17 декабры Президент Бибылты Анатоли ауагъта æрвылазон пресс-конференци, хатдзæгтæ сарæзта ацы азæн, банысан кодта, 2020 азы Хуссар Ирыстоны рæзтæн ахъазгæнæг ахсджиаг приоритеттæ æмæ лæмбынæг дзуаппытæ радта, журналистты цы фарстатæ цымыдис кодтой, уыдонæн. Пресс-конференцийы хайад райста Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр.

Райдианы Президент   Ног азы цытæн  раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Президентимæ комкоммæ эфир уыдзæн 2020 азы райдианы.

ЦÆРÆНУАТЫ ПРОБЛЕМÆ СКЪУЫДДЗАГ ЦÆУДЗÆН ИПОТЕКÆЙЫ ХУЫЗЫ ДÆР

Хуссар Ирыстоны вазыгджындæр пробле-мæтæй кæддæриддæр иу уыд  цæрæнуаты проблемæ. Кæд абоны бон арæзт цæуынц бирæфатерон хæдзæрттæ, уæддæр нæ фаг кæнынц… Уый фæстиуæгæн республикæйы цæрджыты цымыдис кæны ипотекон кредиты руаджы сæ цæрæнуатон проблемæ аскъуыддзаг кæныны фарст.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад ныридæгæн кусы ипотекон кредитты тыххæй закъоныл, кæцыйы, гæнæн ис, райстæуа фидæн азы февралы. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй уый нæ уыдзæн къласикон ипотекæ, ома, Уæрæсейы куыд у, ахæм.

«Уæрæсейы ипотекон кредиты руаджы адæймагæн йæ бон у бангæй æхцайы фæрæзтæ райса, цæрæнуат сæ балхæна æмæ уый фæстæ бангмæ фиды æхца. Ипотекон кредит райсын кæй фæнды, уыдонæн алкæмæн æхцайы фæрæзтæ радтыны фадат махæн нæй. Мах фæнды æндæргъуызон ипотекон кредит радтын: адæймаг уал райсдзæн цæрæнуат, уый фæстæ  уыцы цæрæнуаты аргъ фиддзæн бангмæ.  Бангмæ цы æхцайы фæрæзтæ фыст цæуа, уымæй паддзахадæн йæ бон уыдзæн ног цæрæнуат аразын», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Президент куыд бамбарын кодта, афтæмæй ипотекон кредитæн йæ уæлæмхас фиддон 6 процентæй фылдæр нæ уыдзæн, стæй цæрæнуатон фондæн йæ 30-40 проценты балхæнæн уыдзæн ипотекæйы руаджы.

ПЕНСИТЫ ФАРСТ

Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн сæ фылдæр уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæй сты, уый тыххæй сæ пенситæ дæр Уæрæсейы исынц, фæлæ, стыр хъыгагæн, Уæрæсейы сæ куысты стаж æххæстæй нымад нæ цæуы, нымайынц æй 1991 азы онг. Уый фæстиуæгæн сæ пенситæ дæр рауайынц минималон. Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, проблемæ æнцон скъуыддзаггæнæн нæу, уый вазыгджын хъуыддаг у, фæлæ уыцы здæхты куыст цæуы.

КАДРОН ИВЫНДЗИНÆДТÆ НÆ УЫДЗÆН

Хицауады куыст Бибылты Анатоли баны-мадта æвæрццагыл. Уый куыд загъта, афтæмæй райгонд у сæ куыстæй.

«Æз райгонд дæн министрты куыстæй. Хицауады куыстæн æвæрын æвæрццаг нысан. Паддзахады царды цы æнтыстытæ ис, уыдонмæ гæсгæ æндæр нысанæн гæнæн нæй», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы бюджет иу афæдзмæ фæфылдæр иу миллиард 350 милуан сомы. Бюджет кæй фæфылдæр, уый руаджы республикæйы къухдариуæгадæн йæ бон бацис социалон бафыстыты, ахæмты, куыд цæрджыты пенситæ, сывæл-лæтты пособитæ, сахъатдзинады пенситæ фæфылдæр кæнын.

