Фæндзайæм азты Советон Цæдисы Компартийы ХХ-æм съезды фæстæ аивады кусджыты, стæй æмткæй адæмы уæнгты баст чысыл куы фæуæгъд, фысджытæн сæ авналæнтæ куы фæуæрæх сты, уæд сæ алкæмæн йæ курдиат æргом кæнын райдыдта йæ зæрдæйы фæндиаг. Уæд рухс федта нæ курдиатджын, нæ мæлгъæвзагдæр поэттæй сæ иу – Дзугаты Георгийы зынгæдæр поэтикон æмбырдгæндтæй сæ иу – «Зæрдæйы дæгъæл» (1959). Ирон чиныгкæсæг дзы æцæгæй федта, Георгийы риуы цы æнæлаз æнкъарæнтæ рæдзæмæдзæ кодтой, радидинæг кæнынмæ чи æнхъæлмæ кастысты æмæ ныр райхæлыны фадат кæмæн фæцис, уыцы зæрдæйыл тайæг æмæ æруайæг уацмыстæ: «Ма кæ!», «Са-гъæс», «Сусæг уарзт», «Мæ чысыл малусæг», фæстæдæр сæм баиу сты йæ зынгæ кадджытæ «Уарзт», «Бындзыг» æмæ æндæртæ.

Куыддæр-иу ын рухс федтой, афтæ-иу адæм композитортæм нал фæкастысты, фæлæ-иу сæ райдыдтой зарын, сæ зæрдæтæм сæ афтæ хæстæг истой, сæ удтæн афтæ зынаргъ уыдысты.

Уымæн уыдис фидар поэтикон бындур. Йæ чиныг «Зæрдæйы дæгъæл» рухс куы федта, уæд поэты сфæлдыстады уыцы рæзты этапыл Дзуццаты Хадзы-Мурат ныффыста зæрдæзæгъгæ, гуырахстджын уац «Зæрдæйы дæгъæл – зæрдæйы дуар гомгæнæг». «Йæ дуджы цæрæг адæймаджы зæрдæмæ арф æмæ лыстæг чи ныккæса, аивадон аккаг амалтæй йæ чи байгом кæна, уымæн ис поэты ном хæссыны бар», – дзырдта Дзуццайы-фырт. Йæ дзырды сæр уыд, Георги уыцы кады ном сæрыстырæй кæй хаста, ууыл. Стæй æрмæст хистæр кары адæмы зæрдæтæм нæ каст, фæлæ лыстæггай уыдта, сабиты зæрдæты цы цин æмæ бæллиццы æнкъарæнтæ тæлфыдысты, уыдон дæр æмæ сæ сæрæй кæронмæ æнкъардта удæй. Нæ ныхас дæр у ууыл.

Кæм сæ равдыстаид, уый йын уыдис. Георги нæ чысыл хуртæн ныммыхуыр кодта дзæвгар, рæдау зæрдæйæ сын кæй сфæлдыста, ахæм чингуытæ. Æрмæст сæ нымæц дæр дзуры сæ ахадындзинадыл: «Радзырдтæ æмæ аргъæуттæ» (1950), «Хæлæрттæ» (1956), «Сабитæн» (1956), «Дзего» (1959), «Мæ лæвар сабитæн» (1960), «Дзæргъ æмæ бирæгъы аргъау» (1963), «Бирæгъмарæн цъæх æрцытæ» (1967), «Хъулон-мулон гæлæбу» (1967), «Сæ ракцæст цуанон» (1973)… Уыимæ йе ‘ннæ уацмыстау йæ сабитæн фыст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ аргъæуттæ рухс уыдтой æндæр хæлар адæмты æвзæгтыл дæр. Уæлдайдæр, уырыссаг æвзагыл.

Фæлæ сæйраг, цал уацмыс ныффыста кæнæ цал чиныг ныммыхуыр кодта, уыдон не сты. Нымæцы, гъе, сæ номы тыххæй нæ фыста. Нæдæр сæ искæй джиппы уагъта.

Георги-иу лæмбынæг цы уацмысыл ныхъхъуыды кодта, йæ уд-иу кæм бавæрдта, уым-иу ын бантыст сабиты – нæ рæзгæ хурты зæрдæтæм ныккæсын, сæ зæрдæтты тыбар-тыбургæнаг хуызтæ сын, цыма сæм нæ армы дзыхъмæ кæсæм, афтæ равдисын. Цæмæй рæзгæ хурты зæрдæмæ йæ уацмыстæ тынгдæр цыдаиккой, уый тыххæй йæ сабитæн фыст уацмысты йæхи уæлдай тынгдæр хызта схематизмæй. Уымæн æмæ, Джыккайты Шамилы загъдау: «Цыфæнды схемæ дæр поэзийæн у Прокрусты сынтæг». Уыцы сынтæгыл баринаг-иу кæй нæ фесты йæ уацмыстæ, уый тыххæй æнцонæй ардтой æмæ арынц чысыл чиныгкæсджыты зæрдæтæм фæндæгтæ. Зæрдæйы сыгъдæг æнкъарæнтæ сæ кæй ис, уымæн сæ уарзынц сабитæ.

