17-æм марты Информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры уагъд æрцыдис пресс-конференци Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеевайæн. Уый банысан кодта нæ республикæйы спорты ацы  хуызы размæцыд æмæ йæ куысты хъуыддæгтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ апрелы фæудты майы мæйы райдианты Хуссар Ирыстоны ленкгæнджыты командæ хайад райсдзæн æппæтуæрæсейаг финалон ерысты ленк кæнынæй, кæцы уагъд цæудзæнис Казаны. Фыццаг хатт хуссарирыстойнаг спортсментæ ацы æппæтуæрæсейаг ерысты «MAD WAVE CLASSIK»-ы хайад райстой 2019 азы. Тренер Евгения Терлеева куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уæд нæ ленкгæнджыты бæрæггæнæнтæ хуыздæрхъуаг уыдысты.

«MAD WAVE CLASSIK» уагъд цæуы æстæм аз. Нæ ленкгæнджытæ ацы ерысты фыццаг хатт хайад райстой 2019 азы. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæтты тынг фæндыд уыцы ерысты хайад райсын, цæмæй федтаиккой æндæр спортсменты цæттæдзинад. Уæд нæ спортсменты бæрæггæнæнтæ конкурентон нæ уыдысты, фæлæ хыгъды фæстæгтæ дæр нæ уыдыстæм. Мах уый фæстæ нæхиуыл куыстам æмæ та фехъусын кодтам, цæттæ кæй стæм ерыстæм æмæ та 2021 азы нæ тыхтæ фæлвæрдтам ацы ерысты, бирæтæ дзы бацахстой призон бынæттæ дæр. 2020 азы пандемийы аххосæй нæ райстам хайад ацы ерысты. Ныр та ацы аз ерыстæ «MAD WAVE CLASSIK» уагъд цæуынц æртæ этапæй. Æнæуый та уагъд фæцæуынц цыппар этапæй. Æртыккаг, финалон этап, уагъд цæудзæнис майы мæйы Казаны. Уыдон  уыдзысты æртæбонон ерыстæ. Ацы ерысты программæ у зындæр, уымæн æмæ ленк кæныны дистанци уыдзæнис дæрддзæфдæр. Банысан кæнын мæ фæнды уый æмæ не спортсментæ кæй сты хорз цæттæ, ныридæгæн сæ бæрæггæнæнтæй зæрдæ райы. Кæд-иу раздæр уыдон, стартмæ рахизгæйæ, тыхстысты, уæндонæй нæ архайдтой, уæд ныр та ацы хъуыддаг фæивта хуыздæрæрдæм æмæ уæндонæй рахизынц ерысты рæстæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, спортсменæн ацы хъуыддаг ахсджиаг у. Ныртæккæ мах тырнæм уымæ, цæмæй хуыздæр бæрæггæнæнтæм схизæм. Спортсментæ йæ сæхæдæг дæр æмбарынц, сæ бон фылдæр кæй у æмæ хуыздæр кæй равдисдзысты сæхи, уый.

Ацы аз марты мæйы уагъд цыдис уæлдæрбанысангонд ерысты дыккаг этап æмæ дзы не спортсментæй æртæйæ фенын кодтой алкæцы дистанцийы дæр сæ хуыздæр æнтыстытæ. Уыдон сты Уалыты Даянæ, Тыджыты Дианæ æмæ Тасойты Арсен», – банысан кодта Евгения Терлеева.

Нæ республикæйы ленкгæнджытæ дæр пресс-конференцийы сæ хъуыдытæ загътой сæ архайды æмæ тренировкæты тыххæй, афтæ ма сæ фидæны цы професситæ фæн-ды равзарын, уый тыххæй. Æрыгон спортсментæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ сын æнцон нæу ахуыры рæстæджы тренировкæтæ кæнын, фæлæ уæддæр бацархайынц æмæ сын сæ ахуыры дæр æмæ спорты дæр вæййы хорз нысæнттæ æмæ бæрæггæнæнтæ. Уалыты Даянæ, банысан кодта, зæгъгæ, фæтырны, цæмæй скъолайы дæр хорз ахуыр кæна æмæ спорты дæр размæ цæуа. «Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг цæуы ленк кæныны спорт. Стыр æхцондзинад райсын ленк кæнынæй. Уарзын тренировкæтæ кæнын дæр. Æмбарын æй, скъолайы хорз ахуыр кæнын дæр ахсджиаг кæй у, уый æмæ фæтырнын хорз нысæнттæм.  Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæу тренировкæтимæ хорз ахуыр кæнын, фæлæ мæм ис уыцы тырнындзинад æмæ мын дыууæ ран дæр ис хорз æнтыстытæ. Ахуыр кæнын фæндзтыл», – зæгъы Уалыты чызг.

