ФЕМБÆЛД РЕСПУБЛИКÆ ХЪЫРЫМЫ СÆРГЪЛÆУУÆГ СЕРГЕЙ АКСЕНОВИМÆ

РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй Хуссар Ирыстоны делегаци ацыд Ялтæмæ  Æхсæнадæмон экономикон форумы хайад райсыны тыххæй. Йемæ ацыдысты Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæрдар Æлборты Алан.

Форумы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Хъырымы Сæргълæууæг Сергей Аксеновæн уыд фембæлд Ялтæйы. Уыдон уынаффæ кодтой дыууæфарсон ахастыты фæдыл.

Сергей Аксенов бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг делегацийæн, Хъырымæн нысаниуæгджын мадзал – Ялтæйы Æхсæнадæмон экономикон форумы хайад кæй исынц, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон цы фæндагыл рацыд, уый у цыты аккаг.

«Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын ног импульс ратдзæн нæ ахастыты рæзтæн, сæрмагондæй – экономикон ахастытæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн аргъ кæндзысты бæрæг фæстиуджытæм гæсгæ, фæлæ æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыдонмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъæудзæн. Не ‘нтыстытæ æмæ фадæттæ фенынмæ нæм абон бирæ уазджытæ æрцыд. Æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн», – загъта уый.

Йæ рады, Бибылты Анатоли фæндвидарæй банысан кодта, зæгъгæ, абон цы сразыдзинæдтыл æрфыстæуыдзæн къухтæ, уыдон тынг фæахъаз уыдзысты дыууæфарсон æмахастыты рæзтæн.

«Традицион форум, кæцы уагъ цæуы Ялтæйы, ныридæгæн бацахста йæхи сæрмагонд бынат, Уæрæсейы æмæ фæсарæнты цы форумтæ уагъд цæуы, уыдоны ‘хсæн. Æрвылаз дæр фылдæрæй фылдæр кæны уазджыты, проектты æмæ презентациты нымæц, форум уæрæх кæны, уый æвзæрын кæны сæрыстырдзинад махмæ дæр æмæ сымахмæ дæр, уымæн æмæ мах Хъырымы нымайæм æфсымæрон республикæйыл.

Абон нæ республикæты ‘хсæн ахастытæ рæзынц, Хуссар Ирыстоны аразын райдыдтой сæн, фарон дæр æмæ ацы аз дæр ныккалдæуыд   сæндæттæ,  цæуы  серьезон куыст. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыцы ахастытæ – политикон, социалон æмæ культурон, уæрæхæй уæрæхдæр кæндзысты», – загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент.

Уый Хъырымæн раарфæ кодта, «Хъырымаг уалдзæгыл» фондз азы кæй сæххæст, уый сæраппонд æмæ банысан кодта йæ инфраструктурæ æмæ туризмы рæзтмæ Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады серьезон хъусдард.

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ СРАЗЫДЗИНАДЫЛ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ  Республикæ Хъырымы Сæргълæууæг Сергей Аксенов сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ Республикæ Хъырымы (Уæрæсейы Федераци) Министрты советы ‘хсæн базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинæдтыл.

Къухтæ ма æрфыстæуыд Сразыдзинады практикон реализацийы тыххæй бакуыстгонд мадзæлтты планыл дæр.

Дзыллон информацион фæрæзтæн Хъырымы Сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, къухтæ цы документтыл æрфыстæуыд, уыдоны формалон æгъдауæй нысан æрцыдысты дыууæ республикæйы ‘хсæн ахастытæ, кæцытæ ныры онг дæр рæзтысты.

«Арæзт цæуы Хъырымы хæлæртты къорд, кæцытæ немæ рæзын кæнынц ахастытæ, фæнды сæ немæ бизнес аразын, уыдоны ‘хсæн ис Хуссар Ирыстон дæр. Абон мах нæ ахастытæн формæ радтам», – загъта Сергей Аксенов.

Бибылты Анатоли Сразыдзинады реализацийы перспективæты тыххæй фарстæн дзуапп дæтгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, «цы документыл æрфыстæуыд къухтæ, уый бизнес-æмæхсæнады минæвæрттæн ныфс дæтты, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы къухдариуæгадтæ æппæт дæр кæй сараздзысты сæ территоритыл хъуыддæгтæ аразынæн æмæ сын инвестицион проекттæ æххæст кæнынæн комфортон уавæртæ кæй сараздзысты, уый тыххæй».

