Цыбырты Людвигыл сæххæст 90 азы

Зар хъæуы ном у Хуссар Иры. Æрыгон нæу, æгуыдзæг хъæуæй дæр æй ничи зоны. Царды хорз рахæцæнтыл цы нымайынц хорзæй, уыдонæй Зар хайджын уыд кæддæриддæр. Лæппуйы хорз, чызджы рæсугъд, куырыхон хистæр, ирон цæхх æмæ къæбæр — дзадджын сæ уыд Зар.
Цæдисы цалх зыгъуыммæ куы æрзылд, уæд бирæ хорздзинæдты ас-сæста, бирæ хъæутæ фесты бындурзылд.
Уыдис рæстæг æмæ Зар нæргæ хъæуыл нымад уыд, куырыхон хистæртæ æмæ разагътайы фæсивæд Зары цардуаг зарæджы æмсæр æвæрдтой. Фæцудыдта кæддæры нæргæ Зар дæр, фæлæ, табу Хуыцауæн, фæлдæхын нæ бакуымдта, хъæуыл æдзæрæджы ном не сбадт, йæ базыртæ не ‘руагъта скъола, йæ куыст кæны хъæусовет, фæсивæд Ирвæдæны хосдзæутты ном дæлæмæ нæ уадзынц.

Ацы нæргæ хъæуæй рацæугæ у мæ абоны Хосдзау, Ир æмæ Ирвæдæны æвæллайгæ зиууон, ирон намысы нæртон уды хицау, зонады бæрзæндтæй Чермен æмæ Хазбийы зарæг чи ныццæлхъ ласта, уыцы Цыбырты Алексийы фырт Людвиг.

Ирон авдæн уызта Людвигы, уырдæм хъуыста йæ мад Тедионы авдæны зарджытæ. Цыбырты Людвиг абон æрлæууыд йе нусы къæсæрыл æмæ йын иуцъус бæрцæй ракæнæм йæ царды фæндæгтæ æмæ фыдæбæтты кой. Развæлгъау æй зæгъын — гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд, бирæ дзы уыд уырдгуытæ, фылдæр та хæрдтæ. Зæгъын уый дæр: царды фæндæгтæй никуы фæтарст, лæгæрста сыл, кодта сыл уæлахиз, арæх-иу сæм ракаст мидбылхудгæйæ. Лæгæрды сыл абон дæр.

1932 азы, Хуссар Иры колхозон арæзтад йæ тæккæ цырыны куы уыд, уæд райгуырд Людвиг.

Йæ сабион бонтæ дæр арвыста уым йæ ахуыр дæр Зары скъола-йæ райдыдта, кæронмæ та йæ фæци Цхинвалы дыккæгæм скъолайы.

Ахуырмæ æвзыгъд разынд, йæ адарддæр кæнын та уыд йæ сæйраг бæллиц. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ ссис Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультеты студент.

Куыст — цардæн фæрæз. Рахызт æм Людвиг дæр, райдыдта йæ Цхинвалы бæстæзонæн музейæ. Йæ бæрны уыд историон хайад. Уæд бамбæрста бæстон — йæ адæм æмæ Ирыстонæн хуымæтæг истори кæй нæй.

Гайлаг рæуæдæй бæрæг вæййы. Алыгъуызон æмбырдтæ, бæрæгбæтты мадзæлттæ, ирон периодикон мыхуыр тагъд айхъуысын кодтой æвзонг лæппуйы æвзыгъддзинæдты — Людвиг кусынмæ хуынд æрцыд зонад-иртасæн институтмæ.

Йæ егъау курдиат æмæ æвзыгъддзинæдтыл дзурæг сты йæ кандидатон æмæ докторон дис-сертацитæ, кæцыты бахъахъхъæдта æнтыстджынæй.

Людвигæн йæ цард æмæ йæ куысты сæрмагонд бынат ахсынц 1967-1993 азтæ. Уыцы азты Людвиг йæ куыст райдыдта фæсаууон хайады деканаты деканæй, уый фæстæ уыд боны хайады историон-филологон факультеты декан, 1989-1993 азмæ та уыд ректор. Абоны бон Людвиг хæссы нæ университеты кадджын ректоры ном.

Ацы рæгъытæ фыссæг зоны Людвигы 1955 азæй фæстæмæ. Иумæйаг куыстæй та стæм зонгæ 1960 азæй фæстæмæ.

Стыр æмæ цымыдисаг сты, Людвиг Хуссар Иры фыццаг президент куыд ссис, уыцы хабæрттæ. Æмæ сын æнæ ракойгæнгæ дæр нæй.

