Мархо – афтæ хонынц, авд къуыри чи аххæссы æмæ Комахсæны хæдфæстæ чи райдайы, уыцы Стыр комбæттæнтæ. Ирон адæм дæр дардтой мархо. Уæды сауджынтæ-иу сæ тæрсын кодтой – «сойаг æмæ урсаг куы бахæрат, уæд уæ былтæ фæзылын уыдзысты», зæгъгæ. Бæлвырд нæ зыдтой æцæг хабар у æви нæ, фæлæ афтæмæй уæддæр æххæст кодтой комдарæнты домæнтæ.

Мархойы къуыритæ нымад цæуынц иууыл сыгъдæгдæр бонтыл, Хуыцаумæ ацы бонты куывдтытæ хуыздæр хъуысынц, зæгъгæ. Нæ горæты цы Сыгъдæг Мадымайрæмы æмæ Сыгъдæг Æртиуон Хуыцауы кувæндæтты ис, уым æрвылбон дæр фæцæуы бакуывдтытæ. Дыууæ аргъуанмæ дæр æрбацæуы бирæ адæм æмæ чырыстон дин куыд амоны, афтæ ауадзынц Хуыцаумæ бакуывдтытæ.           

Алайнаг епархийы сæргълæууæг фыд Иаков радзырдта мархойы дарыны сæйраг нысаны тыххæй, йæ дарыны уагæвæрд æмæ ма ирон адæм ивгъуыд æнусы мархо куыд дардтой, уыдæтты тыххæй.

«Мархо дарыны сæйраг нысан у адæймаджы монон  сыгъдæгдзинад, уымæ гæсгæ «нæ» æрмæст хæрдæн нæ дзуры марходарæг, фæлæ ма æвзæр хъуыддæгтæн дæр. Мархо даргæйæ, мах рæзæм монон æгъдауæй, фæлварæм нæхи æмæ цыт кæнæм Хуыцауæн», – дзырдта фыд  Иаков.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Стыр мархо райдайы æмæ ахæссы Куадзæнмæ, кæцы ацы аз нысан цæудзæн 19 апрелы.

Фыццаг хатт чи дары мархо æмæ йæ чи фехалы, уыдонæн фыд Иаков зæгъы, цæмæй ма æрлæууой æмæ адарддæр кæной мархо дарын, фæлæ  хъуамæ бацархайой, цæмæй та йæ ногæй мауал фехалой.

 «Адæймаг йæхи куы бафæлвары мархойы рæстæджы æмæ йæ кæронмæ куы акæны, куы фæтых вæййы йæ мондагыл, уæд æм фæзыны ныфс, кæцыйы фæрцы уый хуыздæр кæны монон æгъдауæй», – амыдта динамонæг.

Ирон национ уырнынадтæ, ома, дзуæрттæн кад кæнын, фыд Иаковы хъуыдымæ гæсгæ нæ хъыгдарынц чырыстон растдинон уагæвæрдты. Уымæн æмæ ирон бæрæгбæттæ сæ нæмттæ æмæ нысаниуджытæм гæсгæ æмдзу кæнынц чырыстон бæрæгбонтимæ.

Фыд Иаков ныры цардæй дæнцæгтæ хæсгæйæ радзырдта ахæм истори: «Къорд азты размæ уыдыстæм Чеселты комы, Тыджыты бинонтæм. Хуымæтæг, зæхкусæг лæг, бинонты хистæр Сослан нын куыд радзырдта, афтæмæй сывæллон ма куы уыд, уæд ирæттæ мархо дардтой мæнæ афтæ: Стыр комбæттæнмæ ма-иу дыууæ къуыри куы хъуыд, уæд-иу скодтой уæлибыхтæ аргæвстой иу гал æмæ иу фынгыл æрæвæрдтой сой хæринæгтæ дæр. Цæмæй мархойы райдайæнмæ сæхи хорз федтаиккой бинонтæ. Мархо-иу дардтой кæстæр кары сывæллæттæ дæр. Къуыри иу хатт уыдонæн  лæвæрдтой цыхты суары кæрдзын атулыны бар. Фæлæ, хистæр кары адæмæн ахæм гæнæн нæ уыд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.