28-æм октябры уагъд æрцыдис 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы рабадт. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Рабадты хайад райстой профилон министрадтæ, ведомствотæ, подрядон организациты æмæ контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Куыд фæтк, афтæ та ныр дæр рабадты уынаффæ цыдис, Инвестпрограммæмæ хаст цы объекттæ æрцыдысты, уыдоны арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, цахæм проблемæтæ æвзæры сæ разы, афтæ ма ивгъуыд рабадты цы хæстæ лæвæрд æрцыдысты,  уыцы æмæ æндæр ахæм фарстытыл.

Рабадты райдианы Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, Инвестицион программæ куыд реализаци цæуы, уымæн æвæрццаг аргъ скодта Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов, кæцы æрæджы кусæгон визитимæ уыд нæ республикæйы. Уый йæхæдæг федта, арæзтадон куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый.

Премьеры ныхæстæм гæсгæ нырма ис ахæм объекттæ, кæцытыл хъæуы бакусын, цæмæй азы кæронмæ нысанмæздæхтæй хардз æрцæуой, Инвестицион программæ реализаци кæныны тыххæй цы фæрæзтæ рахицæн æрцыдысты, уыдон. Уый æрсидт, арæзтадон организациты минæвæрттæм, цæмæй цы куыстытæ сæххæст кодтой, уыдоны гуырахсты фæдыл рæстæгыл саразой æмæ бавдисой хыгъдон документаци.

«Хыгъдон документаци рæстæгыл аразын, объектты куыстыты гъæдджынæй æмæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кæнын, сты махæн фыццаг планы», – йæ ныхас фæбæлвырддæр кодта Хицауады Сæрдар.

Дарддæр байхъуыстæуыд, Хицауады Сæрдары хæслæвæрдтæ куыд æххæст æрцыдысты, уый тыххæй информацимæ.

Ивгъуыд рабадты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн хæслæвæрд æрцыд, цæмæй бабæрæг кодтаид, генподрядон æмæ субподрядон организацитæ горæты уынгты хæрзарæзт кæнгæйæ цы дефекттæ æруагътой, уыдон аиуварс кæныны тыххæй цы куыст бачындæуыд, уый.

Министрады сæргълæууæг Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, уыдонæн сæ 70 % аиуварс æрцыдысты. Иннæты фæдыл дæр арæзт æрцыдысты басгæрстыты акттæ æмæ сыл сæ къухтæ æрфыстой æппæт фæрстæ дæр. Уый куыд баныфсæвæрдта,  афтæмæй штабы иннæ рабадтмæ æппæт дефекттæ дæр иуварс æрцæудзысты. Уыимæ ма банысан æрцыд, куыстытæ активонæй кæй цæуынц Сталины уынджы хæрзарæзтады фæдыл. Æппæт бакæнгæ куыстытæ дæр цæуынц графикмæ гæсгæ, фæлæ сæ уæддæр Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, цæмæй сæ ноджыдæр фæтагъддæр кæной.

Автомобилон фæндæгты Арæзтады æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард рабадты уæвджытæн куыд фехъусын кодта, аф-тæмæй куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц Синагур-Карзманы арæнгæрон фæндаг æмæ Гуфта-Къуайсайы автомобилон фæндаджы фыццаг этапы фæдыл дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы объекттæ хъуамæ арæзт фæуой нысангонд æмгъуыдмæ – ноябры кæронмæ.

Хъуылымбегты Доменти йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, ацы фæндæгтыл арæзтадон куыстытæ цæуынц хорз темптæй æмæ гъæдджынæй æмæ æр-домдта, цæмæй уыцы темптæ ма фæ-ныллæгдæр уой.

