20 майы Зары трагедийы бынатмæ, æрвылазау, æрæмбырд сты Хуссар Ирысто-ны дзыллæйад, республикæйы къухдариуæ-гад, трагедийы амæттæгты хиуæттæ, цæмæй æрымысой 24 азы размæ абуалгъ трагедийы фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

12 сахат æмæ 5 минуты. Раст уыцы рæстæг æмбæхст лæгсырдтæ сухы цагъд ныккодтой хæстон горæтæй лидзæг сабыр лигъдæтты. Уыцы рæстæг Зары хъæды Хъынцъымгæнæг Мады цырты раз æрæмбырдуæвджытæ, æмырæй алæугæйæ, ссардтой трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

Трагедийы амæттæгты цырты раз веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылым-бегты Доменти æмæ Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, министрадтæ, уагдæтты кусджытæ, трагедийы амæттæгты хиуæттæ.

– 20 май ирон адæмæн у сæ царды фæндагыл æппæты трагикондæр бон. Суанг скъифты, сæрмæтты дугæй абоны онг нæ цæст куы рахæссæм æмæ дзы куы равзарæм æппæты æбуалгъдæр цаутæ æмæ хъуыддæгтæ кæд æрцыд, уыдон, уæддæр дзы, æвæццæгæн, Зары трагедийæн сæрмагонд бынат ис.

24 азы размæ нæ сыхæгтæ, лæджыфыдхортæ ацы æфцæджы къутæрты бын сæхицæн æм-бæхсæн бынæттæ скодтой æмæ æнхъæлмæ кастысты сæ амæттæгтæм. Цымæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты? Хæстон адæммæ? Нæ! Уы-дон ам нæ уыдысты, уыдон тохты астæу уыдысты. Зары фæндагыл та разындысты зæронд устытæ, лæгтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ. Гуырдзиаг лæгсырдтæ дæр уыдон марынмæ ссыдысты, сæ хъуыды уыд – ирон адæмы бындзагъд ныккæнын. Фæлæ сын уый нæ бантыст, – ахæм ныхæстимæ Зары æфцæгыл Мысæн æмæ хъынцъымы бон номарæн митинг байгом кодта Дзиццойты Юри.

Йæ ныхасы дарддæр банысан кодта, ацы æбуалгъ цау аразджытæ абоны онг дæр закъоны раз дзуапп кæй нæ радтой.

«Лæгыл иууыл уæззаудæр бонтæ куы скæны, уæд рабæрæг вæййынц йæ хæлæрттæ, хиуæттæ, сыхæгтæ. Махæн дæр афтæ рауад нæ хъуыддаг. Фæсарæйнаг демократтæ цыма куырм æмæ къуырма баисты, афтæ равдыстой сæхи-иу дæр сæ мах кой не скодта. Æххуысы къух нæм фæдаргъ кодта Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ нæ æндыгъд уавæрæй рахизын кодта. Уыдон руаджы баззадыстæм сæрæгас, нæ зæххыл сæрибарæй сулæфыдыстæм æмæ нæ цард дарддæр кæнæм», – дзырдта Юри.

Уый ма бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй Ленингоры районмæ фæндагыл цы уæрæсейаг æфсæддонтæ фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн фæмард сты, уыдон ном дæр ссарой, уымæн æмæ уыдон дæр ирон адæмы тыххæй, сабырады тыххæй сты нæ зæххыл.

Номарæн митинджы трагедийы амæттæгты хиуæтты номæй ныхасы рацыд Коцты Маринæ. Уымæн ацы трагедийы бабын йæ ныййарæг мад Æлборты Ирæ.

«Ацы трагеди кæд дардæй дарддæр кæны, уæддæр нæ рыст нæ рох кæны, уыцы бон махæй рох нæу. Ирон адæм бирæ трагедитæ сфæрæзтой Зары, Ереды, Цъинагары. Мах адæм хорз зонынц, цы у æввахс адæймаджы фесафын. Мах хъыг кæнæм уæрæсейаг салдатты зианыл дæр, уыдон уыдысты нæ сабырад хъахъхъæнджытæ», – дзырдта Маринæ. Æрсидт æрæмбырдуæвджытæм æмзонд, æмуддзинадмæ, иудзинадмæ. Уæд, зæгъгæ, знаг бамбардзæн, мах тыхджын кæй стæм, кæй нæ ничи æртасын кæндзæн. Стыр бузныг загъта, сæ маст сын чи дих кæны семæ, уыдонæн.

«Уе ‘ххуыс, нæ фарсмæ кæй стут, уый махæн зынаргъ у. Трагеди, æрмæст йæ амæттæгты бинонты нæу, фæлæ иумиагнационалон», – кæронбæттæны банысан кодта  Маринæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид дæр йæ ныхасы райдианы банысан кодта, æнæ-аххос бæлццæтты æвирхъау мæлæт нæ æрвылаз дæр 20 майы кæй тымбыл кæны ацы бынатмæ.

