Зассеты Никъала (Джина) æмæ Гуыбеты Натъа куыстуарзаг æмкъæйттæ уыдысты, сæхи амондджын бинонтыл нымадтой, уыдис сын цыппар лæппу æмæ дыууæ чызджы. Хъæууон цард кодтой, дардтой фос, кодтой зæхкуыст. Сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, кæй бахаудзысты царды иууыл зындæр æвзарæнты. Рæстæг цыд, сабитæ дæр бахъомыл сты æмæ сæ цард аразын райдыдтой. Уалынмæ дунейыл айхъуыст Дыккаг дунеон хæсты райдайыны фыдуац, зæгъгæ, немыцаг фашизм Европæйыл арт бандзæрста. Ирон адæм цæмæй зыдтой, ацы арты цæхæртæ Ирыстонмæ дæр æрхæццæ уыдзысты.

Фашистон Герман Советон Цæдисмæ дæр æрбабырста. Райдыдта Фыдыбæстæйон хæст.

Хæсты фыццаг бонæй Хуссар Ирыстоны автономон областы адæм равдыстой стыр патриотизм. Цы мобилизацион пункттæ æрцыд арæзт, уырдæм къордгæйттæй цыдысты нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ æмæ домдтой, цæмæй сæ фронтмæ арвыстаиккой.  Афтæмæй Ирыстон йæ хæстхъом фыртты æрвыста хæсты цæхæрмæ, уыдоны нымæцы Натъа æмæ Джина дæр сæ фыртты радгай афæндараст кодтой сæ царды иууыл зындæр фæндагыл, Гомарты дзуарæн сæ бафæдзæхсгæйæ. Хъыгагæн сæ алкæцы «ацу æмæ æрцу»-йы фæндагыл нæ ацыд. Цыппар бæлццонæй, цыппар хæстон хъæбулæй ма йæ фыдыуæзæгмæ æрыздæхт æрмæстдæр Герсан.

Æфсымæрты хистæр Виктор хæсты размæ йе ‘мбæстагон хæс сæххæст кодта, Советон Æфсады рæнхъыты баслужбæ кæнгæйæ. Æркодта бинонтæ æмæ сын райгуырд лæппу дæр. Фыдыбæстæйон хæсты фæдисы хъæр куы айзæлыд, уæд Виктор йæ хæсыл банымадта Райгуырæн бæстæ фашизмæй бахъахъхъæнын æмæ хæсты фыццаг бонты араст тохы быдырмæ æмæ æбæрæг сæфт фæкодта.

Дыккаг фырт Уасил (Уаскъа) хæсты размæ цардагур фæцыд Читайы областмæ, хæст дæр æй уым æрæййæфта æмæ уый та уырдыгæй ацыд тохы быдырмæ. Хъæбатырæй тох кодта немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ, уыд 65 æхсæг дивизийы 311 æхсæг полчы развæдсгарæг. Хайад иста Ленинграды областы карз тохты æмæ 1942 азы 1 ноябры хъæбатырæй фæмард. Ныгæд ис Ленинграды областы. Бирæ агурыны фæстæ ацы зонæнтæ йæ бинонтæм æрæрвыстой уыцы областы сырх фæдагурджытæ.

Æфсымæрты кæстæр Владимир (Ладикъо) дæр тохы быдырмæ ацыд 1941 азы. Уыд пулеметæй æхсæг. Æгъатырæй цагъта гермайнаг фашистты. Иу тохы рæстæджы уый йæхæдæг скуынæг кодта 111 фашисты. Ацы хъæбатырдзинады тыххæй йыл фыстой, цы æфсæддон хайы службæ кодта, уыцы æфсæддон хайы газеты. Ацы газет арфæйы ныхæстимæ æрæрвыстой Владимиры ныййарджытæм уыцы æфсæддон хайы командæкæнынад. Ладикъо фæстаг фыстæг йæ ныййарджытæм æрæрвыста 1943 азы, уый фæстæ уый дæр æбæрæг сæфт фæкодта.

