Рацыд 24 азы, гуырдзиаг фашисттæ, тугхор фыдгæнджытæ, Зары, уæды «Царды фæндаг»-мæ куы схъуызыдысты æмæ куы ныццагътой Цхинвалæй лидзæг зæрæдты, сывæлæтты, сылгоймæгты æмæ цардмæ бæллæг адæймæгты.

Хæстæн йæ ном йæ уæлæ ис, нæ ауæрды ныхмæлæууæг адæймагыл марынæй, куынæг кæнынæй. О, фæлæ йын ис йæхи фæткойтæ дæр – сабыруарзаг æмбæстæгтæм дæ къух ма хъуамæ сисай.

1989 азы гуырдзиаг хъæуы Ереды æрцæугæ трагедийы фæстæ мах афтæ æнхъæл уыдыстæм, цы ма нын сараздзысты уымæй фыддæр, уымæй æбуалгъдæр ми. Уæд сæ фæндагылцæуæг ирон бæлццæтты æрхизын кодтой æфсæддон машинæйæ, авзæрстой дыууадæс нæлгоймаджы, сæйраджыдæр, æрыгæтты æмæ сæ акодтой æбæрæг ранмæ. Афæдзæй фылдæр сæ хъысмæт бæрæг нæ уыд. Стæй рабæрæг – фыднадæй, æрдæгмæрдтæй ныгæд кæй æрцыдысты. Ацы трагеди дæр йæ карздзинад æмæ сырдондзинадæй фæстæ нæ лæууы Зары трагедийæ.

1989 азæй 2008 азы августы хæсты фæудмæ фыдæвзарæн фæндæгтæ æмæ фыдохы бонтæ бирæ бавзæрста Ирыстон. Фæлæ дзы уæддæр Зары трагедийæн æмбал нæй. Æрмæстдæр ацы трагедийы амæттæгты, хиуæтты мысæн бон нæу. Уый у ирон адæймæй алкæй трагеди дæр. Уымæн æрцыд нæ нырыккон историйы тугæйдзаг дамгъæтæй фыст.

1992 аз 20 май. Æнусты дæргъы сыхæгтæй кæимæ цардыстæм, лæггадæй дарддæр нæ æвзæрдзинад чи нæ зыдта, уыдон уымæн схъуызыдысты Зары æфцæгмæ?!

Нæмгуыты æхстæй æмæ алыгъуызон фыдæбæттæй чи сфæлмæцыд, иу чысыл æнцой цардæй ацæрон, зæгъгæ, уый нысанæн йæхи Цæгат Ирыстоны чи хъуамæ бааууон кодтаид, уыдон цæмæн хъуыд фыдызнагау цæгъдын, уымæй дæр бындзагъд. Уыцыиу уысм цæмæн æрбаскъуыдтой 36 фæндаггонæн сæ цард?

19-æм майы Тыбылты Леонид фембæлд Зары трагедийы бахауæг фæндаггонты хиуæттимæ. Фембæлды ма хайад райстой Хицауады Сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Эрик, Президенты паддзахадон уынаффæнæг Зассеты Жаннæ, Президенты управленийы сæргълæууæг Къодоты Таймураз æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан.

Райдианы Президент мæсæллæйы ныхæстæ загъта Зары трагедийы фæмардуæвæг хиуæттæ æмæ бинонтæн. «Тæппуд тæрхъусау, фæсвæд ным-бæхсгæйæ, гуырдзиаг лæгхортæ цы æбуалгъ трагеди сарæзтой, уый у ирон адæмы иумæйаг трагеди. Уæзласæн машинæйы гуыффæйы кæрæдзийы фарсмæ  чи лæууыдысты – сабийæ, зæрондæй, сылгоймагæй, уыдон нæмгуыты зæйы бын фесты. Ахæм фыдракæнд, ахæм æлгъæг ми арæх не ‘рцæуы. Ахæм хабар нæ хъуыды кæнынц, æгæрæстæмæй, цалдæр хæсты цæхæрыл чи рацыд, уыцы адæймæгтæ дæр. Куыд ис афтæ гæнæн, фыдмардæй амар сабиты, сылгоймæгты, зæрæдты, лæппуты æрмæстдæр уый тыххæй æмæ ирæттæ кæй сты. Гуырдзиаг лæгхортæ, агрессортæ цы фыдракæнд сарæзтой, уый уыд адæймагады ныхмæ. Æгас дуне базыдта Гуырдзыстоны фашизмы архайд æмæ цинизмы тыххæй», – загъта Тыбылты Леонид.