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, йын тынг æхсызгон у, форумы хайадисджыты географи кæй уæрæх кæны, уырыссаг Хъырыммæ дунеон æмæхсæнады ахастытæ куыд ивынц, уымæ кæсын.

«Уый афтæ нысан кæны, æмæ Хъырымы йæ райгуырæн бæстæмæ раздахыны тыххæй адæмы уынаффæ раст æмæ закъонон уыд», – загъта Хуссар Ирыстоны Президент.

Сразыдзинадты пунктты нысан æрцыд кæрæдзийæн дыууæфарсон пайдайы бастдзинæдты стабилон рæзтæн дæргъвæтин бындурыл хæрзвадат уавæртæ саразын экономикæйы алыгъуызон фадгуыты, иумиаг инвестицион проектты реализацийæн баххуыс кæнын, туризм æмæ спорты фадыджы æмгуысткæнынады рæзтæн æмæ сфидар кæнынæн хæрзвадат уавæртæ саразын, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы территоритыл хæдзариуæгады субъекттæ бакæнын æмæ сын сæ архайд æххæст кæнынæн баххуыс кæнын.

Бибылты Анатоли æмæ Сергей Аксеновы хайадистæй  къухтæ æрфыстæуыд Республикæ Хъырымы Керчы горæтон зылды Муниципалон арæзтады (Уæрæсейы Федераци) æмæ горæт Цхинвалы горæтон Администрацийы (Республикæ Хуссар Ирыстон) ‘хсæн Сразыдзинадыл.

Документыл сæ къухтæ æрфыстой горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ Республикæ Хъырымы Керчы горæтон зылды Муниципалон арæзты сæргълæууæг Николай Гусаков.

ФЕМБÆЛД ДЕПУТАТТИМÆ

V Ялтæйаг æхсæнадæмон экономикон форумы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Италийы минæвæрттимæ – Италийы Парламенты депутат Вито Коменчини æмæ Венетойы Парламенты депутаттимæ. Хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ме-дойты Димитр дæр. Фембæлды хайадисджытæ ныхас кодтой æмгуыстады æмæ кæрæдзиимæ ахастыты фарстатыл.

Бибылты Анатоли италиаг парламентариты фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй æрцæуой РХИ-йы парламентон æвзæрстытæм цæстдарджыты хуызы.

«Махмæ 9-æм июны уыдзысты Парламентмæ æвзæрстытæ. Мæн фæнды, цæмæй нæм æрцæуат æмæ саргъ кæнат æвзæрстыты процессы демократондзинад æмæ æргомдзинадæн. Официалон хонæнтæ дæр уæм арвыстæуыдзæн», – загъта Президент.

Вито Коменчини бузныг загъта Президентæн, кæй йæ фæхуыдта, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, цæстдарджыты къорд æрцæудзæн Хуссар Ирыстонмæ.

Фембæлды хайадисджытæ кæрæ-дзийæн сæ хъуыдытæ загътой къорд политикон фарстаты фæдыл дæр.

Венетойы Парламенты депутат Стефано Вальдегамбери радзырдта, цы хъусынгæнинаг райста, уый тыххæй, цыран дзырдæуы, зæгъгæ, уый хаст у Украинæйы санкцион номхыгъдмæ.

Йæ рады Бибылты Анатоли дæр банысан кодта, зæгъгæ, йæ ном дæр ис уыцы номхыгъды æмæ бахахх кодта, «Украинæ ахæм архайдтытæй тагъд рæстæджы йæхи кæй сизоляци кæн-дзæн æмæ æнæ хæлæрттæй кæй баззайдзæн, уыцы рæстæджы, Хъырым, Хуссар Ирыстон æмæ Донбассы республикæтæн та сæ партнерты зиллак бонæй бонмæ уæрæхæй уæрæхдæр кæндзæн».

БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ ХАЙАД РАЙСТА  ФОРУМ ГОМ КÆНЫНЫ ЦЕРЕМОНИЙЫ

Бибылты Анатоли хайад райста V Ялтæйаг æхсæнадæмон экономикон  форум гом кæныны цытджын церемонийы.

Республикæ Хъырымы Сæргълæууæгимæ æмæ фæсарæйнаг делегациты минæвæрттимæ иумæ Бибылты Анатоли дæр ныххæцыд  форумы старты тыххæй символикон кнопкæтыл.

Йæ арфæйы ныхасы Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Хъырымы хæлæрттæ фылдæрæй фылдæр кæнынц.