«Æз зонын, æнæ мæ ныхасæй дæр сымах кæй тырнут куыстыты темптæ фæтагъддæр кæнынмæ. Сымахæн æмбæлон хæслæвæрдтæ радта Президент Тыбылты Леонид. Уый æрæджы Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиевимæ бабæрæг кодтой ацы объектты, æмæ фæндагаразджыты куыстæн уыдон цы стыр аргъ скодтой, уый хъæуы кæронмæ акæнын», – бафæдзæхста Хицауады Сæрдар.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн ма хæсгонд æрцыд, цæмæй ногæй æркас-таид нæ горæты Тельманы уынджы дæс-фатерон цæрæн хæдзары арæзтадон куыстытæм, уымæн æмæ уыдон арæзт хъуамæ фæуой ацы аз ноябры мæйы кæронмæ.

Фарсты фæдыл арæзтады министрады сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Сергей банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ ацы объекты кусынц 19 адæймаджы.  Уыдон сæххæст кодтой куыстытæн сæ 30 %. Æддейæ кæнынц сæрдæн куысты-тæ, мидæгæй дæр кæнынц æндæр æмæ æндæр куыстытæ,  æвæрынц дуæрттæ, уадзынц электрохæххытæ.

Республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-æн та хæсгонд уыд, цæмæй республикæйы медицинон кластеры объектты донæй эффективонæй æмæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæныны фæдыл бакуыстаид мадзæлтты комплекс, чи кусынц æмæ арæзт чи цæуынц, уыцы объектты домæнтæ хынцгæйæ, афтæ ма уæвæг доны резервуарты сцалцæг кæныны æмæ уæлæмхас резервуартæ сæвæрыны фадат бахынцын дæр. Уый фæдыл Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъæ, ацы фарстыл уынаффæ цыд кластеры кусæг генподрядон организациимæ æмæ баныфс æвæрдта, рынчындоны донæй ифтонг кæныны хъуыддаг стабилизаци кæй æрцæудзæн.

Рабадты дзырд цыд Цхинвалы ногæй арæзтæрцæуæг базары эксплуатаци кæныны тыххæй фарстыл. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, бынæттон фермерон хæдзарадтæн базарадон фæзуæттæ арендæйы дæтгæйæ хъуамæ лæвæрд цæуой хатырон уавæртæм гæсгæ. Афтæ ма дзырд цыд университетон комплексы, паддзахадон драмон театры æмæ Цхинвалы центры парчы арæзтадты фарстытыл дæр.

Рабадты ма банысанчындæуыд, ацы аз кæй райдыдта экономикæйы реалон секторы рæзты проекттæ реализаци кæныны процесс. Уыцы проектыл кусы Мæскуыйы Инвестицион агентад, кæцыйы финанс кæнынц Уæрæсейы банктæ.

Нæ республикæйы ныртæккæ реализаци цæуынц дыууæ проекты,  арæн-гонд бæрндзинады æхсæнад «Растдон»-ы дзидзакуыстгæнæн куыстуат æмæ Цхинвалы районы индивидуалон амалиуæггæнæджы проект «Ирыстоны дыргъдæттæ»,  зæгъгæ. Йæ рады, республикæйы хицауад инвестортæн æх-хуыс кæны объекттæм æппæт хъæуæг коммуникацитæ бауадзын.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы ныхæстæм гæсгæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты план æрцыд, цæмæй дзидзакуыстгæнæн комплекс «Растдон»-мæ уагъд æрцæуой дон, газ æмæ электроэнерги, афтæ ма арæзт æрцæуа канализацион хæтæл.  Æппæт уыдæттæн рахицæн æрцыд 33 милуан сомы. Уыцы куыстытæ хъуамæ æххæст æрцæуой ноябры мæйы кæронмæ.

Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй æппæт дæр саразын хъæуы афтæ, цæмæй азы кæронмæ æппæт банысангонд мадзæлттæ дæр æххæст æрцæуой. «Уæлдай хъусдард аздахын хъæуы уыцы объекттæм, кæцыты куыстытæ фæстейæ зайынц æмæ мæ ныфс ис, ног азыл кæй сæмбæлдзыстæм Фы-дыбæстæйы раз нæ хæс кæй сæххæст кодтам, ахæм æнкъарæнимæ», – йæ ныхасы кæрон загъта Хъуылымбегты Доменти.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.