Æмæ, саби уа æви ас чиныгкæсæг, кæй зæрдæйы нæ акæндзысты бынат мæ-нæ ахæм удыл æмбæлæг поэтикон рæнхъытæ:

Куыд хъарм ысты зымæг дæр,

Мæхи гыцци, дæ къухтæ!

Куы мæм дзурыс тызмæгæй,

Уæддæр кæныс ды худгæ.

 

Дæ цæф дæр мын нæ рисы,

Фæнды мæ сис мæ хъусæй.

Дæ фæлмæн хъарм хъæбысы

Нынныгъуылын тæрхъусау.

(«Гыцци»)

Æмдзæвгæ æмбулы, йæ райдайæнæй йæ кæронмæ цы хъарм зæрдæйы уагæй у фыст, уымæй. Зымæджы хъызты дæр йæ Гыццийы къухты хъарм æнкъары хъæбул, уымæн æмæ йæм мад тызмæгæй куы дзуры, уæддæр ын йæ къухты уыцы хъарм исы йæ фæлмæн, уарзгæ мидбылхудтæй. Хъæбулæн Гыццийы цæф дæр уымæн нæ рисы, йæ фæлмæн хъарм хъæбысы тæрхъусау кæй нынныгъуылы.

Афтæ фыссын æрмæстдæр йæ бон бауыдзæнис, адæймаджы, уæлдайдæр, рæзинаджы психологи тынг хорз чи æн-къара, ахæм фыссæгæн. Георги уыцы фысджытæм кæй хаудта, уый дызæрдыггаг никæмæ фæкæсдзæнис, йæ зæрдæмæ-иу арф кæй айста, уыцы темæтыл-иу цы уацмыстæ снывæзта, уыдон лæмбынæг куы кæса, уæд.

Зæрватыккыл цас æмæ цас аив зарджытæ ис. Æнæхин, саурæсугъд, уалдзæггæнæг маргъ кæй у, уымæй кæй зæрдæйы зараг тæгтæ нæ базæлланг кæндзысты! Йæ фенд нæ алкæмæн дæр уалдзыгон хуры скастау уымæн вæййы. Уæлдайдæр, уалдзыгон фыццаг фендæй. Поэтыл хуртæ уымæн ракаст. Йæ зæрдæ уæларвмæ уымæн спæр-пæр кодта:

Хæсгардкъæдзил цъыбырттæг,

Ды а зымæг кæм уыдтæ?

 

Æрбакæс-ма, дæ фæстæ

Цытæ сырæзт нæ хъæуы:

 

Уæладзыг рухс хæдзæрттæ,

Сæ цъæх сæртæ – æргъæуæй.

Æмæ лирикон хъайтары фæнды, цæмæй, зæрватыккæн цы цинæгтæ дзуры, уыдон сын уой иумæйаг. Уымæн æмæ, уыцы хæдзæрттæ куы рæзтысты, уæд дзы зæды маргъ – зæрватыкк дæр нæ уыдис рох:

Нæ уæлкъæсæр – дæ ахстон,

Сырддонцъиу æм нæ уагътон.

 

Ныр дард бæстæй æртахтæ,

Æрхастай нын цъæх уалдзæг.

 

Мæ арфæ дын, мæ арфæ,

Нæ цины маргъ, нæ уазæг!

(«Зæрватыкк»)

Сæ рифмæтæм дæр сын нал фæдарæм нæ хъус. Ахæм зæрдæйы уагæй цы поэт фысса, сабиты цæсæнгасæй ду-немæ кæсын чи зона æмæ йыл чи цин кæна, уый æрдзы, уæлдайдæр, Ирыстоны алæмæттаг æрдзы диссæгтæ æмæ æмбисондæгтæ ма уына, уый гæнæн куыд ис?!.

Æмæ Георги къæвдайы кой куы скæны, уæд адæймаджы хъусты æхцон ссæхсæх ныккæны Секъайы куырыхон, æхцон хъæлæс: «Сау суадæттæ бæрзондæй згъорынц, æнкъард къæдзæхты хъырныныл домынц».

Уый æнæнхъæлæджы нæу. Æрдз æмткæй афтæ баст у кæрæдзи æмæ адæймагимæ æмæ дзы иуæй иннæйы нæй фæиппæрдгæнæн. Уымæй дæр иу ныв иннæмæй зæрдæмæдзæугæдæр, æхцондæр куы уа, уæд. Ноджы – кæцы фæнды афон уæд.

