23-æм январы РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта æрвылкъуырион  æмбырд.

Хайад дзы райстой Хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, районты администрациты къухдариуæггæнджытæ.

Æмбырды лæмбынæгæй дзырд цыд, æрмæст къухыбафтгæ æнтыстыты тыххæй нæ, фæлæ ма проблемæты тыххæй дæр. 2018-2019 азты Инвестпрограммæ сæйраджыдæр цы фæдыздæхты кусдзæн æмæ архайдзæн нæ бæстæйы хæрзиуæгæн, уыцы фарстытыл уынаффæ кодтой Хицауады уæнгтæ.

Хъуылымбегты Доменти куыд загъта, афтæмæй, «2018-2019 азты Инвестицион программæйы сæйраг акцент у экономикæйы реалон секторы рæзт. Æндидзынгæнæн процессты æмрæнхъ активон куыст цæудзæн адæмон хæдзарады къабæзты рæзты, реалон секторы. Фæстаг азты хицауады хъусдард здæхт у республикæйы инвестицион климат хуыздæр кæнынмæ, Уæрæсейы регионты потенциалон хъуыддагон партнертæ агурынмæ, хисæрмагонд бастдзинæдтæ кæмæн ис, ахæмтæй спайда кæнынмæ, афтæ ма республикæйы территорийыл инвестици кæнынæн æмхуызон преферциттæ агурынмæ.

Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæныны тыххæй кæд фæрæзтæ къух нæ амонынц, уæддæр бынæттон бангтæ æххæст кæнынц микрокредиткæнынады процесс. Уымæй дарддæр ма скъуыддзаг цæуы экономикæйы реалон секторы рæзтмæ Инвестпрограммæйы æвæрд фæрæзтæй эффективондæрæй пайда кæныны ахсджиаг фарст. Пайда та сæ цæуы паддзахадон æмфинанскæнынады хуызы. Хуссар Ирыстоны Хицауад 2016 аз райста уынаффæ, кæцымæ гæсгæ реализацицæуæг проектæн, паддзахадон æххуыс, гæнæн ис, æххæст цæуа инвестицион кредиты фæдыл процентон ставкæты иу хай бафидыны кондадон ифтонггæрзтæ самал кæныны тыххæй хæрдзты иу хай бафидынмæ», – дзырдта Хицауады Сæрдар.

Æмбырды ма дзырд цыд амалджын æмбæстæгтæй абон бирæтæ цæттæ кæй сты аграрон секторы куыстытæм. Хъæууон фæллойгæнджытæй бирæтæ та кæй фæнд кæнынц сæндонгуысты рагон традицитæ сæндидзын кæнынмæ.

Культурæйы министр Остъаты Мадинæ æрдзырдта, йæ министрад цы программæйыл кусы, ууыл, ома, хъæуты культурæйы уагдæтты куыст фæхуыздæр кæныныл.

«Мах сæрмагонд хæслæвæрдтæ радтам Республикон адæмон аивады центрæн, цæмæй лæмбынæг сахуыр кæной æмæ анализ саразой хъæууон культурæйы хæдзæртты архайдæн. Уыцы куыст баконд æрцыд, æмæ уыцы мониторингыл æнцойгæнгæ, ныр мах уыцы программæ рахæсдзыстæм Хицауады размæ», – дзырдта Культурæйы министр.

Æмбырды ма дзырд цыд, Бастдзинады къабазы цы мадзæлттæ хъуамæ æр-цæуа арæзт, уыцы фарстыл дæр.

«Бастдзинады сферæ приоритетон у, бакæнинаг куыстытæ дзы бирæ ис, мах та уый тыххæй хъуамæ саразæм уавæртæ», – дзырдта Хъуылымбегты Доменти.

Фæсивæды монон хъомылады фарстатыл Хицауады æмбырды цыд лæмбынæг ныхас. Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик куыд загъта, афтæмæй Ахуырад æмæ зонады министрад, афтæ ма профилон ведомствотæ æмæ комитеттимæ иумæ арæзт цæуы сæрмагонд программæ, кæцыйы проектмæ гæсгæ рæзгæ фæлтæрмæ здæхт уыдзæн æм-бæлон хъусдард.

«Программæйы проект æрвыст æрцыд хъæуæг органтæм. Уыдонæй мах æнхъæлмæ кæсæм фиппаинæгтæм, уый фæстæ кæронмæ арæзт æрцæудзæн æмæ йæ æрбавдисдзыстæм», – загъта Хицауады Сæрдары хæдивæг.

Æмбырды та радон хатт дзырдтой  Къуайсайы горæты сывæллæтты рæвдауæндон, скъола æмæ рынчындоны паддзахадон балансыл сæвæрыны механизмтыл бакусын æмæ сæ Хицауады æмбырдмæ æрбавдисыны тыххæй дæр.

Хицауады æмбырды ма æрдзырдтой  ирон æвзаджы райрæзты паддзахадон программæйы тыххæй, 2012-2016 азты ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй цы программæйыл куыст цыд, уый æвæрццаг æмæ æппæрддзаг фæстиуджытыл.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.