Нæ республикæйы фермерон æмæ хицæн хæдзарадтæн бафснаинаг уыд фæззыгон æмæ уалдзыгæнд мæнæуы, стæй – хъæбæрхоры хуымтæ. Куыддæр хуымгæрдæн æрбалæууыд, афтæ хоргуыстгæнджытæ æрæвнæлдтой ацы ахсджиаг æмæ æнæаргъæвгæ куыст æххæст кæнынмæ æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Уыцы хъуыддаджы се ‘нцой балæууыд Хъæууон хæдзарады министрад, сæйраджыдæр та – «Агропромсервис»-ы коллектив. Уый фæстиуæгæн хъæуæг техникæ ифтонг æрцыд æртагæй, самал кодтой ивæн хæйттæ дæр.

Комбайнертæ сæ куыст æххæст кæнынмæ æрæвнæлдтой æмбæлон æмгъуыдты æмæ цыд цырд темптæй. Фæлæ банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Ленингоры районы комбайнертæн фæстæдæр сæ куысты кæй уыд къуылымпытæ, дæргъвæтин къæвдатæ кæй ахаста, уый фæстиуæгæн. Уымæ гæсгæ уый мæгуырауæрдæм фæзынд тыллæджы иумæйаг райстыл дæр. Æфсирон культурæты иумæйаг нымæц районы æдæппæт  уыд 1100 гектары æмæ сæ æфснайгæ та кодтой Орчъосан, Абреу, Цъинагар æмæ Гъдулеты зæххыты. Хæдзарадтæ иууыл фылдæр байтыдтой хъæбæрхоры культурæ æмæ ахста 1000 гектары, иннæ та уыд мæнæу. Райдианы хоргуыстгæнджытæ райгонд уыдысты се ‘ркæнгæ тыллæгæй, фæлæ фæстæдæр уыцы бæрæггæнæн мæгуырауæрдæм фæивта боныгъæдты аххосæй. Афтæмæй фæззыгæнд мæнæуы гектарон тыллæгæрзад астæуккаг нымадæй рауад 12 центнеры æмæ хъæбæрхор та гектарæй райстой 10 центнеры.

Знауыры районы Уелиты хъæуы тракторон бригадæйы бригадир Наниты Талик куыд загъта, афтæмæй сæм иууыл иумæ хъæбæрхор тыд æрцыд 400 гектары æмæ фæззыгæнд æмæ уалдзыгон мæнæу та – 200 гектары. Комбайнертæ Бабаты Радион, Наниты Алик, Кокойты Валери, йæ фырт Сæрмæт, Гæззаты Андрей æмæ Джиоты Вадик æркарстой Бехъмар, Уелит, Ионча æмæ æндæр бынæтты байтыдтыты. Уымæй уæлдай се ‘ххуысы хай бакодтой Цхинвалы районы Арцеу æмæ Къостайыхъæуы хоргуыстгæнджытæн дæр. Хъыгагæн, ацы бынæтты гектарон тыллæгæрзад рауад ноджы мæгуыраудæр – мæнæуы культурæйæ бафснайдтой 10 центнеры æмæ хъæбæрхорæй та – 7 центнеры. Йæ сæйраг аххосаг та ам уыд, дæргъвæтин рæстæджы къæвдатæ кæй нæ уыд, уый.

Ацы бонты бригадæйы раззагон механизатор Гаглойты Виталик æрæвнæлдта фидæны тыллæгæрзадæн бындур æвæрынмæ. Уый уал Иончайы быдырты мæр афæлдæхта 70 гектары. Хуым кæныны куыст дарддæр дæр цæуы.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.