Поэтæн уæлдай æхсызгондæр сты хъарм къæвдауарæнтæ:

Уары, уары зæгъ, зæгъ

Арвгомæй.

Нуазы, нуазы зæхх, зæхх

Уаз донæй.

 

Дары, дары цъæх, цъæх

Фондзсыфон.

Систа, систа сæх-сæх

Комы дон.

(«Уары»)

Токаты Алихан афтæ кæй загъта: «Уæлдæф нуазы сыфтæртæн сæ ад»,  уый нæ Георгийы æмдзæвгæйæ бауырны тынгдæр. Уæлдæфимæ æрмæст сыфтæрты, зайæгхалы, дурты, къæдзæхты, мигъты ад нæ исæм, фæлæ уарыны уынæр дæр, зæххы улæфт дæр, доны сæх-сæх дæр. Уый нын, мах фæнды æви нæ, уæддæр дæтты тых, кæны нæ размæ.

Поэты æмдзæвгæтæ аив кæны сабийы æнæхин æмæ æргом цымыдис. Уый фæрцы уацмыстæ сты æлвæст æмæ цымыдисон. Чиныгкæсæг сæ кæсы цымыдисæй, æхцонæн:

Ратæх, ратæх, гæлæбу,

Æз дæ уындмæ бæллыдтæн.

Зæгъ, дæ базыр цæмæн у

Хъулон-мулон тæппытæ?

(«Гæлæбу»)

Æппæт уыдæттæ йæ къухы бафтыдысты поэзийы фæрцы.

Дзугайы-фырты лæггæдтæ сабитæн поэзийы жанрæй прозæ, стæй драматургийы жанры не сты къаддæр. Фыссæг йæ гаччы куы сбадт, куы федта, нæ сабиты литературæ цы уавæры ис, фылдæр дзы, литературæйы стыр гуылфæнты ленк-кæнынхъом чи не скомынц, уыдон кæй «фыдæбон кæнынц», уæд фæлдæхтдысæй æрæвнæлдта нывæфтыд литературæйы ацы фадыгмæ дæр. Æмæ сæ зæрдæхудтæй нæ баззад. Уыцы быдырты дæр ын дзæвгар бахуым кæнын бантыст.

Æрмæст йæ радзырд «Æнæрцæф»-ы сæрыстыр æмæ æндоннуар Æрсой йæхæдæг цасы аргъ у! Йæ хицæутты «сау æнгуырсы фыр» кæд бæрз къутæргæрон ахст уыд, йæ бон нæ уыд къутæрæй йæхи ратонын, уæддæр æй сæрыстыр æмæ тыхджын Æрсойы цæст нæ бауарзта бирæгъы холыйæн. Тугдзыхы йæхæдæг ныххолы кодта мæлæтдзаг хылы. Фæлæ йæ хицæуттæ, фыййау Садуллæ æмæ йæ «фырт чысыл Агуыбейæн» дæр нæ ныббарста, æнæхъæн къуыри йæ кæй не ссардтой, уый. Тæргайæ сæ ацæуы хæхтырдæм.

Æмæ фыссæгмæ цас ис ахæм ра-дзырдтæ, стæй зæрдæмæдзæугæ аргъæуттæ. Драматургийы жанры дæр йæ чысыл хæлæртты нæ фæкодта фыдæнхъæл. Æрмæст «Арсы уазæг» куы ныффыстаид, уæддæр уый фаг уыд, йе сфæлдыстадмæ æркæсын кодтаид сабиты. Кæсгæ дæр æм тынг цымыдис æмæ хъæлдзæгæй кодтой, аргъаумæ гæсгæ нæ горæты Къостайы номыл паддзахадон театры сценæйыл йе ‘мном спектакл æвæрд куы æрцыд, уæд.

Дзугаты Георги ахæм фыссæг кæй уыдис, Дзуццаты Хадзы-Мурат дзы уымæн загъта, зæгъгæ, йæ поэзийы «ахадындзинад егъау у канд поэтæн йæхи биографийы нæ, фæлæ æмткæй ирон поэзийы рæзты дæр. Уыдон бæстон бæлвырд кæнынц, поэтмæ цахæм дæгъæл хъуамæ уа æмæ цахæм дуæрттæ хъуамæ гом кæна адæмы раз».

Уый чысыл загъд нæу. Æмæ æмткæй хауы фыссæджы сфæлдыстадмæ. Дзырд дæр ыл нæй, бæрзонд исы, Георги сабитæн цы аив уацмыстæ сфæлдыста, уыдоны дæр.

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.