Æрбалæууыд та августы мæй æмæ та адæймаджы, æрхæндæг хъуыдытæ, æрхæндæг мысинæгтæ сæ уæлныхты систой. Адæймаджы та йæ хъуыдытæ ахастой 9 азы размæ, 2008 азы 8-æм августы нæ чысыл Цхинвалы, æмткæй Хуссар Ирыстоны зæххыл цы трагикон цаутæ цыд, уыдонмæ.

Цæстытыл та кинонывтау ауадысты уыцы трагикон цаутæ. Уыцы тугуарæн бонты нæ уарзон хъайтар горæт Цхинвалы уынгты алы чысыл дур, алы кæрдæджы хал дæр сахуырстысты нæ хъæбатыр лæппуты тугæй, ирон адæймаджы тугæй. Нæ хъæбатыр лæппуты хъайтардзинæдтæ цæрæнбонтæм легендæтау баззайдзысты, 300 спартаконтæ æнустæм легендæйау куыд баззадысты, афтæ. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм 2008 азы  8 августы цаутæ.

8 август… Хæст тынгæй тынгдæр кодта. Нæ чысыл хъайтар горæт æнæхъæнæй æхст фестади, уæлдæф дæр цыма топпы хосæй сцъæхи, афтæ зынд.  Адæм ныккæндтæм лыгъдысты, цыран ныййарæг мæдтæ сæ хъæбулты сæ риутæм уæлдай тынгдæр нылхъывтой æмæ хуыцаумæ куывтой сæ хъæбулты цард бахъахъхъæныны тыххæй. Знаг æппæт амæлттæй дæр архайдта горæтмæ æрбаирвæзыныл. Мæнæ Тъбеты ‘рдыгæй æрцæуынц знæгты танкæтæ, сæ фæстæ та – бирæнымæц фистæг æфсæдтæ 500-600 адæймаджы скондæй. Сæ фæнд у, хъуамæ æнæныхдуртæй æрбахилой Цхинвалы уынгтæм æмæ сæ «сыгъдæг быдыр» фестын кæной. Фæлæ сæ фæнд фæсыкк. Айнæг хохау сæ разы февзæрдысты ирон хъæбатыр лæппутæ Багаты Амиран, Джиоты Азæмæт (Пантера) æмæ иннæтæ. Амираны чысылнымæц къорды лæппутæ æртæ дихы аисты æмæ удуæлдай, мæлæтдзаг тохы бацыдысты знæгты ныхмæ. Тъбеты æрцæуæны Исахъы уынджы онг куы æрхылдысты гуырдзиаг лæгмартæ, уæд Джиоты Азæмæт уым цы бензоколонкæ уыд, уый фехста.  Бензоколонкæ ссыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн уыцы бынаты гуырдзиаг фашисттæй фæмард цалдæр. Знæгтæ нымæцæй дæр бирæ фылдæр кæй уыдысты æмæ сæм хæстон техникæ дæр бирæ фылдæр кæй уыд, уымæ нæ кæсгæйæ Багаты Амираны къорды лæппутæ цасдæр рæстæджы дæргъы хъæбатырæй лæууыдысты  знæгты ныхмæ. Къорды лæппутæй дыууæмæ уыд гранатæхсæнтæ, иннæтæм та – æрмæстдæр автоматтæ, афтæмæй цасдæр рæстæджы баурæдтой гуырдзиæгты горæтмæ æрбахизæны.

Раст уыцы карз тохы хъæбатырæй фæмард къорды хистæр Багаты Амиран, фæцæф йæ сæр. Джиоты Азæмæт кæм æмбæхст, уырдыгæй-иу ралыгъд фæндаджы ‘рдæм æмæ афтæмæй гранатæхсæнæй æхста знæгты танкæты. Цалдæры дзы сцæф кодта, иу танкæйæн дзы йæ пиллон скалд, фæлæ йæ уæдмæ уыдон дæр фæхатыдысты æмæ йæ фехстой. Азæмæты цур снаряд спырх æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ… Цæрæнбонтæм йæ кусынæй банцад йе ‘взонг зæрдæ. Ацы дыууæ хъайтар лæппуйы цасдæр рæстæджы дæргъы знæгты кæй баурæдтой горæтмæ æрбахизæны, уымæй бахъахъхъæдтой адæмы цард, сæхи цард рауæл-дай кæнгæйæ. Мах, Исахъы уынджы 58-æм корпусты цæрджытæ ныккæндтæм хъуыстам, уыцы тохы тыхджын æхстытæ, хъустæ къуырма кодтой алыгъуызон хæцæнгæрзты богъ-богъæй. Хатт-иу нæм æхстытæ æрбайхъуыстысты æввахсдæрæй, хатт та – дарддæрæй. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй-иу сæ нæ лæппутæ аппæрстой фæс-тæмæ, фæлæ танкæты ныхмæ автоматтæй чи хæцы. Бæргæ сæм куы уыдаид æмбæлон хæцæнгæрзтæ æмæ танкæтæ, уæд знаг горæтмæ не ‘рбаирвæзтаид, фæлæ…

8-æм августы гуырдзиаг фыдгæнджытæ Сталины уынджы карз тохы рæстæджы фесæфтой сæ техникæ æмæ лæгмартæй чи аирвæзт, уыдон бамбæхстысты кæйдæр хисæрмагонд хæдзары. Уырдæм сæм иунæгæй балæбурдта Джиджджойты Джетæ æмæ дзы цалдæры фехста, фæлæ уый йæхæдæг дæр фæмард знаджы нæмыгæй. Нæ горæты Хъайтарты уынджы хъайтардзинад равдисгæйæ, фæмард сты Козаты Лев, Плиты Тамаз, Гæззаты Инал æмæ æндæртæ. О, куыд уынгæджы уыдысты, уыцы тугуарæн бонты нæ хæстон лæппутæ. Фæлæ нæ фæтасыдысты æмæ фæстаг сулæфты онг дæр хъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх.

