РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти цы кусæгон æмбырд ауагъта, уым уынаффæ цыд, раздæры ведомствойон æмдзæрæндæтты цы æмбæстæгтæ цæры, уыдон цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид цы хæслæвæрдтæ радта, уыдон куыд æххæст цæуынц, уый фæдыл, афтæ ма уыцы æмдзæрæндæтты  горæт Цхинвалы Администрацийы балансыл сæвæрыны фарстытыл.

Æмбырды куысты хайад райстой Паддзахадон исад æмæ зæххон ахастыты фæдыл комитеты сæрдар Пæррæстаты Сергей, горæт Цхинвалы Администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Димитр, горæт Цхинвалы Администрацийы Цæрæнуатон-эксплуатацион къамисы хистæр Хъуылымбегты Роберт æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Æрæмбырдуæвджытæ хыгъдтæ сарæзтой сæ бакæнгæ куыстыты тыххæй æмæ радзырдтой, æмдзæрæндæтты 90-æм азы чи бацард, уыдон цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй дарддæр куыст куыд цæудзæн, уыдæтты тыххæй. Уыцы æмдзæрæндоны цæрджытæ сты, æвæндонæй сæ цæрæнуат чи ныууагъта, уыдон æмæ Гуырдзыстонæй лигъдæттæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы азы 17 июны раздæры 131-æм профтехахуыргæнæндон цæрджытæ фембæлдысты республикæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид æмæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментиимæ. Ацы фембæлды рæстæджы уыдон радзырдтой æмдзæрæндоны техникон æмæ санитарон уавæрты тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон сты æдзæллаг уавæры. Уыцы фембæлды рæстæджы Президент æмæ Хицауады Сæрдар цæрджытæн бамбарын кодтой, зæгъгæ, раздæр зын уыд æмдзæрæндоны коммуникацион куыстытæ кæнын, уымæн æмæ бæстыхай хыгъды нæ лæууыд иунæг хæдзарадон субъекты дæр. Фæлæ цалынмæ æмдзæрæндоны цæрджытæ хицауиуæгадмæ балæвæрдтой куырдиат, уæдмæ уыдон кусын райдыдтой горæты Администрацийы балансыл сæ сæвæрыныл.

Пухаты Димитр куыд банысан кодта, афтæмæй Гуыбаты æфсымæрты уынгыл раздæры 131-æм профтехахуыргæнæндон æмдзæрæндоны тыххæй документтæ цыбыр рæстæгмæ арæзт фæуыдзысты.

«Майрæмбоны скъуыддзаг æрцæудзæн фарст ацы бæстыхай Цхинвалы горæтон администрацимæ адæттыны тыххæй æмæ мах планбæрцонæй æрæвналдзыстæм бæстыхайы коммунникацион куыстытæм», – загъта уый.

Хъуылымбегты Доменти бахахх кодта, зæгъгæ, куыдфæнды зын ма уа, уæддæр хъуамæ ссарæм фæрæзтæ, цæмæй æмдзæрæндоны цæрджыты цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнæм.

«Не ‘мбæстæгты фыццаджы-фыццаг хъæуы нормалон электроифтонгад, донифтонгад, канализаци æмæ афтæ дарддæр. Ныридæгæн горæты Администрацийы кусджытæ кусынц ацы куыстытæн нывæзт  скæныныл», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Пухаты Димитры ныхæстæм гæсгæ, горæты Администрацийы хъæдзарады хыгъды лæууы микрорайон «БАМ»-ы æмдзæрæндоны бæстыхай, цыран цæрынц 37 бинонтæ. Æмдзæрæндоны бакондæуыд бæрæг куыстытæ бæстыхайы техникон реанимацийы фæдыл, подъездты дуæрттæ ивд æмæ рудзгуытæ дæр ивд æрцыдысты пластикон рудзгуытæй, ныккæндтæ ссыгъдæгчындæуыд цы дон сæ æмбырд кодта, уымæй. Ныккæндтæ донæй йедзаг кодтой фылдæр хатт цæрджытæн сæхи аххосæй, уымæн æмæ зæронд инженерон коммуникациты байдзаг кодтой цардуагон гарзæгтæй.

Цхинвалы горæты Администрацийы цæрæнуатон-эксплуатацион къамисы хистæр Хъуылымбегты Роберты ныхæстæм гæсгæ, æмдзæрæндоны цæрджытæ цæрæнуатон-эксплуатацион къамисимæ æнæмæнгæй хъуамæ саразой социалон æххуырсты тыххæй рæстæгмæ бадзырдтæ.

«Уый уымæн хъæуы, цæмæй горæты къухдариуæгадæн закъоны бындурыл йæ бон уа бæстыхайы коммуникацитæ цалцæг кæнын, фæлæ цæмæдæр гæсгæ, уыцы бадзырдтæ аразыныл нæ тагъд кæнынц цæрджытæ. Æниу раздæр дзырдтой, зæгъгæ, «цы хатæнты цæрæм, уыдон ныл куы сфидар кæной, уæд нæхæдæг истытæ араздзыстæм нæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй», – бамбарын кодта Хъуылымбегты Роберт.

Уыимæ иумæ æмбырды банысан æрцыд, зæгъгæ, горæты администраци архайы, 131-æм профтехахуыргæнæндон æмдзæрæндоны цæрджыты  проблемæ аскъуыддзаг кæны-ныл, цыран æркалд бахизæны цар.

Пухаты Димитры ныхæстæм гæсгæ сын куыддæриддæр фехъусын кодтой, афтæ сæм æрбацыдысты горæты Администрацийы кусджытæ, цæмæй бынаты сбæрæг кæной æрцæугæ цауы бæрц æмæ саразой куыстыты сметæ.

«Турбазæйы» бæстыхайы тыххæй, уым цæрынц 65 бинонтæ, загъдæуыд, зæгъгæ, уагъд цæуы бæстыхайы мониторинг, цæмæй сахуыр чындæуа, Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзтæрцæуæг объектты, сæрмагондæй стадион æмæ спорткомплекс «Олимп»-ы донифтонгад æмæ  канализацион хызæгтæм æмдзæрæндоны коммуникациты баиугæнæн ис æви нæ.

«Популистон хъусынгæнинæгтæ æмæ ныфсæвæрæн ныхæстæ нæ дзурдзынæн, ома, æмдзæрæндоны цæрджытæн сараздзыстæм хицæн хæдзæрттæ. Хъыгагæн, бюджеты нæй ахæм фæрæзтæ. Ис æнæ цæрæнуатæй тыхст цæрджыты номхыгъдтæ. Цæрæнуат куыд арæзт цæуа, афтæ  уыдон исдзысты фатертæ. Фæлæ мах хæсджын стæм, цæмæй тыхсæм не ‘мбæстæгтыл, кæмфæнды ма цæрой, уæддæр. Уый тыххæй дарддæр куыст цæуы æмдзæрæндæтты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.