«Гъе, уый у Хицауады куыст. Министрты кабинеты ивындзинæдтыл куы дзурæм, уæд министрты æмвæзадыл ницы ивындзинæдтæ уы-дзæн. Ныртæккæ нæ хъусдард здæхт у, бынæт-ты цы чиновниктæ кусы, уыдонмæ. Гæнæн ис, куысты эффективондзинады нысанæн уым уа ивындзинæдтæ», – банысан кодта Президент.

АЛЫ ЧИНОВНИК ДÆР ХЪУАМÆ ÆХХÆСТ КÆНА ЙÆ РАЗЫЛÆУУÆГ ХÆСТÆ

Æрæджы Хицауады бæрнон бынæтты кусджытæй Президент кæй бафхæрдта (æфхæрд кæмæн радта), уыдоны тыххæй та загъта, зæгъгæ, «алы чиновник дæр хъуамæ æххæст кæна йæ бæрны уæвæг хæслæвæрдтæ. Æз нæ дæн уадид кардиналон уынаффæтæ райсыны фарс-хæцæг.

«Бынатæй ссæрибар кæнын кæройнаг ма-дзал у, карз æфхæрд та у, искæцы кусæг йæ куыстмæ куыдфæндыйы цæстæй куы кæса, уæд ууыл эффективонæй бандавыны фадат. Алы адæймагæн дæр хъуамæ радтай рæстæг  йæ рæдыдтытæ сраст кæныны тыххæй», – ба-хахх кодта Бибылты Анатоли.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы ацы азы Инвестпрограммæ æххæст æрцыд 100 процентæй.

«Æз райгонд дæн Инвестпрограммæйы реализацийæ. Куыд фарон, афтæ ныр дæр тынг æввахс стæм ацы азы куыстытæ 100 процен-тæй сæххæст кæнынмæ, уымæй дæр бакæнгæ куыстыты  гъæд у æмбæлон æмвæзадыл.

Уыимæ ма бахахх кодта, зæгъгæ, хъыгагæн, ацы азы Инвестпрограммæ æххæст нæ цыд æмбæлон æмгъуыдты.

УИСТÆЙЫ ПРОБЛЕМÆ СКЪУЫДДЗАГ ÆРЦÆУДЗÆН ПОЛИТИКОНÆЙ

Абон Знауыры районы Уистæйы хъæуы цур гуырдзиæгтæ цы блок-пост сæвæрдтой, уый тыххæй Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн æппæт бартæ дæр ис йе ‘мбæстæгты æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, абоны бон Уистæйы хъæуы цæрджытæн тас ницæмæй у. Уый куыд загъта, афтæмæй ацы проблемæ хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа  политикон æгъдауæй

ДУНЕ ХЪУАМÆ ЗОНА ИВГЪУЫД ÆНУСЫ 20-ÆМ АЗТЫ ГЕНОЦИДЫ ТЫХХÆЙ

2020 азы Хуссар Ирыстон банысан кæндзæн ирон адæмы геноциды сæдæ азы. Президент Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ геноциды мемориализацийы фæдыл куысты хайад райсдзысты, фæсарæнты чи цæры, нæ уыцы æмбæстæгтæ, ирон диаспорæтæ.

«Гуырдзиаг фашизмы тыххæй хъуамæ зона дунеон æмæхсæнад. Мах мацы хъуамæ хъыгдара ЕÆÆО, ИНО æмæ æндæр æхсæнадæмон организацитæм объективон, бæлвырд информаци фæхæццæ кæныны тыххæй. Уымæй дæр не ‘мбæстæгтимæ куыст хъуамæ  цæуа план-бæрцонæй æмæ сихрононæй», – бахахх кодта Президент.

ТРАНСКАМЫЛ ГАЛЕРЕЙТЫ АРÆЗТАД РАЙДАЙДЗÆН ФИДÆНМÆ

Цæмæй æнæхъæн афæдз æнæкъуылымпытæй куса, уый тыххæй Транскамы фæндагыл зæйдзæуæнты галерейты арæзтадыл кусын райдайдзысты развæлгъау планмæ гæсгæ 2020 азы. «Уыцы фарстыл кусы Уæрæсе. Уый тых-хæй рахицæнгонд æрцыд 2 миллиард сомы. Уый у иунæг стратегион фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы, уыимæ ма ахсджиаг у Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæн дæр. Уый тыххæй хъуамæ куса æнæкъуылымпыйæ», – загъта Президент.