«Мах æй уынæм, Хъырымы хæлæрттæ географимæ гæсгæ уæрæхæй уæрæхдæр кæй кæнынц. Ам бирæ адæм ис, кæцытæ нырма знон хъуыды кодтой, ацæуой æви нæ Хъырыммæ, Хъырымимæ кусын райдайой æви нæ», – загъта уый.

Бибылты Анатоли фæндвидарæй банысан кодта, зæгъгæ Ялтæйаг æхсæнадæмон экономикон форумы уазджытæ дарддæр ныфсджындæрæй араздзысты хъуыддагон ахастытæ Республикæ Хъырымимæ.

«Уырны мæ, абон ардæм цы адæм æрцыдысты, уыдонæн сæ бон ныфс-джынæй у зæгъын, Республикæ Хъырымимæ иумæ кусын, ардæм инвестицитæ бакæнын, хъуыддагон æмæ экономикон бастдзинæдтæ аразын кæй хъæуы», – бахахх кодта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, «дард нал у уыцы рæстæг, Хъырыммæ  куы цæудзысты уыцы паддзахадты фыццаг адæймæгтæ, кæцытæ йæ рæстæджы Уæрæсейы ныхмæ кодтой санкцитæ. Уыдоны бауырндзæн, Хъырым ахæм территори кæй у, цыран аныгъуылæн ис хъуыддагон активондзинады, кæцыйы градус æрвыл аз дæр фылдæрæй фылдæр кæны экономикон форумы куысты рæстæджы»

Йæ ныхасы кæрон Бибылты Анатоли се ‘ппæтæн дæр раарфæ кодта форумы æнтыстджын куысты тыххæй, афтæ ма бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатортæн.

ФЕМБÆЛД СИРИАГ АРАБАГ РЕСПУБЛИКÆЙЫ  ДЕЛЕГАЦИИМÆ

Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд уыд Сириаг Арабаг Республикæйы делегациимæ. Фембæлд ацыд V Ялтæйаг æхсæнадæмон экономикон форумы фæзуатыл.

Сирийы делегацийы сконды уыдысты Экономикæйы министр Самер Аль-Халиль æмæ Уæрæсейы Федерацийы Сириаг Арабаг Республикæйы Минæвар Рияд Хаддад.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй фембæлды хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннади æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Хуссар Ирыстоны Президент раарфæ кодта Сириаг Арабаг Республикæйы делегацийæн, сæ хæдбардзинадыл 73 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд, кæцыйы Сирийы адæм банысан кодтой æрæджы, фæндвидарæй сын загъта, зæгъгæ,  террористты ныхмæ ныры хæсты дæр сæ къухы бафтдзæн  уæлахиз.

«Ныры ахастытыл куы дзурæм, уæд уыдон рæзынц динамиконæй, абон боны фæткы ис Базарады хæдзар байгом кæныны фарст. Цалдæр хатты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ ацыдысты Сиримæ, ныхас кодтой сæ коллегæтимæ. Практикон æгъ-дауæй цæттæ у Æхсæнхицауадон къамисы мах хайы сконд. Уырны мæ, иумиаг къамис тагъд рæстæджы кæй скусдзæн æмæ кæй архайдзæн æрмæстдæр уыцы бадзырдты реализацийыл, кæцыты сарæзтам Президент Башар Асадимæ», – загъта Бибылты Анатоли. 

Самер Аль-Халиль банысан кодта, зæгъгæ, Сири æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн арæзт æрцыд къорд ахсджиаг сразыдзинады, уыдонæй кæцыдæртæ ‘рцыдысты ратификаци дыууæ бæстæйы парламетты, æмæ абон та æнæмæнгæй къахдзæфтæ саразын хъæуы сæ реализацийы тыххæй.

«Спайда кæнын хъæуы нæ бæстæты ‘хсæн гæнæнуæвæг бастдзинæдтæй, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонмæ нæ парламентариты ацæуынæй дæр, паддзахадон организациты æмæ сæрмагонд компаниты ‘хсæн ахастытæй дæр. Уыдон æмкуыстады рæзты тыххæй хъуамæ саразой хидтæ», – банысан кодта Сирийы Экономикæйы министр.

Уый Бибылты Анатолийæн загъта йæ фæндон Хуссар Ирыстоны минæвæртты Дамаскмæ арвитыны тыххæй, цæмæй хайад  райсой  Æхсæнадæмон армукъайы.

Уæрæсейы Федерацийы Сирийы Минæвар Рияд Хаддад дæр фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ Сирийы Арабаг Республикæйы Адæмон æмбырды делегацийы ацыды бон бæрæг æрцæудзæн  цыбыр  рæстæгмæ .

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.