Æфсымæртæй æртыккаг Герсан уыд. Райгуырд 1918 азы Знауыры районы Уахтъанайы хъæуы. Фæцис Хъорнисы хъæуы коммунистон фæсивæды скъола, уый фæстæ ахуырмæ бацыд Цхинвалы пединститутмæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис. Кусын райдыдта Ожорайы хъæуы скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Йе ‘фсымæртæ йæ разæй хæстмæ кæй ацыдысты, уый йæм раст нæ каст æмæ 1942 азы араст Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Хъæуы кæронмæ куы рахæццæ, уæд æрлæууыд Гомарты дзуары кувæндоны бын æмæ йын йæхи бафæдзæхста.

Герсанæн йæ хæстон фæндаг райдыдта Цæгат Кавказæй – Дзæуджыхъæуæй æмæ ныххæццæ Скæсæн Пруссимæ (ныры Калининграды область).

Зассейы фырт æгæрон уарзт кодта йæ Райгуырæн бæстæ æмæ, йæхиуыл нæауæрдгæйæ, тох кодта немыцаг фашистты ныхмæ. Æххормагдзинад, æгъуыссæгдзинад, уазал ницæмæ даргæ-йæ, бырста размæ, цæмæй Райгуырæн бæстæ тагъддæр сæрибар æрцыдаид фашистты цырыхъхъыты бынæй.

Герсан активон хайад райста Цæгат Кавказы, Хуссары, Волховы, Æртыккаг Прибалтиаг, Æртыккаг Белорусаг, Ленинграды фронтты.

Зассеты Герсан цы батальоны уыд, уыдонæн  Ростовы цур карз тох бацайдагъ фашисттимæ, уыцы тохы Зассейы фырт уæззау цæф фæцис æмæ йын хос кодтой Ростовы облас­ты быдырон госпиталы. Куы фæдзæбæхдæр, уæд æй ахуырмæ арвыстой Ростовы облас­ты Батайскы кæстæр командирты курсытæм. Фæлæ дзы кæронмæ нæ фæахуыр кодта. 1943 азы кæрон курсантты иууылдæр арвыстой фронтмæ æмæ Герсан бахауд Волховы фронтмæ, 198-æм гвардийы æхсæг дивизийы къахдзоныгъджынты батальонмæ. Сæ дивизи активон хайад райста, Волховы æфсæнвæндаг ссæрибар кæныны тыххæй цы карз тохтæ цыд, уым. Уыцы карз тохты фæстиуæгæн сæрибар æрцыд Волховы æфсæнвæндагон æлхынцъ æмæ уымæй атыдтой Ленинграды блокадæ.

1944 азы райдиан кæд стыр мит ныууарыд, уæддæр Герсан æмæ йе ‘мтохгæнджытæ бырстой размæ æмæ хъæу хъæуы фæстæ, горæт горæты фæстæ сæрибар кодтой. Бахæццæ сты Новгороды онг дæр. Немыцæгтæ сæ бон куы базыдтой, уæд басыгътой горæт æмæ сæхи айстой Ныгуылæны ‘рдæм. Герсан цы полчы уыд, уый ныхмæлæууæджы фæндаг æрæхгæдта æмæ йæ цæгатæрдыгæй ныццавта. Бацайдагъ сын карз тох. Уыцы тохы ныхмæлæууæгыл æрцыд бирæ зиæнттæ. Тох чысыл фæсабыр, Герсан йе ‘мтохгæнджытимæ фæндаггæрон æрбынат кодта. Уалынмæ æрбайхъуыст немыцаг танчы хъæлæба. Цы акъоппы уыдысты Герсанитæ, танк комкоммæ уыцы ‘рдæм æрбацæйцыд, йæ фæстæ цыдысты немыцаг хæстонтæ. Зассейы фырт æрцæттæ кодта гранатты баст æмæ танк куы æрбаввахс, уæд ыл сæ фехста. Танк æрлæууыд. Йæ фæстæ цы немыцаг хæстонтæ цыдысты, уыдоны та иууылдæр уацары ракодтой.

