Экономикон райрæзты министрады хатырон кредиттæ дæттыны хайады сæргълæууæг Бибылты Нонна куыд зæгъы, афтæмæй 11-æм июлæй 22-æм июлмæ ист цыдысты бизнес-проекттæ не ‘мбæстæгтæй, кæцытæ фæнд кæнынц чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгад сæндидзын кæнын. Хатырон кредитты дыккаг этапæн бюджетæй хицæн æрцыд 25 милуан æмæ 946 мин сомы. Фыццаг этапы фæлгæтты фонды совет хорзыл банымадта 28 проекты хъæууон хæдзарады къабазы. Фонды совет лæмбынæг сахуыр кæны алы бизнес-проекты дæр. Кæд æмæ амалиуæггæнæг цы гæххæттытæ æрбавдиса, уыдон приоритетон уой, стæй проект саразыны рæстæджы рæдыдтытæ куы нæ уа, уæд лæвæрд æрцæуы, цы суммæ бавдыста, уый. Амалиуæггæнæг цы кредит куры, уый ма хъуамæ уа 5 милуан сомæй фылдæр. Кредит та лæвæрд цæуы фондз азмæ, афæдзы æфтиагæй фондз проценты уромгæйæ. Кредит дæттынæн ис йæхи гарантитæ. Кредит лæвæрд цæуы хæдзар кæнæ æндæр исад ныууадзгæйæ. Бибылты Нонна ма нын куыд загъта, афтæмæй фонды совет фыццаграды тырны, цæмæй хуыздæр хъусдард здæхт цæуа, ныридæгæн йæ бизнес кæмæн архайы, ахæм фермертæ æмæ арендатортæм. Йæ кондад рауæрæх кæнын кæй фæнды, фыццаграды кредиттæ дæр уыдонæн лæвæрд хъуамæ æрцæуа.

Алы аз дæр бизнес проекттæ финансгонд æрцæуынц дыууæ этапæй – афæдзы райдианы æмæ йе ‘мбисы. Куыд зонæм, афтæмæй чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады тыххæй закъон нæ республикæйы архайы 2018 азæй фæстæмæ. Ацы закъонмæ гæсгæ падзахадон æфтиæгты 2 проценты хицæн цæуы амалиуæгады райрæзтæн. Амалиуæггæнджытæн æхцайы фæрæзтæ лæвæрд цæуынц кредиты хуызы. 2018 азы кредиттæ лæвæрд æрцыд 49 адæймагæн, хъæууон хæдзарады чи архайдта, ахæмтæн. Фæлæ уый фæстæ, азты кредиттæ лæвæрд æрцыд базарад æмæ сæудæджерады фадыджы, стæй ма цардуагон лæггæдты къабазы дæр. 2020 азы Хицауады амындмæ гæсгæ хъæууон хæдзарады министрады арæзт æрцыд цæстдарæн къамис, кæцы бакуыста кредиттæ фæстæмæ раздахыны механизмыл. Уыдон лæмбынæг сæ цæст дарынц, цы фæрæзтæ лæвæрд æрцыд, уыдонæй куыд пайда цæуы, уымæ.

УАЗÆГТЫ Марфа                   

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.