19 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецовы. Химæрайсты рæстæджы Тыбылты Леонид бузныг загъта Лев Кузнецовæн, йæ командæимæ Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыд, уый тыххæй. Уыимæ иумæ ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, сæ фарсхæцынад æмæ æххуысы сæраппонд.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, уыцы æххуыс у æнтыстджын æмæ йын ныридæгæн ис хорз фæстиуджытæ.

«Президенты бынаты куы райдыдтон кусын, уæд мæ разы хæс æрæвæрдтон, цæмæй Уæрæсейы Федерацийæ Республикæ Хуссар Ирыстонмæ цы æхцайы фæрæзтæ цæуы, уыдон хардз цæуой нысанмæздæхтæй æмæ эффективонæй. Мæнмæ гæсгæ,  зæгъæн ис: абон уыцы хæслæвæрд æххæст цæуы. Республикæйы ис бæрæгбæрцæй хорз системæ уыцы фæрæзтæй спайда кæныны тыххæй. Куыд уынæм, афтæмæй, республикæ æндидзы, йæ хуыз хорзæрдæм фæивта æмæ зæгъæн ис, æндидзынад фæхæццæ кæны кæронмæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма ис серьезон фарстатæ, кæцытæм махæрдыгæй хъæуы фылдæр хъусдард аздахын. Уыцы фарстатæм мах нæ хъус дарæм, карзæй контроль кæнæм æндидзынады процессыл, подрядон, генподрядон æмæ субподрядон организациты къухдариуæггæнджытæй карзæй домæм, цæмæй цы фæрæзтæ цæуы республикæмæ, уыдон хардз цæуой нысанмæздæхтæй æмæ эффективонæй. Æндидзы-нады процессыл мах дарддæр дæр карзæй контроль кæндзыстæм», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ рады Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министр Лев Кузнецов Тыбылты Леонидæн радзырдта, зæгъгæ, арæзтадон объекттыл азилгæйæ, фенæн ис, куыстыты гъæд бæрæг кæй фæхуыздæр. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, иуæй-иу объекттæ банысангонд æмгъуыдты не  ‘ххæст кæнынц сæ хæслæвæрдтæ.

«Мах бабæрæг кодтам социалон нысаниуæджы объектты, цæрæнуаты æмæ фæндæгты арæзтадтæ. Мæнæн æхсызгон у, арæзтадты бынæттон арæзтадон фирмæтæ кæй кусынц, уый. Уæрæсейаг фирмæтимæ абаргæйæ, уыцы фирмæты куыст у бирæ гъæдджындæр. Зæрдæ райы республикæйы арæзтадон куыстыты гъæдæй. Фæлæ, стыр хъыгагæн, ис ахæм объекттæ дæр, кæцыты куысты темптæ фæстейæ баззадысты графикæй. Уыцы объектты подрядон организациты къухдариуæггæнджытимæ нын уыд карз ныхас. Мах банысан кодтам, куыд Уæрæсейы Федерацийы, афтæ Хуссар Ирыстоны Хицауады позици дæр. Мах лæгъстæ никæмæн уал кæндзыстæм. Уыцы рæстæджытæ фесты. Бабæрæг кодтам, Цхинвалы дæрддаг хъæутимæ цы фæндæгтæ бæттынц, уыдоны арæзтад дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уым дæр бирæ бакуыстæуыд. Горæты уынгты арæзтады дæр бæрæгæй зыны æвæрццаг динамикæ», – банысан кодта Лев Кузнецов.

Цæгат Кавказы фарстаты фæдыл УФ-йы министр хъусдард аздæхта Хуссар Ирыстоны экономикæйы реалон секторы рæзты проблемæмæ дæр, сæрмагондæй та ахæм фадгуытæм, куыд хъæууон хæдзарад, астæуккаг æмæ чысыл амалиуæгады рæзтмæ.

«Цы мадзæлттæ райсын фæнд цæуы, уыдон сты æнæпрецедентон. Уыдон хъуамæ фæахъаз уой республикæмæ инвестортæ æрбакæнынæн, инвестклимат саразынæн, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы проекгтæ фæнд цæуы, уыдонмæ æууæнчы ахастæн. Æппæт уыцы плантæ ратдзысты ахæм ног гъæдджын импульс, кæцыйы федтам арæзтадты. Арæзт æрцæудзысты æрмæст куысты бынæттæ нæ, фæлæ ма уый ратдзæн стырдæр æфтиæгтæ, афтæ ма фæахъаз уыдзæн адæмы сæ традицион бынæтты бауромынæн дæр.

Лев Кузнецовы ныхæстæм гæсгæ, проектты фылдæр хъуамæ уа хъæууон хæдзарады хаххыл.

«Проектты фылдæр хъæууон хæдзарады хаххыл куы уа, уæд хъæуты цæрджытæ сæ хæдзæртты нал ныууадздзысты æмæ хуыздæр цардагур æндæр бынæттæм нал цæудзысты, фæлæ бамбардзысты, цы саразын сæ хъæуы, уый. Республикæйы казнамæ та цæудзæн уæлæмхас хъалонтæ», – загъта уæрæсейаг министр.

Ацы ныхæсты фæстæ Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууынæн загъта, зæгъгæ, уыцы темæйыл уынаффæ цыд уæлдæр æмвæзадыл, уыцы нымæцы, министримæ Мæскуыйы йæ фембæлды рæстæджы дæр.

«Инвестортæ æрбакæнын уый тыххæй хъæуы, цæмæй сæндидза æмæ размæ рацæуа нæ экономикæ. Мæскуыйаг фембæлды рæстæджы, Æхсæнхицауадон къамисы рабадты размæ, мах нæ разы æрæвæрдтам хæс, цæмæй баххуыс кæнæм бынæттон амали-уæггæнджытæн, кæцытæ райдыдтой архайын бизнесы. Кæй зæгъын æй хъæуы, республикæйы хорз уавæртæ ис хъæууон хæдзарады рæзтæн, уыцы нымæцы фосдардæн дæр æмæ халсаргуыстæн дæр. Нæ республикæ кæддæриддæр нымад цыд хъæууонхæдзарадон регионыл. Ныры онг дæр нын уавæртæ ис хъæууон хæдзарады рæзтæн, куыд экономикæйы сæйраг бындур, афтæ. Мах хъуамæ кусæм импорт баивыныл дæр, чизоны нырма чысыл гуырахстты, фæлæ уый тыххæй республикæйæн ис фадæттæ. Паддзахад æххуыс кæны фермертæн дæр æмæ хъæуты цæрджытæн дæр», – банысан кодта Президент Тыбылты Леонид.

Уый куыд загъта, афтæмæй хъæуты активонæй рæзы фермерты нымæц, кæцытæ кусынц фосдарды æмæ халсаргуысты фадыджы.

Дарддæр Тыбылты Леонид æмæ Лев Кузнецов ныхас кодтой æнæ журналисттæй.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.