Герсан дыккаг хатт фæцæф Псковы цур тохты æмæ бахауд санитарон батальонмæ. Куы фæхæстхъом, уæд – 1944 азы сентябры æрвыст æрцыд 225-æм æхсæг дивизимæ, кæцы хайад иста Эстони ссæрибар кæныны тохты. Уыцы тохты рæстæджы Герсан нысан æрцыд взводы командирæй.

Советон Æфсад бырстой размæ. Фашисттæ фæстæмæ лæууыдысты бирæ хæстон тых сафгæйæ. Советон хæстонтæ дæр æнæзиан кæм уыдаиккой? Карз тохты фæстиуæгæн ма Герсаны взводы баззад æрмæстдæр авд хæстоны, афтæмæй йын бахæс кодтой знаджы хæстонты хъусдард йе взводы ‘рдæм раздæхын, цæмæй сæ полк атыдтаид, ныхмæлæууæг цы бынаты æрфидар, уыцы ран æмæ  размæ абырстаид. Уыцы хæслæвæрд Герсаны взвод æнтыстджынæй сæххæст кодта. Сæ ныхмæ цы къорд тох кодта, уый бынтондæр куынæг æрцыд.

Герсан тохгæнгæ ахæццæ Кенингсбергы онг. Уым æй æрæййæфта Уæлахизы бон.

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Герсан хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйон хæсты» фыццаг къæпхæны орденæй, «Сырх Стъалыйы» орденæй, «Æхсардзинады тыххæй» майданæй, «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» майданæй, «Кенингсберг сисыны тыххæй» майданæй, «Германыл фæуæлахизы тыххæй» майданæй, бирæ юбилейон майдантæй.

Зассеты Герсан йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрыздæхт 1946 азы Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къорды инвалидæй. Йæ цард баиу кодта йæхиау куыстуарзаг æмæ хæдæфсарм чызг Пухаты Женяимæ æмæ сын райгуырд, сæхиау куыстуарзаг æмæ адæмуарзон зæнæг – дыууæ лæппу æмæ æртæ чызджы.

Иуран бадын кæй нæ уарзта, уый фæстиуæгæн Герсан адарддæр кодта йæ ахуыргæнæджы куыст. Цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ куыста Ожорайы хъæуы скъолайы.

Зассейы фырт сабыр рæстæджы дæр хъазуатон куыст кæй кодта, уый тыххæй 1973 азы хорзæхджын æрцыд «Соцерысы фæуæлахизуæвæджы» майданæй. 1977 азы та йын лæвæрд æрцыд Куысты ветераны ном. Уыд ма Фæскомцæдисы ветеран дæр.

Герсан хæсты быдырæй удæгасæй кæй æрыздæхт, уымæй бузныг уыд Гомарты дзуарæй æмæ бæрæгбонтæй дæр иууыл сæйрагдæртыл нымадта 9 майы æмæ Гомарты дзуары бæрæгбонтæ. Нысан дæр сæ кодта уæрæх. Афтæ рауадис, æмæ 1999 азы 9 майы бæрæгбон куы нысан кодта, уæд æруатон ис æмæ Гомарты дзуарыбон – 30 майы фæзиан.

Зассеты цыппар æфсымæры кæд абоны бон се ‘ввахс адæмимæ, се ‘мтохгæнджытимæ не ‘мбæлынц Уæлахизы 75 азы бæрæгбоныл, уæддæр сæ рухс ном æнустæм рох нæ уыдзæн сæ хæстæджытæй æмæ сæ чи зыдта, уыдонæй.

Осиаты Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.