Сæрхъæн Саакашвилийы æрдонгтæ, ирон адæмы цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ, гуырдзиаг лæгхортæ сæ чъизи æлгъаг къæхтæй æрлæууыдысты Хуссар Ирыстоны сыгъдæг зæххыл. О, куыд уынгæджы уыдтæ, нæ чысыл Ирыстон, дæ туджы куы мæцыдтæ, уæд. О, цас æнæаххос туг ныккалд дæ зæххыл. О, цас тæригъæдтæ федтай, нæ уарзон Райгуырæн бæстæ, дæ хъæбулты хуыздæрты дын æнæвгъау фыдызнаг куы цагъта, уæд. О, цас цæссыг фæкалдтой ирон мæдтæ! О, цас тæссаг бонтæ æмæ æхсæвтæ фервыстой хуссарирыстойнаг цæрджытæ!

Кæд фараст азы рацыд августы хæстæй, уæддæр сæ хъæбулты цы мæдтæ фесæф-той, уыдоны зæрдæты рыст нæ фæкъаддæр æмæ сæ царды бонтæ æнæады тынд кæнынц. Хъæбулыл хур куынæ уал фæкæсы, уæд ныййарæг мадыл дæр нал фæкæсы, нал æй фæтавынц хуры зынг тынтæ дæр. Уæззау уаргъ æрхаудта ирон мæдты уæхсчытæм. Сæ хъæбултæ постыты кæмæн лæууыдысты æмæ сæм æппынæдзух сæ зæрдæ кæцы мæдтæн æхсайдта, уыдоны схонæн ис мад-хъайтартæ. Алкæцы ныййарæг мадæн йæ бон нæ бауыдзæн йæ хъæбулы мæлæтхæссæг тохмæ æрвитын, фæстæмæ ма сæрæгасæй æрбаздæхдзæн, уый нæ зонгæйæ. Уыцы мæдтæ æцæг хъайтартæ сты.

Цасфæнды азы ма рацæуа, уæддæр уыцы тугуарæн бонты ам, Цхинвалы чи уыд, мæлæты тасдзинад йæхиуыл чи бавзæрста, мæлæты цæстытæм комкоммæ чи каст, уыдон никуы ферох кæндзысты 2008 азы августы трагикон бонты. Йæхи цæстæй чи нæ федта уыцы цауты, уыдоны та нæ бауырндзæн, адæм цы фыдæвзарæнтæ бавзæрстой, уыдоны тыххæй. Ау, кæй хъуамæ бауырна, ныккæндты бадгæйæ, егъау гуыппыты рæстæджы нæ сæртыл къулы сæрстытæ кæй калдысты, срæмыгъдтыты рæстæджы-иу нæ йæ уылæн къулыл кæй ныццавта, алы минут, алы уысм дæр мæлæтмæ кæй æнхъæлмæ кастыстæм, æппынæдзух ныккæндтæм алы æмæ алы цыфыддæр хабæрттæ кæй хъуыстам, уыдæттæ. Хаттæй-хатт адæймаджы зонд фæкуыддæр вæййы, уыцы æбуалгъы хабæрттæ мысгæйæ.

Уыцы тæссаг бонты алырдыгæй хъуыст сывæллæтты, сылгоймæгты кæуын, фæдисмæ, æххуысмæ сидæг хъæртæ. Фæлæ нæм цалынмæ Стыр Уæрæсе æххуысмæ фæзынд, уæдмæ нæ тыхсты хъæр æндæр бæстæтæм нæ фехъуыст. Уæрæейы æххуысæй абон цæрæм сабыр цардæй. Фæлæ нæ хъæуы рох кæнын ирон  лæппуты хъæбатырдзинæдты тыххæй. Цæй æмæ сæ нæмттæ рох ма уæд, уыцы æнусон хъайтартæн. Ссарæм-иу рæстæг æмæ-иу сын бацæуæм сæ уæлмæрдтæм. Сæркъулæй-иу сæ уазал цыртыты цур алæууæм æмæ-иу сын бузныг зæгъæм сæ цард Ирыстоны сæрвæлтау кæй рауæлдай кодтой, уый тыххæй. Мачи нæ хъуамæ ферох кæна ирон мæдты хъарджытæ æмæ цæссыгтæ. Хъуамæ нæ зæрдыл дарæм,  йæ ивгъуыд цы адæм ферох кæны, уыдонæн нæ вæййы фидæн. 2008 азы августы хуссарирыстойнаг адæм лæууыдысты сæрсæфæны былыл. Чи йæ зоны, Стыр Уæрæсе нæм æххуысмæ куынæ фæзындаид, уæд нæ хъысмæт куыд уыдаид, хъуыддаг цæуыл фæуыдаид, уый. Уыцы тæссаг фондз боны уæззау фæд ныууагътой алкæйы зæрдæйы дæр.

Ирыстон та нырæй фæстæмæ хызт уæд ахæм фыдбылызтæй. Æмæ хызт та уыдзæн, æрмæстдæр кæрæдзи куы æмбарæм, æнгомæй куы цæрæм, уæд. Куы йæ зонæм, знаг нын чи у æмæ нын хæлар чи у, уæд. Хуыцау зæгъæд!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.