Стæмтæй дарддæр, профессор Битарты Зояйы Хуссар Ирыстоны чи нæ зоны, ахæм адæймаг нæ разындзæн. Уæлдай æхсызгон йæ фенд вæййы, фондз азы дæргъы йæ разы аудиторийы чи фæбадт, йæ лекцитæм ын æмырæй, æдзынæгæй æмæ стыр цымыдисимæ чи хъуыстой, уыцы раздæры бирæнымæц студенттæн. Æмæ дзы кæд бирæтæ ныридæгæн бæрнон бынæтты кусынц алы æмæ алы уагдæтты, сæхæдæг дæр аккагæй басгуыхтысты Райгуырæн бæстæйæн,  уæддæр сын Битарон баззад стыр авторитет æмæ цæвиттойнаг ахуыргæнæгæй, ныфсхаст æмæ фæндвидардзинады реалон дæнцæгæй.

Æгæрон æмæ уæзгæ лæггæдтæ бакодта æмæ кæны абон дæр Зоя йæ Ирыстонæн, йæ радтæг адæмæн. Йæ сæйраджы мæт æмæ сагъæс кæддæриддæр у мадæлон æвзаг. Уый æдзух хъуыды кæны нæ дзыллæйы сомбон – Ирыстоны сабитыл: сæ монон, эстетикон, физикон æмæ патриотикон хъомылады ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстытæ æмæ проблемæтыл. Фæлæ æппæт уыцы проблемæты сæргъ уæддæр лæууы ирон æвзаджы рæзт, йæ размæцыд, йæ дарддæры хъысмæт.

Æрæджы рухс федта Битаронæн йæ ног чиныг «Авеста». Уый ныффыстæуыд зынгæ ахуыргонд, иранистикæ, æвзаг, фольклор, этнографи æмæ ирон адæмы рагондæр историйы специалист, академик, бирæнымæц фæсарæйранг академиты цытджын уæнг, бирæ бæстæты нымд æмæ сгуыхт зонадон архайæг, нырыккон зонадон дунейы æппæты зындгонддæр ирон лæг Абайты Васойы лекцитæм гæсгæ. Ацы титаникон фыдæбон бафтыд æрмæстдæр Битарты Александры чызг Зояйы къухы æмæ йæм уый фæдыл  бахатыдыстæм, цæмæй бæстондæр базонæм канд ног чиныджы тыххæй нæ, фæлæ ацы сылгоймагæн æмткæй йæ цардвæндаджы, ног фæндиæгты, саразинаг хъуыддæгты  сæраппонд. Битарон арф ныуулæфыд æмæ цавæрдæр æнахуыр мидбылхудтимæ райдыдта дзурын:

«Ацы чиныг мыхыуыры рауадзыны фæнд мæ хъуыдыйы рагæй уыд, уымæн æмæ, Абайты Васо цы лекцитæ каст, уыдон хъуамæ æгас дуне, фидæны фæлтæртæ дæр зоной. Хъыгагæн, чиныджы тираж у хæрзчысыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый алкæйы къухы нæ бафтыдаид – 80-æм азты æз мæхæдæг ацыдтæн Мæскуымæ æмæ бадтæн уыцы хъысмæтхæссæг лекцитыл.   Уæдмæ бахъахъхъæдтон зонадон диссертации, фæлæ мын уый фаг нæ уыд, фæндыд мæ базонын, раргом кæнын лингвистикæйы сусæгдзинæдтæ. Стæй ма мын ирановед, профессор Гиунашвили дæр афтæ: «Ныр кандидат дæ, фæлæ дæ фындзыл уæлæмæ ма схæц, зонын æй, дзырдарæхст, тыхджын сылгоймаг дæ, фæлæ диссертаци у æрмæстдæр зонадмæ фыццаг къахдзæф». Уыцы ныхæстæ загътон Абайты Васойæн дæр, Мæскуымæ куы ацыдтæн, уæд æмæ йын раргом кодтон мæ фæнд, йæ лекцитæм мæ кæй фæнды байхъусын, уый фæдыл. Дыккаг бон бацыдтæн лекцимæ, мæ къухы магнитофон, афтæмæй. Уый мыл ныддис кодта: «Уый та дæм цæй аппарат ис?» Æз ын сдзуапп кодтон: «Василий Иваны фырт, æз востфак нæ фæдæн каст æмæ мын зын уыдзæн лекцитæ тетрады фыссын. Бар мын раттут, цæмæй уын уæ лекцитæ аудиойы хуызы дæр ныффыссон». Афтæ 1983 азы райдыдтон цæуын аспиранттимæ зындгонд ахуыргонды лекцитæм. Уый  ахæм диссаджы анализ кодта дзырдтæн: уæдæ текстологон, уæдæ лингвистикон, уæдæ религиозон, уæдæ мифологон, æмæ æз мæхицæн фидарæй загътон: адон хъæуы рауадзын æнæмæнгæй!».