Уалыты Даянæ ма журналисттæн радзырдта, зæгъгæ, фыццаг хатт йæ ныййарджытимæ ленк кæныны ерыстæм куы æрбацыдис æмæ йæхи цæстæй куы федта, уыцы æхцонхæссæг процесс, уæд уый фæстæ аскъуыддзаг кодта, кæй бацæудзæнис ленк кæнынмæ æмæ ныр абон стыр æхсызгонæй фæисы хайад ахæм ерысты. «Ерыстæм куы бакастæн, уæд мæ тынг æрфæндыд сæрибарæй бассейны ленк кæнын. Бацыдтæн ацы спортмæ æмæ ныр та мæ бæллиц у, цæмæй суон Олимпион чемпион. Дарддæр та мæ фæнды, цæмæй æз дæр, мæ тренерау, ахуыр кæнон сывæллæтты ленк кæнын», – зæгъы æрыгон спортсменкæ.

Олимпион чемпионкæ суæвынмæ бæллы ленкгæнæг Тыджыты Дианæ дæр. Уый куыд радзырдта, афтæмæй ленк кæнынмæ æрбацыдис йæхи фæндонмæ гæсгæ, уымæн æмæ тынг бауарзта спорты ацы хуыз. Стыр бузныг у йæ тренер Евгения Викторы чызгæй, æмбæлон хъусдард сæм кæй здахы æмæ сæ ацы спорты размæ кæй кæны, уый тыххæй. Тасойты Арсен дæр ленк кæныны спорты тынг æхсызгонæй архайы, ис ын æнтыстытæ æмæ ерыстæм дæр серьезонæй цæттæ кæны йæхи, фæлæ йæ сомбон ацы спортимæ сбæтдзæнис, уый нырма бæрæг бæлвырдæй нæ зоны.

Республикæ Хуссар Ирыстоны ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева у æрхонгæ тренер Уæрæсейы Федерацийæ, кæцы ныр цалдæр азы республикæйы спорты ацы хуызы размæцыды тыххæй, йæ тыхтыл æнауæрдгæйæ, кусы æмæ бæрæг куыд у, афтæмæй хуссарирыстойнаг ленкгæнджыты бæрæггæнæнтæ хуыздæрæй хуыздæр кæнынц. Евгения Терлеева у фæлтæрд тренер. 34 азы бæрц кусы ацы къабазы. Уыдонæй 28 азы бакуыста Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны та – 6 азы. Уыцы рæстæджы Евгения ленк кæнын сахуыр кодта 20 мин адæймаджы бæрц. Нæ республикæйы дæр бацæттæ кодта бирæ ленкгæнджыты, кæцытæн хуыздæрæй хуыздæр кæнынц сæ бæрæггæнæнтæ. Тренер йæхæдæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ кусы сывæллæттимæ, куыд æмæ цас йæ бон у, афтæ. «Æз диссагæй ницы аразын, кусын мæ бон куыд у, афтæ иузæрдионæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраг у фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ æмæ мæм сты фагæй фылдæр. Кæцыфæнды педагог, фыццаджыдæр, хъуамæ уа ахæм, кæцы уарза сывæллæтты, цæмæй дæ куыстæн уа хорз фæстиуджытæ. Алы сывæллоны дæр æз уынын гоймагæй æмæ сын афтæмæй аргъ кæнын. Алкæцыйы дæр дзы уарзын, уый зонынц сæхæдæг дæр, уымæн æмæ сын æй дзурын арæх», – загъта Евгения Терлеева.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ нæ республикæйы ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæйдæриддæр абон цæттæ кæнæм хорз ленкгæнджыты. Иууыл тынгдæр сæ цы тыхсын кæны, уый у финансон хъуыддаг. «Финансон хъуыддаг махæн у не стырдæр низ. Ерыстæн сæ фылдæры финанс кæнынц ныййарджытæ æмæ сын уый тыххæй зæгъын стыр бузныг. Уымæй дарддæр ма, сæ фадæттæ сæ куыд амонынц, афтæ нын баххуыс кæнынц спорткомитет æмæ нæхи федераци дæр. Йе ‘ххуысы къух нæм фæдаргъ кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр. Дыууæ хатты та нын баххуыс кодта Национ банг. Махæн не ‘фтиæгтæ тынг цъус сты, спонсорон æххуыс дæр тынг не ‘нкъарæм», – зæгъы тренер.

Уый ма журналисттæн радзырдта Хуссар Ирыстоны кæй хъомыл кæны курдиатджын сывæллæттæ, æвзыгъд кæй сты спортмæ, æмæ уый та кæй у стыр хорз хъуыддаг. «Нæ уæ бауырндзæн, фæлæ æз райсом 7 сахатмæ куыстмæ куы бацæуын, уæд уым баййафын сывæллæтты ленкгæнгæйæ. Сты тынг хорз сывæллæттæ, уарзынц æгъдау æмæ мæнæн та тынг æхсызгон æмæ тынг æнцон у ахæм фæсивæдимæ кусын», – банысан кодта Евгения Терлеева.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.