АХСДЖИАГ У ЭТНОС БАИУ КÆНЫН

 «Национ идейæйы тыххæй 1920, 1998-90, 2008 азы æфхæрд баййæфтой ирæттæ. Уыцы национ идейæ та уыд Уæрæсейы скондмæ Иууон Ирыстоны бацыд. Махæн нæй гæнæн уыцы идейæ баивынæн. Ис историон таг æмæ уый ницæй тыххæй хъæуы аскъуынын. Ирон этнос хъуамæ уа иугонд æмæ цæра ацы географион тыгъдады», – загъта Бибылты Анатоли.

ХУССАРИРЫСТОЙНАГ ÆФСÆДДОНТÆ НОГ АЗЫ РАЙСДЗЫСТЫ ПЕНСИТÆ

Хуссар Ирыстоны æфсæддонты пенсион ифтонгады тыххæй Президент банысан кодта, зæгъгæ, уавæр баст у Хъахъхъæнынады министрадыл нæ, фæлæ æфсæддонтæн сæхиуыл.

«Сæдæ адæймагæй фылдæрæй сæ документтæ бацæттæ кодтой 37-æй. Уыцы 37 адæймаджы Ног азмæ райсдзысты сæ пенситæ. Йæ пенси Уæрæсейы аразыны  фæнд чи кæны, уыдонæн баххуыс кæнынмæ дæр цæттæ у Хъахъхъæнынады министрад», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли.

ХУССАР ИРЫСТОНÆЙ ЦЫ ÆХЦАЙЫ ФÆРÆЗТÆ АДАВДÆУЫД, УЫДОН ÆРБАЗДАХДЗЫСТЫ ФÆСТÆМÆ

«Фæсхæст Хуссар Ирыстонæй æхцайы фæ-рæзтæ чи адавта, уыдон сæхи азымджыныл нæ нымайынц.  Æхца чи давы, уый йæ ахъуыдыгондæй аразы. Уыцы адæймæгтæ зын æрцахсæн сты, фæлæ ацы аз æрцахстæуыд, уæды рæс-тæджы национ банчы сæрдар Дзантуты Олегы. Мах архайдзыстæм, цæмæй уыцы адæймæгтæ æфхæрд баййафой æмæ цы æхцайы фæрæз-тæ ахастой, уыдон фæстæмæ æрбахæссой», – загъта Президент. 

РЕСПУБЛИКÆ ХАЙАД РАЙСДЗÆН АЛАНИЙЫ ДОНАРГЪУЫДЫЛ 1100 АЗЫ СÆХХÆСТЫ БÆРÆГБОНОН МАДЗÆЛТТЫ

Президент куыд радзырдта, афтæмæй Ала-нийы донаргъуыдыл 1100 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсдзæн Хуссар Ирыстон. Донаргъуыды бæрæгбон нысан кæндзысты Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон дæр. Дыууæ Ирыстоны дæр уагъд цæудзысты иумиаг мадзæлтæ», – загъта Бибылты Ана-толи æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон у чырыстон диныл хæст. Уый фыст ис РХИ-йы Конституцийы дæр.

ДАРДДÆР КÆНДЗÆН НÆ ХÆДБАРДЗИНАД БАНЫМАЙЫНЫ ПРОЦЕСС

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны процесс дарддæр кæны.

«Абоны бон мах консультацитæ уадзæм уы-цы бæстæтимæ, кæцытæ сты нæ хæлæрттæ, партнертæ, политикон, экономикон, базарадон æгъдауæй мах хуызæн чи хъуыды кæны, уыцы паддзахадтимæ» – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, радон банымадæн дæр æвдисæн уыдзыстæм.

