъайтарон фæрстæ райдыдтой æнусты размæ, уыдон æххæссынц нæ рагфыдæлты онг. Брянскы зæххы цæрджыты æмæ йæ алы æмæ алы азты чи хъахъхъæдта æмæ æндидзын кодта, æппæт уыдоны сгуыхтдзинæдтæ абон дæр сты æцæг патриотизмы æмæ чысыл райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады цæвиттон. Мах кад кæнæм алкæмæн дæр, Куликовы тохы брянскаг монах-хæстон Александр Пересветы хъайтарæй, ныфсхаст «адæмон мастисджытæй» – брянскаг партизантæ, кæцытæ пырх кодтой фашистты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты, нырыккон Уæрæсейы хъайтарты онг, кæцыты хæстон æмæ фæллойадон сгуыхтдзинæдтæ сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты Фыдыбæстæйы историйы», – загъта А.Богомаз.

Форумы пленарон рабадты ма Илларион Стетюхийы хæстæджытæн цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд салдаты медальон. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы стджытæ ссардта агурæг къорд «Патриот» Брянскы областы Карачаевы районы 50-æм армийы тохты бынаты.

Форумы кусæгон программæйы уыдысты дискусситæ цыппар тематикон сессийы, цыран активон хайад райстой хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ. Уымæй дарддæр ма зонад-иртасæн сесси «Подвиг твой, партизан, будет жить в веках»-ы куысты Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты ахуыргæндтæ-историктæ кæрæдзийæн радзырдтой нырыккон зонадон иртасæнты фæстиуджыты тыххæй, цыран доклад сарæзта хуссарирыстойнаг делегацийы уæнг Джуссойты Алан.

Сесси «Летопись войны в солдатском медальоне»-йы сæйраг хъусдард здæхт æрцыд постсоветон тыгъдады агурæг къордты архайды хыгъдон хатдзæгтæм.

Фæсивæдон лидерты сессийы «Преемственность поколений – преемственность Победы»-йы акцент æвæрд цыд фæсивæдон организацитæ æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты змæлдты ‘хсæн бастдзинæдтæ сфидар кæныныл, Стыр Уæлахиз сæнусон кæныны тыххæй иумиаг проекттыл, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты фарс балæууын, раздæры Советон республикæты æмкар фæсивæды ‘хсæн координаци фæтыхджындæр кæныныл.

Уынаффæ цыд информацион фарсхæцынад æмæ патриотикон инициативæтæ раразмæ кæныны хъуыддаджы дзыллон информацион фæрæзты нысаниуæджы тыххæй дæр.

Дискусситы фæстиуджытæм гæсгæ Форумы делегаттæ райстой хатдзæгон резолюци,  цыран банысан кодтой иумиаг историон мысынадмæ, сабырад æмæ гуманизмы идеалтæм аудгæ ахаст æвдисын, уæлдайдæр алыварсонæй дæр иудзинад бахъахъхъæныны æнкъарæнтыл хъомыл кæнын, кæцытæ Стыр Уæлахизы сæрыл цæрæнбонтæм æрбангом кодтой адæмты.

Бæрзонд эмоционалон нотæйыл ацыд Форумы хайадисджыты фембæлд ССР Цæдисы Адæмон артист, Иумиагуæрæсейаг æмбæстагон-патриотон змæлд «Æнæмæлгæ полк»-ы æмсæрдар Василий Лановойимæ фембæлд.

Уæлахизы боны хæдразмæ йæ раныхас уыд стыр лæвар Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн.

Депутат Цоциты Игоры ныхæстæм гæсгæ, Форумы боны фæтк уыд æндыгъд, уымæй дæр алы хайадисæгæн дæр йæ бон уыд дискусситы хайад райсын.

«Афтæ нымайын, æмæ ахæм масштабон мадзæлттæ тынг пайда сты, уæлдайдæр, уым хайад куы фæисынц раздæры ССР Цæдисы æппæт республикæты минæвæрттæ. Ацы Форум уагъд цæуы æрвылаз дæр алы æмæ алы горæттæ-хъайтарты æмæ хæстон кады горæтты, йæ сæйраг нысан у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй мысынад æмæ историон рæстдзинад бахъахъхъæнын. Зæгъæн ис, форумы организатортæ сæ разы цы нысан æрæвæрдтой, уый æххæст æрцыд, æппæт дæр ацыд бæрзонд æмвæзадыл», – йæ ныхасы кæрон загъта парламентари.

РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæджы æххуысгæнæг Джыгкайты Элинæ куыд банысан кодта, афтæмæй мадзал, кæцы сорганизаци кодта Евразиаг иртасынæдты институт Брянскы, ацыд иууыл æмбæлондæр æмвæзадыл.

«Æз къорд хæттыты истон хайад ацы Форумы куысты, ацы аз уыдонæн уыд тынг серьезон мадзæлттæ, дискусситы фæзуæттæ уыдысты бирæ фылдæр, йæ организацион æмвæзад дæр уыд бæрзонд. Уымæн йæ иууыл сæйрагдæр нысан у, цæмæй фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд цæуа адæмты иудзинады фæрцы къухыбафтгæ Стыр Уæлахизы тыххæй мысынад», – радзырдта Джыгкайты Элинæ.

Йæ рады РХИ-йы Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы хистæры хæдивæг Джуссойты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй мадзал ауагъдæуыд немыцаг-фашистон тыхæйисджытæй Брянск ссæрибар кæныныл 75 азы сæххæсты цытæн.

«Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ уым цы мадзæлттæ уагъд цыд, уыдоны алкæцыйы дæр мах активон хайад райстам, уыцы нымæцы г. Брянскы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæстонты æмæ партизанты цырты раз дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрыны дæр. Алцы дæр хорз организацигонд уыд, химæрайстæй æмæ сæ цæрæн бынæттæм бакæнынæй райдай æмæ фæу, мадзæлттæ куыд уагъд цыдысты, уымæй», – загъта Джуссойы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты 60 минæй фылдæр адæймаджы уыдысты Брянскы областы партизанон къордты, уыдонæн сæ 90 проценты уыдысты бынæттон цæрджытæ.

«Уыцы адæймæгтæ йæ зонынц, цы у Райгуырæн бæстæ, цы у патриотизм, ахæм тæлмæнтæ мæм сæвзæрд, цыма уыдон фæлтæрæй фæлтæрмæ адæттынц традицитæ æмæ уыцы æвирхъау хæсты тыххæй æмæ мысынад», – бафиппайдта Джуссойты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 1945 азы фашизмы ныппырх нæ нысан кодта кæронмæ йæ басæттын.

«Фашизмы фæзынд мах уынæм абон дæр, уый тыххæй къорд хæттыты дзырдтой раззагон демократон паддзахадты президенттæ. Иууыл тынгдæр мæм дис кæсы, сæ уæлиондзинады тыххæй тынг арæх Прибалтикæ, Гуырдзыстон, Украинæ, Молдави куы фæдзурынц, уæд уый, æниу уыцы фæзындтытыл тæрхон æрцыд 1945 азы», – банысан кодта Джуссойты Алан.

Форумы фæлгæтты куыстæй дарддæр хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæн фембæлдтытæ уыд Абхазы, Белоруссийы æмæ Приднестровьейы минæвæрттимæ. Уыдон уынаффæ кодтой кæрæдзийæн цымыдисон фарстатыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.