Фехæлд сыгъзæрин Стыр Цæдис, зæххы фæдыл зындзинæдтæ туджы фæндæгтæм æркодтой бирæ нациты, уыцы нымæцы Хуссар Иры дæр.

Сыхагæй нæ амонд никуы уыд, фашистон Гуырдзыстон бавнæлдта ног геноцидмæ. Сæ сæйраг хæс уыд, Хуссар Иры ныццæгъдын æмæ дзы «сыгъдæг быдыр» саразын. Иры сахъгуырд фæсивæд цы фæндæгтыл слæууыдысты, уыдон дардыл дзуринаг сты. Бамбæрстой, фыдбылызы дуг кæй ралæууыд, кæй сæ хъæуы раздзæуæг, фæндагамонæг. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ сæ цæст æрывæрдтой ректор Людвигыл.

Цыбырты Людвиг политикон куыстмæ ахиза, ууыл хъуыды дæр никуы акодта, фæлæ ныр лæппуты хъыджы нæ бацыд. 1993-2001 азы куыста РХИ-йы Уæлдæр Советы Сæрдарæй. Куыста, фæлæ дзы рох никуы уыд рагон китайаг æмбисонд: «Бæстæн иууыл зындæр къухдариуæггæнæн у, иу уавæрæй иннæмæ куы хиза, уæд».

Ацы рæгъытæ фыссæг уыдта Людвигы фыдæбæттæ æмæ-иу йæ зæрдыл æрлæууыдысты куырыхон Секъа Колыты Аксойы тыххæй цытæ дзырдта, уыдæттæ: «Йæ зæрдæйы Райгуырæн бæстæйы туг цæдджинагау фыхт, æмæ чъырсудзæнау пиллон уагъта йе ’мбæстагон ирон адæмы мæтæй. Æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадти. Ирыстоны къуымты зæрватыккау ратæх-батæх кодта, цæмæй сиу кодтаид… армыдзаг æмæ хæлиугонд ирон адæмы, цæмæй сæ царды уаг æппæтæй дæр фæхуыздæр уыдаид, ууыл йæхи хъардта…».

Иууыл зындæр рæстæг Людвигæн уыдысты фыццаг æхсæз азы. Цы ма уа уымæй зындойнагдæр — адæмæн нæй дон, хæринаг, рухс, хъармдзинад. Йæ тыхы уыд тасдзинад дæр. Мæрдтæ, цæфтæ, нал скъола, нал сабиты рæвдауæндон, хæйрæджыты уавæрты куыстой нæ дохтыртæ. Уыдта æппæт дæр Людвиг, фæлæ йæ ныфс никуы асаст, алы ран, алы хатт дæр уыдис йæ тыхст адæмимæ.

Стыр ивындзинæдтæ цыдис царды. Президиум, Уæлдæр Совет, сæ формæ фæивтой Парла-мент, Президент æмæ æндæр терминтæй. Ралæууыд президентон æвзæрстыты дуг. Бирæ маст, бирæ фыдæбæттæ бавзæрста Людвиг ацы æвзæрстыты дуджы, президенты бынатмæ чи цыд, уыдон дæр æгуыдзæг лæппутæ нæ уыдысты, фæлæ адæм адæм сты, ацыд сæ фæндон — Людвиг ссис президент.

Дардыл уыдысты президенты хъуыдытæ. Раст æмæ хорз æмбæрста, адæмы, Ирыстоны уал цы хъæуы, уый. Сæ сæйрагдæртæ уыдысты: æппæты фыццаг бастдзинæдтæ Мæскуыимæ саразын. Иры зæххыл сабырдзинад сфидар кæнын, Республикæйы кад сбæрзонд кæнын, Цæгат Иримæ иудзинад æрбаввахс кæнын, змæстыты, тохты быцæудзинæдтæ фидыдадмæ æркæнын, экономикæйы рæзт сфидар кæнын. Ахсджиагыл нымадта: Кавказы хохы нæ хъæуы нымайын нæ дихдзинады аххосагыл.

Цыбырты Людвиг йæ тыхтæ радта ахуырад, культурæ, аивады рæзтмæ, фыдæлтæй баззай-гæ ахсджиаг хъуыддæгтæ æрбиноныг кæнынмæ.

Ныртæккæ Людвиг кусы РЦИ Аланийы Абайты Уасойы номыл зонад-иртасæн институты этнологийы хайады хистæрæй. У историон зонæдты дохтыр, профессор. УФ-йы зонæдты сгуыхт кусæг, УÆНА-йы академик, Хетæгкаты Къостайы но-мыл паддзахадон премийы лауреат, Цæгат Иры университеты профессор.

