28-æм февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг ауагъта хыгъдон æмбырд 2017 азы  бакæнгæ куысты фæдыл.

Æмбырды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр,   Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся, æндæр бæрнон кусджытæ.

Йæ доклады райдианы Дзæгъиаты Уырызмæг бузныджы ныхæстæ загъта æмбырдмæ æрбацæуджытæн. Уый фæстæ фехъусын кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ прокуратурæ  паддзахады номæй æххæст кæны æмæ кусы закъæтты фæлгæтты Президенты барамындтæ æмæ нормативон барадон акттæ æххæстгæнгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл. Уымæ гæсгæ Генералон прокурор æмæ йæ дæлбар кусджытæ кусынц æмæ координаци кæнынц барадхъахъхъæнæг органты куыст, фыдракæндты ныхмæ тох æмæ æндæр фарстыты фæдыл барамындтæ. Дзæгъиаты Уырызмæг æрдзырдта иууыл сæйрагдæр хæстыл, кæцыты Генералон прокуратурæ æрæвæрдта йæ разы аивгъуыйгæ аз, æмæ æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта ахсджиаг фарстатæм. Уыдон канд Генералон прокуратурæйæн не сты ахсджиаг, фæлæ æмткæй Хуссар Ирыстонæн дæр. Æрдзырдта 2017 азы фыдракæндты динамикæйыл æмæ сæ абарста 2016 азы æнгæс фыдракæндтимæ.

2017 азы нæ Республикæйы хынцыд æрцыд 216 фыдракæнды. Фыдракæндтæ 2016 азимæ абаргæйæ фæкъаддæр сты 28 бæрц. Сæ раргом кæныны хъуыддаг 2016 азимæ абаргæйæ фæкъаддæр ис дыууæ проценты, æмæ ныртæккæ фыдракæндтæ раргом кæныны бæрц у 78 проценты. Ахæм фыдракæндтæ, куыд давд, адæймаджы амарын, æнæзакъонæй наркотикон буарадтæй пайда кæнын, æмæ æндæртæ, хъыгагæн, кæнынц фылдæр.

Фæлæ æнæзакъонæй æхсæнгарз амал кæнын æмæ дарын, терроризм, давыны алыхуызон цауты нымæц къаддæр кæны, – банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг. Уый куыд загъта, афтæмæй иуæй-иу фæдагурæн куыстытæ æмбæлон æмвæзадыл не сты. Уый баст у, фыццаджыдæр, ууыл, æмæ фæдагурæн мадзæлттæ хæлд æмæ рæстæгыл уагъд не ‘рцæуынц. Уый та баст у ууыл æмæ иуæй-иу экспертизæтæ ауадзыны зынвадат уавæртыл æмæ уымæ гæсгæ бахатынц æххуысмæ сæ уæрæсейаг коллегæтæм.

Республикæйы Генералон прокурор уæлдай хъусдард аздæхта, акцизты фарстайы фæдыл цы егъау куыст цæуы, уымæ. Загъта, зæгъгæ, Генералон прокуратурæйы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыдис кусæгон къордтæ, кæцыты сконды сты Мидхъуыддæгты органты кусджытæ, Экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы хайады кусджытæ, РХИ-йы Хъалонты службæйы комитеты акцизон хайады кусджытæ æмæ паддзахадон таможнæйон комитеты кусджытæ. Уыдон Генералон прокуратурæйы кусджытимæ ауагътой иумиаг рейдон мадзæлттæ, æмæ уыцы рæстæджы бæрæг кодтой юридикон æмæ физикон цæсгæмтты, кæцытæ æрласынц æмæ реализаци кæнынц, акцизтæ æвæрд кæуыл нæй, ахæм продукци: «Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ акцизон хъалонтæ æвæрын кæй райдыдтой, уый фæстиуæгæн фæфылдæр сты æфтиæгтæ аивгъуыйгæ азимæ абаргæйæ. Зæгъæм, 2016 азы уыдон уыдысты 9 милуан 616 мин сомы, 2017 азы та – 24 милуан 246 мин сомы. Афтæ ма, таможнæйон æмбырдтæ дæр фæфылдæр сты 10 милуан сомы онг», – банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Генералон прокуратурæйы Хъусдард æмæ закъон æххæст кæныны хайады кусджытæ горæты æмæ районты прокуратурæйы кусджытимæ ауагътой 110  æхсæ-надон басгæрсты. Зæгъæм, ООО «Меркурий Плюс»-ы куысты фæдыл басгæрст рабæрæг кодта, РХИ-йы паддзахадон драмон театры бæстыхайы цалцæггæнæн æмæ арæзтадон куыстыты фæдыл генералон подрядон ООО ФСК «Эверест»-ы хыгъдон документацийы кæй нæ разынд 500 милуан сомы бæрц. Арæзтадон фирмæ РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады раз хыгъд сарæзта æрмæстдæр 900 милуан сомæн. Дзæгъиаты Уырызмæг ма банысан кодта, зæгъгæ, ООО «СоюзСтройПроект»-ы финансон æмæ хæдзарадон архайд басгарыны фæдыл рабæрæг ахæм факт, куыд уый бирæ рæстæг кусджытæн куыстмызд нæ фыста. Уый фæдыл Генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг. Куыстмыздтæ бафидыны суммæ у 36 милуан сомы.

