Æрвылбон дæр нæ бахъæуы, Хуссар Ирыстон æфсымæрон Уæрæсейæ стыр бузныг кæй у, нæ царды алы къабазы дæр йемæ æнгом тæгтæй баст кæй стæм, уый зæгъыны сæр. Уæрæсейы Федераци нæ æрмæст ирвæзын нæ фæкодта бынтон скуынæгæй, фæлæ ма нын нæ хæдбардзинад дæр банымадта, Уæрæсейы фæрцы нын фæзынд паддзахад. Хæст нын цы стыр æнамонддзинæдтæ æрхаста, уыдон æнæ Уæрæсейы æххуысæй кæй нæ сфæрæзтаиккам, ууыл абон дызæрдыг ничи кæны. Цæмæй нæ хъæдгæмттæ байгас уыдаиккой, уый тыххæй нын цы стыр æххуыс бакодта æмæ кæны, уымæн та ныхæстæй равдисæн дæр нæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, цыфæнды паддзахадæн дæр иу кæнæ иннæ адæммæ, бæстæмæ цахæм позици уа, уый бирæ цæмæйдæрты кæнгæ у, паддзахадæн чи разамынд кæна, уыцы къухдариуæгады позицийæ. Мах бузныг æмæ сæрыстыр цы Уæрæсейæ стæм, уыцы хъомысджын Уæрæсейы сæргъ абон чи лæууы, уыдон зынаргъ сты Ирыстон æмæ ирон адæмæн. Уыдонæй сæ иу у Сергей Лавров – Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, кæцы бирæ сарæзта хæдбар  Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ ныббиноныг кæныны хъуыддаджы.

Йæ райгуырæн боны цытæн æм уый тыххæй арвыста ахæм зæрдæбын ныхæстæ æмæ фæндиæгтимæ арфæйы фыстæг йæ коллегæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Зынгæ уæрæсейаг политикон архайæг Сергей Лавровæн ис, дунеон дипломатийы ахсджиаг бынат кæй фæрцы ахсы, ахæм куысты стил. Лавров цы политикæ æххæст кæны, уый бирæбæрцæй фæивта æппæт дунейы паддзахадты цæрæг адæмты цæстæнгас абоны Уæрæсемæ.

Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады, алы æмбæстаджы дæр уырны, Сергей Лавровы æмвæзадыл æмгуыстадæн кæй ис стыр нысаниуæг, кæй ахъаз кæны дыууæ бæстæйы  дарддæры, бирæмгъуыдон æмгуыстадæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.