Æдæппæтæй Битаронæн бантыст ныффыссын 28 лекцийы. Алы кассетæйыл дæр ис аз, мæй, бон, лекцийы номыр. Уыимæ иумæ фыста лекцитæ тетрæдты дæр. Бирæ тыхтæ бахардз кодта Зоя ацы лекцитæ фысгæйæ:

«Уыцы аз мæ мæгуыр чызджы æнæ цырыхъхъытæй ныууагътон æмæ самал кодтон аудиотехникæ. Нæ къорды уыд таджикаг чызг Лола. Уый фæсарæнтæм арæх цыд æмæ мын-иу рауæй  кассетæтæ. Тынг рæсугъд æмæ зондджын чызг уыд, Васо йæ бирæ уарзта. Хорз æй зонæм, уæды магнитофонты аудиофыстыты æмвæзад (цæмæй-иу иу хъуыдыйад рафыстаин сыфмæ, уый тыххæй-иу æм æртæ-фондз хатты байхъуыстон), фæлæ мæнæн тынг æххуыс фесты. Уæдмæ мæ чызг Зæринæ дæр каст фæци астæуккаг скъола æмæ сфæнд кодта йæ цард лингвистикæйæн снывонд кæнын – бацыд скæсæйнаг æвзæгты (ирайнаг филологийы) факультетмæ. Ахуыр кодта Санкт-Петербурджы паддзахадон уинверситеты. Бирæтæй-иу хъуыстон «Деттæ йæ Васо баппæрста!» æмæ-иу сæм мæстæй мардтæн – Васо йын зонгæ дæр ницы кодта. Йæ фыццаг реферат куы ныффыста, уæд ыл йæ лектор, академик Боголюбов дисæй амард. Бæрзонд ын  схæцыд йæ куыстыл студентты раз æмæ загъта: «Мæнæ цæй диссаджы фыст у! Цыма йæ уартæ V-Х æнусты рæуæды цармыл ныффыстой, уыйау! Æмæ ды ирон кæй дæ, уымæн дын бантыст- æппæт уыдæттæ уæхи сты», тынг рæсугъд каллиграфии уыд Зæринæйæн, цыма-иу фæрдгуытæ хал кодта, афтæ. Уыдæттæ мын куы радзырда, уæд мæхицæн загътон: цæй æмæ йæ фембæлын кæнон  Васоимæ. Зæринæ æртыккаг курсмæ куы ахызт, уæд  уыцы сæрд Васо дæр æрцыд Цхинвалмæ æмæ йæм бацыдыстæм. Ахуыргонд æм сдзырдта персайнаг æвзагыл. Мæ чызг дæр ын сдзуапп кодта. Уæд Васо йæ лæдзæг астæрдыл æрцавта æмæ афтæ: «Надо же!» Æз Васойæн раргом кодтон мæ фæнд: магнитофоныл цы лекцитæ ныффыстон, уыдон хицæн чиныгæй рауадзын. Æмæ мын афтæ: «Цæй æмæ Зæринæйы диссертацимæ банхъæлмæ кæсæм». Æз ницыуал сдзырдтон. Зæринæ бахъахъхъæдта йæ диссертаци, уый дæр уыд Зороастризмы фæдыл, сси зонæдты кандидат æмæ райдыдта  кусын ирайнаг филологийы кафедрæйы, каст ирон æвзаджы æмæ Авестайæ лекцитæ. Уый фæстæ дæр ма уыдыстæм Мæскуыйы Васомæ цалдæр хатты, стæй мæ чызг  куы загъта «Ныр бакусон Васойы лекцитыл бæстон», афтæ фæрынчын…»

Уыцы æвирхъау цау цалдæр азы фæкъуылымпы кодта ацы чиныджы мыхуыры рауадзыны хъуыддаг. Фæлæ æрдзæй кусаг, фæндвидардзинад æмæ тырнынадæй æххæст, Битарты Зоя уæддæр æрæвнæлдта ацы ахсджиаг хъуыддагмæ, цæмæй «Авеста» рухс федтаид. Фараст мæймæ дыууын аст лекцийы Битарон фæфыста æмæ сæ гæххæттыл ныммыхуыр кодта. Сæйраг куыст, кæй зæгъын æй хъæуы, Битарон бакодта, фæлæ уæддæр бахатыд Абайты Васойы аспиранткæ, авестолог Софья Виноградовамæ, цæмæй йын уый дæр баххуыс кодтаид:

– Лекцийыл-иу бакуыстон æмæ та-иу æй Софьямæ арвыстон. Ирон дзырдтæ уый дæр иууыл кæм зоны æмæ-иу стыхст, фæстæмæ-иу сæ раппæрста (худы). Иу хатт дзы уыд дзырд «бонивæн». Уый йæ не ‘мбæрста, телефонæй мæнмæ хорз нæ хъуыст, æз дæр æй не ‘мбæрстон – æмæ афтæ бирæ хатт. Йæ цæрæнбон бирæ. Уый у стыр хъæбатыр сылгоймаг, Абайты Васойæн стыр кад чи кæны, йæ зонындзинæдтæ, йæ куыстытæн ын бæрзонд аргъ чи кæны, ахæм.

Авеста у Зороастризмы текстты сконд, уæвынад кодта цыппар мин азы размæ, амоны рагон ариаг традицитæ æмæ уырнынад. Дих кæны цалдæр хайыл: «Ясна», «Гат», «Яшт» æмæ «Вендидат». Се ‘ппæт дæр æнгом баст сты мифологи æмæ легендæтимæ. Ахуыргæндтæ йæ дырысæй сбæлвырд кодтой, Авеста ирон æвзагмæ бынтон æввахс кæй лæууы. Уырдыгæй  ирдæй зыны, Зороастр балцыты арæх кæй цыд. Фыды фыртæй йæ ном у Спитама æмæ Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ тынг æввахс у ирон мыггаг Сидамонтæм. Зороастризм у рагон ирайнаг уырнынад æмæ бындуриуæг кæны дыууæ тыхы – Рухс æмæ Тары  ныхмæлæудыл. Хорз, рæстаг кæддæриддæр хъуамæ уæлахиз кæна æвзæрдзинад æмæ сайдыл. Зороастризмы ма егъау ахадындзинад ис уаз артæн дæр. Хурæн, артæн, рухсæн цыт кæныны уидæгтæ хæццæ кæнынц индоевропæйаг æгъдæуттæм æмæ сын сæйраг бынат ис  ирæттæм дæр рагæй фæстæмæ. Æппæт уыдæттæн Абайты Васо кæны диссаджы анализ.

Чиныджы ма лекцитæй дарддæр автор чиныгкæсæджы зонгæ кæны йæ мысинæгтимæ, ирдæй дзы зыны, Битарты Зоя цы хъарм ахаст дары стыр ахуыргондмæ,  кад æмæ йын цыты бынаты кæй уыд æмæ абон дæр ис Абайты Васо. Васойæн йæ алы дзырд, алы хъуыдыйад, алы ныхас дæр бахъуыды кодта, кæд, куыд æмæ цæй тыххæй загъд æрцыд – æппæт дæр хъуыды кæны Битарон. Фидарæй зæгъæн ис, уæд Зояйы бæсты æндæр исчи куы ацыдаид Мæскуымæ Абайты Васойы лекцитæм хъусынмæ, уæд ацы чиныг мыхуыры никуы рацыдаид. Уыцы тых æмæ быхсынад адæймаг æрдзæй рахæссы, уыцы æвæллайгæ фыдæбонæн алчи нæ фæразы.

Ирон æвзаг тынг хъæздыг у, диссаг у йæ лексикон сконд æгасæй дæр. Алцæмæн дæр ис ном: йæ мад кæмæн амæлы, уый схуыдтой сидзæр, йæ ус кæмæн амæлы, уый хонæм идæдз, фæлæ, цы мадæн йæ хъæбул йæ разæй ацæуы йе ‘нусон бæстæмæ, уымæн йæ маст ахæм уæззау æмæ зын у, æмæ йын нæ рагфыдæлтæ дзырд нæ рымысыдысты, нæ йын ссардтой ном.

Хъыгагæн, Битарты Зояйæн йæ иунæг уарзон хъæбул Харебаты Зæринæйыл  дæр низ фæтых. Зæрдæрыст æмæ мæстджынæй баззадысты йæ ныййарджытæ. Мастæн цы фæразы, фæлæ Зæринæ йæ фæстæ ныууагъта дыууæ чызджы æмæ уыдон Зояйæн æмæ йе ‘мкъай режиссер, актер Харебаты Федырæн лæвæрдтой цавæрдæр тых. Зоя йæ фидарæй зыдта: маст æмæ цæссыгтæй йæ уарзон хъæбулы нал раздахдзæн, ницыуал ын баххуыс кæндзæн æмæ æгасæй  дæр йæ тыхтæ радта йæ хъæбулы хъæбултæн, зонадæн, студенттæн, Ирыстонæн. Бирæ чингуытæ йын рацыд мыхуыры, фæлæ уæддæр йæ бакæнинаг куыстытæ зонады дунейы  се ‘мбисмæ дæр нæма бахæццæ сты.