Республикæйы сæргълæууæг ма ноджыдæр загъта мæсæллæй бабынуæвджыты бинонтæн æмæ æрдзырдта 1989-2008 азты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы зианбаййафджыты хиуæттæн хицауад цы социалон æххуысы программæйыл кусы, уый тыххæй.

«Мæ бадзырдмæ гæсгæ тагъд рæстæджы ацы программæ æрцæудзæнис фидаргонд æмæ райдайдзыстæм, ныры онг цы фарстатæ не ‘рцыдысты реализацигонд, уыдоныл кусын», – банысан кодта Президент.

Банысан хъæуы уый, æмæ ахæм фембæлдтытæ, нæ республикæйы хæсты азарæй цы адæм фæмард, уыдоны бинонтимæ уагъд никуы цыд.

«Ахæм фембæлдтытæ никуы уагътам, фæлæ ныр æз цæттæ дæн, цæмæй проблемæтæм, уæ фарстытæм, байхъусон. Хъуамæ нæ бон уа иумæйагæй аскъуыддзаг кæнын, цы фарстатæ уæм ис, уыдон. Хицауады æрдыгæй цы æххуыс ис райсæн, уыдæттæ дæр хынцыд цæудзысты», – загъта Президент.

Зары трагедийы бабынуæвджыты бинонтæй иуæй-иутæ радзырдтой сæ цæрæнуатон æмæ социалон проблемæты тыххæй. Президент йæ администрацийы контролон управленийы сæргълæууæг Къодоты Таймураз æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланæн радта æмбæлон хæслæвæрдтæ, цæмæй фæнысан кæной, чи цы фарстыл тыхсы, уыдон.

Трагедийы амæттæгтæй иуы бинонтæ куыд фехъусын кодтой Президентæн, афтæмæй уыдонæн басыгъд сæ хæдзар æмæ сын баххуысы ныфс бавæрдта Президент.

Уымæй дарддæр ма Президент загъта: «Хъæуы ногæй фæдагуырд сæндидзын кæнын. Æртын æхсæзæй иумæ уыцы иу уысм чи бабын кодта, уыцы лæгсырдты ныхмæ. Хъуамæ рабæрæг чындæуа, ацы сырдон фыдракæнд чи сарæзта, уыдон номхыгъд. Уый мах æрдомдзыстæм, Женевæйаг фембæлдтыты рæстæджы. Мах мидхъуыддæгты министрады ис фаг æрмæджытæ, цæмæй ацы хъуыддаг сног чындæуа», – дзырдта Президент.

Зары трагедийы бабынуæвджыты хиуæтты номæй Президентæн бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ, Зары трагедийы фесæфта йæ ныййарæг мады. «Æз бузныг дæн, ахæм фембæлд нын кæй ауагътат, махау сымах дæр уæ зæрдæмæ æввах кæй исут нæ рис. Ацы рис канд Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгат фарс нæ ныдздзыназын кодта. Фыдохы уац айхъуыст Кавказыл, дунейыл æмæ фыдгæнджытæм фыдохы æнкъарæнтæ равзæрын кодта алы намысджын адæймагмæ дæр. Фæлæ уый уæд. Ныр рæс-тæг куыд цæуы, афтæ рох цæуынц цаутæ. Рацыд 24 азы, уæд гуырд чи уыдысты æмæ цы æрцыд, уымæн æмбаргæ дæр чи ницы кодта, уыдон абон усгур æмæ чынддзон кары сты. Уæззау рæстæджытæ афонæй раздæр фæтасын кодтой, уæд сæ тæккæ тыхыл чи уыдысты, уыдоны. Бирæтæн дзы се ‘нæниздзинад фæцудыдта æмæ æнафоны ацыдысты уыцы дунемæ. Цæудзысты азтæ, дæсгай азтæ, байрæздзæн ног фæлтæр. Мæн фæнды, цæмæй уыцы трагеди рох макуы уа нæ адæмæй æнус куы ацæуа, уæд-дæр æй мысой», – дзырдта Коцты Маринæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.