«Мах цæуæм æмæ цæудзыстæм трагедийы иннæ бынæттæм – Ереды, Цъинагары æрцæугæ трагедиты бынæттæм. Махæй мачи æмæ мацы хъуамæ рох кæна. Æмæ нæ уыцы хъуыды иу хъуамæ кæна.

Абон мæ фæнды ныстуан саразын нæ адæммæ, цæмæй нæ ма рох кæной ацы трагедиты амæттæгты рухс нæмттæ, абон сабыр æмæ æндидзынады фæндагыл кæй фæрцы слæууыдыстæм, уыцы уæрæсейаг æдзард салдатты рухс нæмттæ мысын, нæ республикæйы фæстаг ссæдз азы дæргъы йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыцы зынгхуыст хъахъхъæнджыты нæмттæ.

Мах нæ ферох кæндзыстæм уыцы хъæбатыр лæппуты нæмттæ, кæцытæ сæхи равдыстой Абхазы сæрибардзинадыл тохты, Цæгат Ирысто-ны зæххыл 90-æм азты. Махæн нæй бар, æмæ ферох кæнæм утæппæт æнæазым адæмы, кæцытæ фæмард сты знаджы къухтæй. Мæ ныстуаны мидис дæр уый у, кæй никуы ферох кæндзыстæм уыцы адæмы – иумæ, æмзонд куы уæм.

Фашизмы ныддæрæн, ныммур кодтой нæ фыдтæ, фыдыфыдтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Фæлæ ныр, куыд уынæм, афтæмæй та фашизм фæстæмæ йæ сæрыл хæцы Украинæйы, Сирийы. Уым стыр хъусдард здахынц Уæрæсейы æнтыстытæм, архайынц йæ бахъыгдарыныл. Уæрæсейы арæнтæм æввахсæй-æввахсдæр кæнынц фашизмы фæзындтытæ. Уыдонæн сæ ныхмæ мах хъуамæ æрлæууæм æмæ иумæ сæ ныхмæ тох кæнæм», – дзырдта Президент Тыбылты Леонид.

Бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, Зары æфцæджы трагедийы бынатæй, зæгъгæ, фехъусут мæ ныхас  æнæ иудзинадæй размæ цæуæн нæй æмæ ма рох кæнæм ацы вазыгджын æмæ ахсджиаг хъуыддаг.

Тыбылты Леонид ма æркой кодта, бынтондæр цы æнхъæл нæ уыдыстæм, уыцы æрцæугæ цауы тыххæй – Ленингормæ фæндагыл уæрæсейаг æфсæддонты бабыны цау. Ноджыдæр мæсæллæйы ныхæстæ загъта мадзалы хайадисæг Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрусæн. Мæсæллæйы ныхæстæ ма загъта уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы командæкæнынадæн.

«Мах æвдисæн систæм уымæн, æмæ уыцы бон нæ адæм ноджыдæр кæй æрбангом сты, уыцы трагеди нæ кæй æрбангом кодта», – дзырдта Тыбылты Леонид.

Бахатыд Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментимæ, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолимæ, цæмæй бакусой ахæм хъуыдыйыл, уыцы æдзард уæрæсейаг салдатты рухс ном сæнусон кæныныл, уымæн æмæ уыдон службæ кодтой æрмæст уæрæсейаг æфсадæн нæ, фæлæ нæ адæмæн, нæ зæххыл сабырад хъахъхъæнынæн. Уый, зæгъгæ, уыдзæн нæ ахаст уæрæсейаг салдаттæм.

Ноджыдæр мæсæллæйы ныхæстæ загъта, 24 азы размæ ацы бынаты цы æнæаххос бæлццæттæ фæмард, уыдон хиуæттæн.

Зары трагедийы бынат ирон туг æмæ цæстысыгæй æхсад у. Ахæм бынат у дзуары хуызæн, ацы зæххы гæппæл ныр махæн Дзуар у æмæ ацы бынаты цы ныхас зæгъай, уый адæммæ дæр хæццæ кæны æмæ уæлæрвтæм дæр. Аргъуаны кусджытæ дæр Хуыцауы арфæ ракодтой æмæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Мадзал амонæг Дзиццойты Юри бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, рæстæг æмæ фадат кæй ссардтой æмæ кæй æрбацыдысты мысæн бынатмæ. Уадз æмæ нæ æрмæстдæр цины хъуыддæгты фæдыл æмбырд кæнын хъæуæт.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, адæймагæн йæ уд йæ буарæй куы хицæн кæны, уæд цырагъы хуызы уæлæрвтæм атæхы…

Трагедийы амæттæгтæ  цал сты, уал къорийы судзгæ цырæгътимæ иугай ныгъуылдысты арвы тыгъдады…

КЪÆБУЛТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.