Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти 19-æм декабры ауагъта Хицауады æмбырд.

Цалынмæ боны фæткы цы фарстатæ уыд, уыдоныл не ‘рдзырдтой, уæдмæ уал уый Хицауады уæнгты базонгæ кодта, 16-æм декабры Дзæуджыхъæуы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисæн цы æвддæсæм рабадт уыд, уый фæстиуджытимæ.

Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй дзырд цыд 2017 азы бæрæг корректировкæтæ бахæссын бюджетон инвестицитæ сæххæст кæнынмæ. Рабадты банысанчындæуыд Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты нысанæн Уæрæсейы федералон бюджеты финасон æххуысы иумæйаг гуырахст, цæмæй фæфылдæр уа. Æхсæнхицауадон къамисы уæнгтæ банысан кодтой фидæны плæнттæ дæр».

Уымæй дарддæр ма Хицауады Сæрдар куыд фехъусын кодта рабадты хайадисджытæн, афтæмæй 16-æм декабры Æхсæнхицауадон къамисы куыстæн скодтой æвæрццаг аргъ дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр. «Нæ стратегион партнер Уæрæсейы ‘рдыгæй Инвестицион программæйы реализацийы руаджы нæ бæстæйы экономикæйы æнтыстджын рæзтæн, экономикæйы реалон секторæн æгасæй лæвæрд æрцыд ног импульс. Уæрæсейы фарсырдыгæй æппæт фæндæттæн мах ссардтам оптималон уынаффæтæ. Махæн нæ уæрæсейаг коллегæтæ нæ разы цы хæслæвæрттæ æмæ скъуыддзаггæниаг фарстытæ æрæвæрдтой, уыдон æххæст æрцыдысты гуырахстæй» – дзырдта Хицауады Сæрдар.

Хъуылымбегты Доментийы ныхæстæм гæсгæ 2017-2019 азты ноджыдæр кусдзысты масштабон программæтыл. Уыдонæй ис ахæмтæ, кæцытæ иу азæй хизынц иннæмæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй кæцыдæр проекттæ баст не сты Инвестпрограммæимæ. Уыдон тыххæй нæ республикæмæ хуынд цæуынц куыд уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнаг инвестортæ дæр.

Уый фæстæ Хицауады Сæрдар æмæ Хицауады уæнгтæ ахызтысты боны фæткы фарстытæм.

Хицауады Аппараты сæргълæууæг Гаглойты Олег фехъусын кодта Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасаны фæндон. Уый бахаста Къæбысты Георгийы кандидатурæ йæ хæдивæджы бынатмæ. Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты Къæбысты Георгийы кандидатурæйыл æмæ нысан æрцыд Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæджы хæдивæгæй.

Хицауады уæнгты размæ ма хаст æрцыд Дудайты Иртохы кандидатурæ дæр. Уый та бавдыста Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан. Цхинвалы районы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй уымæ ис «хорз политикон цæттæдзинад æмæ организаторон фæлтæрддзинад. Кæд уæлдæр ахуыр электрохызæджы дæсныйады фæдыл райста, уæддæр хорз рæхсы адæмы проблемæтæм байхъусын æмæ сын раст анализ скæнынмæ. Уымæ гæсгæ фæндон бахаста, цæмæй Дудайты Иртох нысан æрцæуа Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй».

Ацы дыууæ адæймаджы бæрнон бынæттæм нысан кæй æрцыдысты, уый фæдыл Хицауады Сæрдар загъта: «Æвзонг специалистты паддзахадон бынæтты уромын хæссы æхсызгондзинад. Уымæн æмæ æвзонг адæймаг æрвылхатт дæр тырны исты саразынмæ. Куыстуарзондзинад куы уа æвзонг специалистмæ, уæд йæ дæлбаруæвæг структурæтæ дæр уæндонæй цæуынц размæ. Мах, дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй паддзахадон æмæ бюджетон сферæтæм кусынмæ ист цæуой фæсивæды минæвæрттæ.

Рабадты ма æруынаффæ кодтой ахæм закъæтты проекттыл куыд «2016 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджеты закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссын» æмæ «2017 азы Паддзахадон бюджеты тыххæй».

Ацы дыууæ закъоны проектты фæдыл докладтæ сарæзта Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Дыууæ проекты фæдыл дæр æрцыд хъæлæсæппæрст.

Рабадты ма дзырд цыд РХИ-йы Национ банчы паддзахадон гаранти адарддæр кæныны тыххæй. Уый фæдыл та доклад сарæзта Экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям.

Экономикæйы министр куыд загъта, афтæмæй 2012 азы ноябры мæйы Хицауады гарантимæ гæсгæ Национ бангæй Дзулфыцæн комбинат райста кредиты хуызы æхцайы фæрæзтæ 8 милуан сомы. Уымæ гæсгæ Хицауад куырдиат балæвæрдта Национ бангмæ, цæмæй адарддæр кæной кредиты æмгъуыд.

Хицауады уæнгтæ иууылдæр хорзыл банымадтой ацы куырдиат.

Хицауады æмбырды ма дзырд цыд иурæстæгон финансон бафыстыты фæдыл, куыстмыздтæ, пенситæ æмæ æххуыстæ цы фæткмæ гæсгæ фыст æрцæудзысты, уыдæттыл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.