Райдыдта ног ахуыры аз. Горæт та байдзаг ахуыргæнинæгты хъæлдзæг хъæлæбайæ. Æхсæнадон транспорты дæр зæлы сæ хъæлæс. Райсом æмæ сихоры рейстыл ахуыргæнинæгтæ уый бæрц вæййы æмæ хатт æндæр бæлццæттæн бынат нал вæййы. Бæлццæттæласæн æхсæнадон транспорты æнæкъуылымпы  куыстимæ бирæбæрцæй баст у ахуыргæнинæгтæ се скъоламæ рæстæгыл бафтой æви нæ, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, цалдæр азы размæйы уавæримæ абаргæйæ, ныр автобусы маршрутты куыст горæты,  хъæутæм æмæ ма суанг Цæгат Ирыстонмæ бæрæг фæхуыздæр.

Бæлццæттæласæн æхсæнадон транспорты куыст куыд цæуы, бæлццæтты домæнтæ куыд æххæст цæуынц æмæ ацы куыстуатæн йæ разы цы аскъуыддзаггæнинаг проблемæтæ ис, уый тыххæй махæн радзырдтой Республикæйы автотранспортон баиугæнды кусджытæ.

Августы мæйы æмбисы, Цхинвал-Дзæуджыхъæумæ æхсæнадон транспорты балцæджы аргъ фæ-фылдæр ис, ома, кæд раздæр 300 сомы уыд, уæд ныр та у 350 сомы. Ам куыд загътой, афтæмæй уый уыдис æртаджы аргъ кæй фæфылдæр фыццаджыдæр уый аххос, зæгъгæ. Уыйхыгъд горæты автобусты тарифтæ раздæрау баззадысты æнæивгæйæ.

Республикæйы районтæм æмæ хъæутæм нæма фæфылдæр сты фæндаджы æргътæ, фæлæ сæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон дæр фæфылдæр уыдзысты, æрмæст чысылбæрцтæй.

Ис ахæм категорийы адæймæгтæ, кæцытæ транспортæй пайда кæнынц æнæаргъæй. Уыдон та сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ, студенттæ, скъоладзау-тæ æмæ горæтæй хъæуты скъолатæм цы ахуыргæнджытæ цæуынц, уыдон. Ацы лæггæдты аргъ фиды Ахуырады министрад.

Горæты ис ахæм маршруттæ, куыд Гафезы уынгæй БАМ-мæ, Мæскуыйы микрорайонæй Ленины уынджы кæронмæ, 3-аг номыр – Хъæдгуысты комбинатæй Шанхаймæ. 5-æм номыр ныццæуы Царзмæ, азилы горæты уынгты æмæ уый фæстæ та бацæуы соматикон рынчындонмæ. Алы маршрутыл дæр кусы дыгай рейсы автобустæ. Иу автобус та цæуы горæтæй ТЭК-мæ, фæлæ уый рейстæ саразы æрмæстдæр райсом æмæ изæр.

Фæстаг азты бæлццæттæласæн управлени кæд цалдæр машинæ райста, уæддæр графикмæ ивындзинæдтæ нæ бахæсдзæнис, уымæн æмæ афтæ бирæ адæм нæ пайда кæны æхсæнадон транспортыл, хисæрмагонд машинæтæ æгæр арæх кæй сты, уый тыххæй. Райсом куыстуæттæм æмæ скъолатæм куы фæцæуынц  ахуырдзаутæ, уæд йе-дзаг вæййынц автобустæ, фæлæ фæссихор стæм адæймæгтæ пайда кæны æхсæнадон транспортæй.

Нæ горæты цæрджытæ арæх ра-зы нæ вæййынц, æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæкæсæн бынæттæ кæй нæй, уый тыххæй. Фæлæ уыцы хæс та ис горæты администрацийыл. Бæлццæттæласæн управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон бахатыдысты администрацимæ, цæмæй бæлццæттæн æмбæлон лæууæн бынæттæ арæзт æрцæуой, маршрутты рæстæг зоной, нæ горæтмæ æддейæ чи æрцæуынц, уыдон дæр. Фæлæ уыдонæн сæ дзуапп вæййы уынгтæ уал, кæронмæ арæзт фæуой, кæнæ та æхцайы фæрæзтæ нæй, зæгъгæ.

Горæты сæйраг уынгтæ кæд арæзт сты, уæддæр нырма бирæ аразинæгтæ ис, хъæутæм фæндæгтæ дæр сæ фылдæр сты аразинаг. Уымæ гæсгæ æхсæнадон транспорт арæх фехæлы æмæ ацы управленийы бахъæуы республикæйæн æдтейæ ивæн хæйттæ самал кæнын. Æрæджы хицауады æххуысæй управлени райста 8 маршрутон такси. Ныр уыдон фылдæр кусынц Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ. Уымæй размæ Цæгат Ирыстонмæ цы автобустæ куыстой, уыдон лæвæрд æрцыдысты горæты маршруттæм.

Ныртæккæ автотранспортон управленийы къухдариуæгад архайы, цæмæй самал кæной Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ цы транспортон фæрæзтæ кусынц, ахæмтæ. Уымæн æмæ уыдон, иуæй æртаг къаддæр хардз кæнынц иннæмæй та сын ис газæй пайда кæныны системæ дæр. Сæ хæйттæн та се ссарæн у æнцондæр, ис сын Дзæуджыхъæуы балхæнæн дæр.

Автотранспортон управлени ма хъавы Царзы сын цы автопарк ис, уый сног кæнынмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.