Генералон прокурор йæ хыгъдон доклады æрдзырдта, РХИ-йы Национ бангы раздæры хистæр Дзантиаты Олегыл цы уголовон хъуыддаг баконд æрцыд, уый фæдыл. Куыд загъта, афтæмæй Дзантиаты Олег ахст æрцыд горæт Мæскуыйы æмæ æркондæуыд Дзæуджыхъæумæ. Ныртæккæ уый хъуыддаджы фæдыл цæуы слестгæнæн архайдтытæ.

Дзæгъиаты Уырызмæг ма куыд загъта, афтæмæй 2017 азы кæрон уымæн Мæскуыйы уыд фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Фæдагурæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкинимæ. Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстоны прокуратурæйæ æрвыст уголовон хъуыддæгтыл, цæмæй уголовон фæдагурæн мадзæлттæ уагъд цæуой Уæрæсейы Федерацийы территорийыл.

«Фембæлды рæстæджы æз мæ уæрæсейаг коллегæимæ дзырдтон, нæ республикæйы Генералон прокуратурæ Уæрæсейы прокуратурæмæ цы уголовон хъуыддæгтæ арвыста, уыдоны фæдыл цы фæдагурæн мадзæлттæ цæуы, уый тыххæй. Афтæ ма мах ныхас кодтам, цæмæй æппæт ацы уголовон хъуыддæгтæ активизацигонд æрцæуой æмæ Хуссар Ирыстоны бюджетæн цы зиан æрхастой, уый фæстæмæ баххæст кæной», – банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Генералон прокурор хыгъдон доклады æрдзырдта нæ районты прокуратурæты куысты фæдыл дæр. Базонгæ кодта æрæм-бырдуæвджыты æмткæй бакæнгæ куысты фæстиуджытимæ. Сæ бакæнгæ куысты тыххæй радзырдтой РХИ-йы Генералон прокуроры хæдивджытæ.

Уый фæстæ раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли. Уый арфæйы ныхæстæ загъта прокуратурæйы кусджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, прокуратурæйы ахсджиаг куыстæн зын у аргъ скæнын.

«Уæ куыст у ахсджиаг республикæйæн æмæ йе ‘мбæстæгтæн. Сымах, куыд прокура-турæйы кусджытæ, афтæ уæ не ‘мбæстæгтæ нымайынц намысджын адæймæгтыл, ахæмтыл, кæцытæ цæттæ сты алыварсонæй дæр се ‘мбæстæгты интерестæ бахъахъхъæнынмæ. Сымахыл ис егъау хæс æвæрд не ‘мбæстæгты раз æмæ йæ хъуамæ æххæст кæнат цæсгомджынæй. Мæн уырны, æмæ уæ куысты сымахæй алчи дæр хæст у паддзахады интерестæ хъахъхъæныныл, не ‘мбæстæгты интерестæ хъахъхъæныныл. Рæстдзинады принциптæ хынцгæйæ, æххæст кæнут уæ профессионалон хæслæвæрдтæ. Сымахæн уæ куыст у тынг ахсджиаг, егъау куыст бакодтат, фиддонтæн сæхи цы уагдæттæ иуварс кодтой, уыдоны закъонмæ æркæныны хъуыддаджы. Мæн уырны, сымах уæ профессионалон зонындзинæдтæй пайда кæндзыстут, цæмæй æппæт ацы фарстатæ æмбæлон æгъдауæй скъуыддзаг æрцæуой», – загъта Президент.

Йæ раныхасы ма бæстæйы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, прокуратурæйы кусджытæ куынæ æрдардтаиккой сæ хъус акцизон маркæты хъуыддаг æрбæстон кæнынмæ, уæд нæ райстаиккой уыцы фæстиуæг, кæцы бафтыд абон сæ къухы.

«Мæн уырны, нæ иумиаг куысты руаджы нæ къухы кæй бафтдзысты уыцы бæллицтæ, кæцытæ æвæрд цæуынц не ‘мбæстæгты раз», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ раныхасы фæстæ прокуратурæйы кусджыты иу къорды Президент схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.