Ме студентон бонтæй фæстæмæ Битароны хъавыдтæн бафæрсын иу цымыдисаг фарстæй. Ныр мын фадат фæци: Абайты Васойыл куынæ фембæлдаис, уæддæр уыцы Битаронæй басгуыхтаис?

Зояйæн йæ цæсгом фæирд, цыма уыцы фарстмæ æнхъæлмæ каст, уыйау æмæ афтæ радзырдта:

«Мæ хъысмæт афтæ рауад æмæ баззадтæн сидзæрæй – мæ фыды никуы федтон, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй нал æрыздæхт. Æз тынг зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацыдæн, фæлæ мæ иу амонд уыд: иууылдæр  мæ алыварс уыд хорз адæм, уый мын Хуыцау нæ бахæлæг кодта. Абон цы Битарон дæн, цыдæриддæр мын бантыст саразын,  уым «ахъаззагæй аххосджын» сты, мæ цардвæндагыл мын ирд æмæ хæлардзинады фæд чи ныууагътой, уыцы цыппар адæймаджы: райдианы ахуыр кодтон гуырдзиаг скъолайы. Уый фæстæ  – горæт Тбилисы уырыссаг скъолайы, иунæг дзырд дæр уырыссагау нæ зыдтон, афтæмæй. Æнæмæнг дæр мæ бынаты баззадаин, фæлæ мын ахæм хорз къласгæс уыд, сомихаг сылгоймаг, æмæ мæ цудын, фæсте аззайын нæ бауагъта. Иттæг хорз чи ахуыр кодтой, уыдонæн бахæс кодта, цæмæй радгай къуырийы дæргъы мемæ куыстаиккой».

Æмæ уыцы фондз ахуыргæнинаджы хъазуатонæй райдыдтой æвзыгъд чызджы размæ кæнын, æнтысгæ дæр сын бакодта – сифтонг æй кодтой цавæрдæр æнахуыр тыхæй ахуыры хъуыддагмæ. Зоя афтæ схæлар семæ æмæ-иу уыдон та сæрдыгон улæфтыты ацыдысты Битарты бинонтæм: «Суанг-иу августы фæудмæ махмæ баззадысты. Æрратæ кодтой къæлуайыл. Майрæм Куадзæнмæ-иу æй арæзтой алы ирон хæдзары дæр æмæ-иу нæ ракуымдтой. Уый фæстæ та ахуыр кодтон  Ленингоры  скъолайы. Ирон æвзагæй, кæй зæгъын æй хъæуы, лæмæгъ уыдтæн, фæлæ æмдзæвгæтæ æнцонтæй ахуыр кодтон. Уый хынцыдта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Кокойты Уæлгъа – балæууыд мæ фарсмæ. Уый мын æгæрон уарзтæй бауарзын кодта мадæлон æвзаг æмæ мæ сразæнгард кодта уыцы стыр хъуыддагмæ. Мæ бинонтæн ирон филологи сæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, æз ахуырмæ хъуамæ ацыдаин Ереваны университетмæ фæсарæйнаг æвзæты факультетмæ, ме ‘мбалæн йæ фыды ‘фсымæр уым куыста, фæлæ мæ хъысмæт æркодта Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон институтмæ.  Ам фембæлдтæн мæ æртыккаг хæрзгæнæг Осанидзе Русуданыл. Уый уыд диссаджы уæздан сылгоймаг, хатт-иу мæм сдзырдта тызмæгæй, фæлæ мын амыдта канд ахуыры нæ, фæлæ царды раст æмæ райдзаст фæзилæнтæ дæр». Цыппæрæм адæймаг та уыд Абайты Васо.

Бирæ бакусинæгтæ ис ныртæккæ дæр Битаронæн. Сабидæтты сæрмагонд программæйы фæстæ йæ бæллицц у скъолайæн дæр саразын ахæм æнæмæнгхъæуæг программæ фыццаг къласæй иуæндæсæм къласмæ. Уый стыр ахсджиаг хъуыддаг у, бæстон ыл хъæуы хъуыды кæнын, нывæндын ын йæ цыд, фæлæ уыдæттæ Зояйæн цæлхдуртæ не сты, уымæ сарæзта йæ ных Битарон æмæ та йæм айгæрддзæн ног фæндаг нысанмæздæхтæй.

Дæ цæрæнбон бирæ, Битарон. Бантысæд дын ноджыдæр!

Цгъойты Аринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.