2008 АЗЫ ХÆСТЫ РÆСТÆДЖЫ ХЪЫГДАРД БАЙЙАФÆГ ЦÆРÆНУАТ ÆНДИДЗЫД ÆРЦÆУДЗÆН

Президент ныфс бавæрдта, зæгъгæ, 2008 азы хъыгдард баййафæг æмæ ныппырхгонд цæрæн хæдзæрттæ иууылдæр кæй æндидзыд æрцæудзысты.

«2008 азы хæсты рæстæджы Цхинвалы цы цæрæнуат бахъыгдард, æмæ абоны онг æндидзыд чи не ‘рцыд, уыдон иууылдæр цалцæггонд æрцæудзысты. Ацы аз цалцæггонд æрцыд 30 фатеры, 30 сæрмагонд хæдзары та ногæй арæзт æрцыдысты, раивдæуыд 150 хæдзары агъуысты»,  – загъта Бибылты Анатоли æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æппæт цæрæнуат дæр æндидзыд æрцæудзæн. Бибылты Анатоли ма радзырдта бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты кæртыты хæрзарæзты тыххæй дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй проблемон уыдысты Мамсырайы фырты æмæ Нæузæххонты  уынгты кæртытæ, корпустæ бирæ кæй уыдысты, уый аххосæй. Горæты иннæ корпусты уынгтæ дæр хæрзарæзт æрцæудзысты фидæнмæ.

РЕЗЕРВОН ЭЛЕКТРОН ХАХХ РАУАДЗЫНЫЛ КУСЫН РАЙДАЙДЗЫСТЫ 2020 АЗЫ

«Ручъы тъунелыл Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ резервон электрон хаххы проекты планыл уынаффæ цыд алы æмвæзадты, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацийы дæр. Кабель рауадзыны тыххæй æппæт документтæ дæр цæт-тæ сты. Арæзтады аргъ у астæуккаг нымадæй иу миллиард сомы. Уырны мæ, арæзтад фи-дæнмæ кæй райдайдзæн, уый», – банысан кодта Президент.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй 100 ми-луаны бæрц æхцайы фæрæзтæ ныридæгæн æвæрд сты 2020-2022 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы. Иннæ хай та сфæрæз чындæуыдзæн Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы бюджеты.

 ИНВЕСТОРТÆН АРÆЗТ ÆРЦÆУДЗÆН УАВÆРТÆ

Президенты хъуыдымæ гæсгæ, алкæцы ин-вестор дæр райгонд уыдзæн, Хуссар Ирыстоны территорийыл ын цы уавæртæ сарæзтæуа, уы-донæй.  Ацы азты хорз кусынц сæнаразæн завод, Къостайыхъæуы фæткъуыйы дыргъдæттæ.

«Знауыры районы æхсæры талатæ ныссадзынвæнд цы амалиуæггæнджытæ кодтой, уыдон кæд зындзинæдтыл æмбæлдысты, уæддæр сæ проект æххæстгонд æрцæудзæн. Ацы  проект пайдайаг кæй у, уый æмбарын кæнынц бынæттон цæрджытæн æмæ проектмæ цæрджыты фылдæр хай кæсынц оптимизмимæ. Махмæ ахæм уавæр сæвзæры, æмæ инвестор куы æрбацæуы, уæд ыл нызгъалынц дуртæ, куынæ æрбацæуы, уæд та дуртæ фезгъалынц республикæйы къухдариуæгадыл. Афтæмæй аразынц  резонансон уавæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Фæлæ республикæйы бæрнон кусджытæ æппæт дæр сараздзысты, цæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл бизнес йæхи комфортонæй хата.

НОГАЗОН БÆРÆГБОН ПРЕЗИДЕНТ НЫСАН КÆНДЗÆН ЙÆ БИНОНТИМÆ

«Куыд алы хатт, афтæ ныр дæр Ног азы бæрæгбон нысан кæндзынæн мæ бинонтимæ. Уый фæстæ та ацæудзынæн горæты Централон фæзуатмæ æмæ раарфæ кæндзынæн нæ республикæйы адæмæн», – пресс-конференцийы кæрон банысан кодта Президент Бибылты  Анатоли.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.