Нæ республикæ бонæй-бон куыд рæзы, уый не ‘ппæт дæр уынæм, æвдисæнтæ йын стæм. Æмæ кæд æндидзынад æмæ экономикæйы райрæзт фыццаградон хæстæ сты, уæддæр къаддæр хъусдард нæу здæхт культурæйы къабазмæ дæр. Кæд æвæрæз уавæрты, уæддæр уæхскуæзæй кусы нæ уарзон драмон театр. Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды Паддзахадон ансамбль «Симд» æнтыстджынæй æрыздæхы гастролтæй, стыр къахдзæф акодтой размæ нæ нывгæнджытæ, ныр цалдæр азы дæргъы хайад райсынц дунейы хуыздæр нывгæнджыты равдыстыты, нæхимæ дæр сæ дæсныйадæй арæх барухс кæ-нынц не ‘мбæстæгты зæрдæтæ.

Сывæллæтты монон хъæздыгдзинад, сæ культурон рæзт хъуамæ бæрзонд æмвæзадмæ схизын кæнæм. Уый тыххæй егъау куыст кæны нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрад, уыцы ахсджиаг хъуыддаг æххæст кæныны стыр хæстæ ис æвæрд Культурæйы министрад, телеуынынад, сывæллæтты сфæлдыстадон галуан, библиотекæтæ, музыкалон скъолатæ, иумæйаг ахуырадон астæуккаг скъолатæ, сабидæттæ бакусынц   æрвылазон нывæзтытæ, сæрмагондæй алыгъуызон концерттæ, конкурстæ, фестивалтæ, литературон-музыкалон изæртæ, спортивон ерыстæ бацæттæ кæныны фæдыл; стыр куыст цæуы мадæлон æвзаджы райрæзтыл дæр.

ХХ æнусы 70-80 азты сывæллæттæ йæ ныр дæр иттæг хорз хъуыды кæнынц, цирк-иу куы ‘рцыд нæ горæтмæ, уæд-иу цас циндзинад æрхаста йемæ. Уыцы диссажы зæрдæйы уаг-иу нын æхцондзинад хаста дæргъвæтин рæстæг, æгæрыстæмæй ныр дæр нæ цæстытыл ауайы. Уæдæй бирæ рæстæг аивгъуыдта. Уыцы рæстæджыты сывæллæттæ ныр сæхæдæг сты ныййарджытæ, ис сын хъæбулы хъæбултæ.

Цалдæр азы дæргъы не ‘мгæрæтты ничиуал ацыд, нæхæдæг тыхст уавæрты цардыстæм æмæ сын цы пайда уыд ардæм æрцæуынæй. Рацыд рæстæг, цæрæм хæдбар паддзахады, нæ республикæйы сабиты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны, ныфсджынæй цæуæм размæ нæ фидæны амондджын цардмæ. Нæ бæстæйы размæцыд айхъуыст дардыл æмæ бирæты сразæнгард кодта ратындзын Хуссар Ирыстонмæ «сæ бæрзонд аивад» равдисын æмæ «æхца бакусынмæ». Арæх нæм æрцæуы цирк дæр. Цирчы программæйæн ахæм рекламæ саразынц, æмæ йæ мызд мæйæ мæймæ дзул балхæныны фаг кæмæн нæ кæны, уыдон дæр тыхмитæй самал кæнынц циркмæ билет, цæмæй уыцы диссæгтæ йæ хъæбул дæр фена, фæсте макæмæй аззайа. Циркмæ билет аслам кæм вæййы, уæлдайдæр та дыгай, æртыгай сывæллæттæ цы хæдзары ис, уыдоны финансон уавæрыл бæрæг фæзыны, фæлæ уымæн нысаниуæг нæй. «Цирк æрцыд!» фехъусгæйæ, алы саби дæр æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсы уыцы амондджын бонмæ.

Ныр нæм алы аз дæр æрцæуы цирк. Фæстаг цалдæр азы-иу æз дæр ацыдтæн сæ равдыстмæ, æцæг мын фарон нæ бантыст. Лæмбынæг-иу мæ хъус дардтон сывæллæтты цæстæнгасмæ, сæ уагахастмæ. Скъолайы агъоммæйы сабитæй дарддæр мæнмæ гæсгæ дис ничи ницæуыл кодта.