Ирон адæммæ иу æмбисонд ахæм ис: «Лæг цæуыл сахуыр уа, уымæй зын фæиртасæн у». Уый Людвигмæ хауы æмæ йæ зæгъæм. Людвиг йæ егъау æхсæнадон хъуыддæгты æмрæнхъ йæ къух никуы систа йæ егъау зонад-иртасæн куыстыл. Цыбыры фырт йæ зонадон куыстыты сæрæй куы ракæсы, уæд арæх сфæлхатт кæны Коцойты Арсены -«Афтæ дæр вæййы». Людвигы сфæлдыстадон бонтæ (40 чиныджы, 500 фылдæр зонадон уацтæ) дзурæг сты: куыд бирæ у йæ бон иу лæгæн, куы дæм уа фæндондзинад, æрдзон курдиат, хъару æмæ тырнындзинад.

Ирвæдæны, Кавказы, стæй уæд Стыр Уæрæсейы йæ ном кæмæй ныхъхъæр, уыцы номхæссæны куыстытæ сты: «Ирон адæмон бæрæгбонтæ». «Кавказы периодикон мыхуыр Ир æмæ Ирæттыл (7 чиныджы), «Ирон хъæуы социалон культурæ» 1969), «Осетинское народное жилище»-1970; «Традиционная культура осетин»-2008; «Осетинская Нартиада» — 2016 æмæ æнд. Людвиджы руаджы абон нæ къухы ис «Осетинская этнографическая эциклопедия» — дзырдуатæн йæ фылдæр хай фыст æрцыд Людвиджы къухæй. Ацы энциклопеди хъуамæ суа стъолы чиныг алы ирон лæгæн-хæдзарæн. Æгъуыстаджы æрмæджытæ дзы ис, нæ адæмон сфæлдыстады хорзæй цы ис, чи уыдысты сæ радзурджытæ, цы уыди нæ фыдæлтæн сæ хæлц, сæ кусæнгæрзтæ, сæ дарæсы хуызтæ — ам сын ис базонæн.

Алыварсон курдиаты хицау у Людвиг. У историк, этнограф, публицист, литературон критик. Сæрмагонд чингуытæ ныффыста Æгъуызаты Иуанейыл, Колыты Аксойыл, Бестауты Георгийыл, нывгæнæг Хъотайты Григолыл. Æмбæлон хъуыдытæ йын æрцыд загъд Къоста æмæ Секъайыл, Брытъиаты Елбыздыхъойыл, Беджызаты Черменыл, Дзасохты Музаферыл, Агънаты Гæстæн æмæ Хъазиты Мелитоныл.

Университеты клуб «Аполлон»-ы разамонæгыл нымайæм дзæнæттаг Саулохты Тамарæйы, фæлæ не студенттæ Ирыстоны хæхтæ æмæ быдыртыл кæй æрзилынц, Иры æгъуыстаджы æрдзимæ кæй зонгæ кæнынц, уыцы ахсджиаг хъуыддагæн дæр бындурæвæрæг уыд Цыбырты Людвиг.

Кæддæр номдзыд Елбыздыхъо афтæ загъта: «Хæрзгæнæг нæм хорз афоныл нæ ары». 2012 азы, Людвиг президент куынæуал куыд, уæд нæ интернет фæкомкоммæ Людвиджы удыгъæд, йæ ирон лæджы хорз миниуджытæм æмæ сыл фæдзырдтой цæстуарзонæй, стæй уæд къæмдзæстыгæй, йæ рæстæджы сæ кæй нæ рахастой рæгъмæ, уый тыххæй. Фидарæй йæ схуыдтой ÆЦÆГ ИНТЕЛЛИГЕНТ.

Цыбырты Людвигæн йæ 85 азы бон цас фæарфæтæ кодтой, цытæ дзы фæдзырдтой, уыдон иу фурды хуылфы нæ бацæудзысты. Ацы бонты Иры дзыллæ æмæ зонадон фронты кусджытæ, йæ хиуон хæстæджытæ, хорз æй чи зоны, уыдон ын арфæтæ кæнынц йæ 90 азы бæрæгбонон боны. Уым фендзыстæм ногæй, Ирыстон, Кавказ, Уæрæсе, фæсарайнаг ахуыргæндтæ цы стыр аргъ скæной нæ зынаргъ юбилярæн.

Фæцæр нын бирæ, Беджызаты Пепе æмæ Хъороты Агорæн æртыккаг лæгыл нымад цы æрцæ-уай, бирæ фæцæрынæй, уый бæрц амонд дæ уæд.

Ирон лæг дæ, Ирыстоны кувæндæттæ рæсугъдгæнæг дæ æмæ дын æххуысгæнæг уæд кæддæриддæр.

Дæ ном уарзгæйæ дзурдзыстæм!

ПЛИТЫ Гацыр, профессор, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат