Нæ цæстыты раз кæлы нæ горæты фенддагдæр бæстыхæйттæй сæ иу – уазæгдон «Ирыстон». Кæлы, пырх цæуы адæймаджы, аразæджы къухæй. Цæмæй йæ бынаты ногæй сырæза ног уазæгдон. Йæ халдих, ома, бахъахъхъæд æрцæудзæн йæ бакаст, йæ архитектурон хуыз.

Ацы цау æвæлмасæй, æвæццæгæн, никæйы ныууагъта. Горæты тæккæ центры уæвгæйæ, уый йæ аивдзинадæй рæвдыдта къорд фæлтæрты цæстытæ. Уазæгдон лæггад кодта, канд дардæй æрцæуæг уазджытæн нæ, фæлæ, сæйраджыдæр, нæ хъæууон цæрджытæн. Æввахс хъæу уыдаид æви дæрддаг, сæ бирæ цæрджытæй æнæцæугæ ничи уыд нæ горæтмæ. Цыдысты æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты фæдыл, базары бонты та ластой сæ продукттæ уæймæ. Фысым та-иу алкæмæн кæм разынд æмæ-иу æрæнцадысты ацы уазæгдоны.

Æмæ ныр æмбонды мидæгæй фæцис, аразджытæ халын, пырх кæнын райдыдтой уазæгдоны. Бирæтæ, тынг бирæтæ хъыгимæ сæмбæлдысты ацы хабарыл – фæндыд сæ, цæмæй ноджыдæр цардаид æмæ цардаид. Фæлæ, хъыгагæн, æнусон ницы ис нæ царды. Æрмæст адæймагæн нæ фæвæййы йæ цард – алкæмæн æмæ алцæмæн дæр кæддæр æрцæуы йæ кæрон. Уазæгдоны басгарыны фæстæ нымад æрцыд аварионыл æмæ йын рахастæуыд карз тæрхон. Фæлæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй йæ бынаты сырæза йæхи хуызæн ног бæстыхай, ног уазæгдон, цыппарстъалыджын. Æмæ кæд уый йæхæдæг нал уыдзæн, уæддæр уыдзæн, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм уазæгдон æмæ кæсдзæн, йæ фарсмæ æнгæс хъысмæт кæй баййæфта, фæлæ йæ хуыз чи скалдта, уыцы паддзахадон драмон театры бæстыхаймæ.

Хæрзбон, нæ уазæгдон «Ирыстон» æмæ нæм æгас æрцæуæд ног «Ирыстон».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.