Æрæджы мæхæдæг уыдтæн æвдисæн «уыцы диссаджы равдыстæн». Тынг фæндыд цирчы акробатты, клоун-чызджы, гимнастты Ирыстоны «ницыфенæг» сывæллæтты дисы баппарын, фæлæ сын дзы уадиссаг ницы рауад. Мæ алыварс бадæг ныййарджытæ, скъолаты ахуыргæнджытæ, сусæг-æргомæй уайдзæфтæ кодтой, ай цы у, зæгъгæ, кæмæй хынджылæг кæнынц, сывæллæттæй бирæтæ сæ цæстытæ ныццавтой мобилон телефонты экрантыл æмæ сценæйы ‘рдæм кæсгæ дæр нæ кодтой. Æз мæхæдæг уыдтæн скъоладзаутимæ æмæ равдысты æмбисæй раздæр цалдæрæй куы загътой «Гæнæн ис ацæуон?», уæд хорзау нал фæдæн. Кæд уыцы равдысты  мæхи зæрдæмæ æппындæр ницы фæцыд, уæддæр кæронмæ фæбадтæн: иуæй мын сывæллæтты ныууадзæн нæ уыд, аннæмæй та мын мæ хъомылад æмæ мæ ирон æгъдау бар нæ дæттой, афтæ сыстын æмæ ацæуын. Цæй, уæддæр бафыдæбон кодтой, хæхты сæрты нæм æрхызтысты, – загътон мæхицæн æмæ дарддæр бадтæн, быхстон, хъустæ цæмæй рæдывтой, уыцы зæлвидыцы.

Равдысты размæ скъоладзаутæн загътой, зæгъгæ дзы уыдзæн цымыдисон ерыстæ ныв кæнынæй, тых æвзарынæй, æмæ, зæгъгæ, уый фæстæ уæлахиздзаутæн ратдзысты зынаргъ лæвæрттæ. Уыцы диссæгтæ ноджы сразæнгард кодтой сывæллæтты: развæлгъау хуызджын нывтæ скодтой, æзфæраздæронæй сæ скъæфтой сценæмæ, рекламон сыфтыл фыстой сæ мыггæгтæ æмæ нæмттæ æмæ сæ æппæрстой чысыл лагъзы. Лæвар уыд æрмæстдæр иу мобилон телефон, æцæг ерысты уæлахиздзаутæн фæйнæ конфеты айуæрстой.

Равдысты фæстæ сывæллæттæ фæсмонгæнгæ здæхтысты сæ хæдзæрттæм: «Цæмæ рацыдтæн?», «Æз никуыуал рацæудзынæн циркмæ!» Иууыл диссаг та мæм фæкаст, рахизæны иу гыццыл лæппуйы йæ мадимæ хылгæнгæ куы федтон, уый. «Кæдæм мæ ракодтай? Мæ зæрдæмæ æппындæр нæ фæцыд!»

Чысыл горæты цæргæйæ, уал азы зындзинæдты æмæ цины фæндæгтыл цæугæйæ кæрæдзи хорз зонæм, нæ ныхас дæр, æппæлыны æви уайдзæфы хуызы уа, уæддæр фæдзурæм æргомæй. Æмæ зæрдæ фæриссы, куы фехъусæм «Æрцæуæггæгты тыххæй хорз ссарынц æхца, фæлæ нæхи спектаклтæм, концерттæм бацæуой, уый сæм хардзау кæсы!» Уымæй раст сты, уымæн æмæ нæхи актёрты, зарæггæнджыты, кафджыты дæсныйад нæ сæрмæ куы нæ хæссæм, уæд нын искæйы стыр курдиатæй цы ис? Афтæмæй та нæм сæрдыгон уазæгуаты чи æрцæуы, уыдон нын нæ актёрты хъазтыл дис фæкæнынц, дыгай-æртыгай хæттыты иу спектаклмæ бацæуынц, уымæн æмæ сæ дæсныйад никæимæ хæццæ кæны.

Æртæ боны размæ дæр нæм æрцыдысты уазджытæ Ногазон программæимæ. Фæстæмæ сæ цы хъуыдыимæ афæндараст кодтам, цы циндзинад æрхастой республикæйы сабитæн, уый зæгъдзысты рæзгæ фæлтæр, сæхæдæг ын араздзысты фæстиуджытæ…

Фыдæлтæй нын баззад «Уазæг – Хуыцауы уазæг». Æмæ уыцы уазджыты хонгæ куы æркæнæм, уæд та сыл уæлдай узæлд хъæуы, сбуц кæнын. Фæлæ афтæ мачи æнхъæлæд, хуссарирыстойнаг дзыллæ фæстæзад, ницыфенæг сты.

Æгæр фыдвæндæгтыл рацыдыстæм, тугдзых знаджы басастам! Æгæр бирæ дæр ма федтам! Иттæг хорз зонæм хорз дæр æмæ æвзæр дæр. Стыр курдиатæн къæрццæмдзæгъд кæнæм къахыл лæугæйæ. Аккаг аргъ кæнæм, аивады бæрзæндтæм схизын кæмæн бантыст, уыдонæн дæр, фæлæ сайд нæ рæзгæ фæлтæр дæр нæ быхсынц, æмæ йæ дæсныйад равдисынмæ чи ратагъд кæны Хуссар Ирыстонмæ, уый-иу йæ программæйыл æмбæлонæй бакусæд, цæмæй ма йын йе ‘рцыдмæ бæллæм, цæмæй йын зæрдæбынæй фæндараст зæгъæм.

Коцты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.