Президент Гаглойты Алан знон фембæлд, Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады фадыджы хорз æнтыстытæ кæмæн ис, уыцы аграрон уагдон ООО «Южный сад»-ы инвестортæй сæ иу, Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат Тотоонты Алыксандримæ. Фембæлды хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан.

Президенты ныхæстæм гæсгæ хъæууон хæдзарады фадыг Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг у, уымæ гæсгæ нын æхсызгон у, дыргъдон кæй уæрæх кæны йæ куыст, социалон фондмæ фиддонтæ хынцыны хъуыддаг фылдæр кæны æмæ куысты бынæттæй ифтонг цæуынц бынæттон цæрджытæ.

Куыд зонæм, афтæмæй «Южный сад» кæны хæрзаудæн куыст дæр. Уый тыххæй бæстæйы разамонæг арфæйы ныхæстæ загъта инвесторæн æмæ банысан кодта, бæстæйы разамынад æппæтдæр кæй араздзæн, цæмæй бæстонгæнинаг фарстатæ рæстæгыл лыггонд цæуой.

«Мах араздзыстæм æппæтдæр, цæмæй ахæм проекттæ фылдæр кæной, уымæн æмæ сын ис хорз фæстиуджытæ æмæ сты бафæзминаг æндæр инвестортæн», — загъта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ дыргъдоны фæллойгæнджытæ дæр райгонд сты, уымæн æмæ сæ бинонты дарын фæразынц.

Тотоонты Алыксандр банысан кодта Хуссар Ирыстоны территорийыл ацы бизнесы ахсджиагдзинад. Уæрæсейаг уазæг проект рахуыдта егъау æмæ хъæуæг. Радзырдта йæ аразыны райдиантыл, зæгъгæ, Гасситы Знауыр уыд фыццаг адæймаг, кæмæ бахъардта æмæ раздзог чи ссис проекты реализаци кæнынады.

«Мæнæн Хуссар Ирыстон ссис мæ царды нысаниуæгджын бæстæ. Бæрнон æнкъарынад æмæ æцæг хъуыддæгтæй æз кæддæриддæр баст уыдтæн Ирыстонимæ. Мæ хъуыддæгтæ æмæ фадæттæй æппынæдзух архайдтон мæхи Ирыстоны зæххимæ сбæттыныл», — банысан кодта уый.

Цæгатирыстойнаг æмæ уæрæсейаг бизнесы ацы проекттæ æмæ æндæр пълæнттæ реализаци кæнынæй æрæввахс кæниккой Ирыстоны хуссар хайы сæйраг идейæ — Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæнынмæ.

Ныхасгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй нырæй фæстæмæ проекты дарддæры реализацийы фарстатæн дзуапп кæндзæн йæхæдæг. Уымæн æмæ кæцыфæнды компани дæр йæхимæ хъуамæ иса бæрндзинад æмæ цымыдис кæна социалон аспекттæм.

«Абон æз ныфсджынæй зæгъын, „Южный сад“ кæй рæздзæн дарддæр. Фæнд кæнæм, дыууæ хатты фæфылдæр кæнын ацы дыргъ-доны, уыйбæрц хъуамæ фæфылдæр уа тыллæгæрзад дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæрзарæзт æрцæудзæн дыргъдоны алфамблай территори. Дыргъдоны фæзуат дыууæ хатты куы фæфылдæр уа, уæд фæфылдæр уыдзæн куысты бынæтты нымæц дæр.

Фæстаг дыууæ азы интенсивон куыстæн хъуамæ уа хорз фæстиуджытæ, дарддæр та архайдзыстæм, антисанкцион уавæрты продукци республикæйæн æддейæ реализаци кæныныл, уæззау уавæртæй рахизынæн ардзыстæм фадæттæ.

Нæ архайдмæ хорз ахаст куы уа, уæд нæ тыхтæ дæр дывæр кæндзысты», — банысан кодта Тотоонты Алыксандр.

Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ санкцитæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы уавæрты зындзинæдтыл сæмбæлдысты амалиуæггæнджытæ, уыцы нымæцы «Южный сад»-ы къухдариуæгад дæр. Фæлæ æхсызгон у, ацы проект кæй уæрæх кæны йæ авналæнтæ æмæ фадæттæ.

Зæрдылдарынæн, проекты сæйраг символ, «сырх фæткъуы»-йы стъолылдарæн сувенир Тотоонты Алыксандр балæвæр кодта бæстæйы разамонæгæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ проекты фæлгæтты куыст цæуы фæткъуыйы алы хуызтæ æрзайын кæныныл. Уыдон тыллæг дæттынц цыбыр рæстæгмæ.

Фембæлды фæстæ Президент Гаглойты Алан æмæ мадзалы хайадисджытæ бынаты бабæрæг кодтой дыргъдоны уавæртæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.