Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй официалон визитимæ уыд Республикæ Абхазы. Делегацийы сконды уыдысты РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Паддзахадон æдасдзинады комитеты Сæрдар Виктор Шаргаев, Æхсæнадон палатæйы Сæрдар Дзиццойты Анатоли.

Балцы фæстиуджыты æмæ йæ тæлмæнты тыххæй радзырдта РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ балц уыд тынг позитивон æмæ æрхаста бирæ фæстиуджытæ. Куыд загъта, афтæмæй уый республикæ Абхазмæ æрцыд бон раздæр. Æмæ уайтагъд пресс-конференцийы фæлгæтты уагъд æрцыд фембæлд Республикæ Абхазы Культурæ æмæ историон-культурон бынтæ бахъахъхъæныны министр Эльвира Арсалияимæ.

«Æз уыдонмæ бафиппайдтон бирæ позитивон моменттæ. Абхазы æнкъардæуыд уый, æмæ æнæ культурæйæ уыдон кæй ницахæм къахдзæфтæ аразынц, æгæрыстæмæй, паддзахадон суагъæйы планы дæр. Уый тынг хорз у. Æнæхъуаджы куы нæ дзурынц мыййаг, зæгъгæ, паддзахаддзинад арæзт цæуы экономикæ æмæ культурæйыл. Æмæ уыдонæй искæцыйы куы айсæм, уæд паддзахад нæ уыдзæн», – банысан кодта Зассеты Жаннæ.

Пресс-конференцийы фæстæ хуссарирыстойнаг минæвæрттæн уыд экскурси горæт Сухумыл, федтой республикæйы фенддаг бынæттæ, филармони æмæ театры бæстыхæйттæ. Афтæ ма сын фембæлд уыд Республикæ Абхазы культурæйы архайджытимæ дæр.

«Изæры мах уыдыстæм иумиаг концерты, кæцыйы радтой нæ паддзахадон ансамбль «Симд» æмæ абхазаг национ ансамблтæ «Ерцаху» æмæ «Кавказ». Æртæ коллективы дæр равдыстой сæ диссаджы курдиат», – банысан кодта уый.

Концерты фæстæ уыд зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы артистты схорзæхджын кæныны церемони, кæцытæн лæвæрд æрцыдысты Республикæ Абхазы сгуыхт артистты кадджын нæмттæ.

Хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ ма фембæлдысты Арцахы нывгæнджытимæ. Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, сын æнæнхъæлæджы æхсызгондзинад æрхаста сæрибар нывгæнджытимæ аныхас кæнын, кæцытæ ныв кодтой денджызы былыл.

Сухуммæ не ‘рцыды дыккаг бон уыд химæрайсты официалон бон, кæцыйы рæстæджы къухтæ фыст æрцыдысты дыууæ бæстæты Фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министрадты æмæ æхсæнадон палатæты хаххы фæдыл профилон сразыдзинæдтæ. Уый фæстæ хуссарирыстойнаг делегаци бабæрæг кодтой Владислав Ардзинбайы номыл Хæстон музей.

«Дарддæр мах ацыдыстæм Владислав Ардзинбайы райгуырæн хъæумæ, цыран ныгæд ис уый. Сухуммæ бацæуæны ис Эшера, цыран карз къæдзæхыл (айнæгыл) конд сты не ‘мдугонты, не ‘мфыдыбæстæйонты, æфсымæртæ æмæ фыртты нывтæ, кæцытæ фæмард сты Абхазы сæрибардзинады сæрвæлтау. Мæн тынг фæнды ацы æрмæг æрæмбырд кæнын, уымæн æмæ абхазаг музейы ис тынг бирæ æрмæджытæ. Уавæрæй пайда кæнгæйæ, мæ фæнды не ‘мбæстæгтæм бахатын ахæм куырдиатимæ, зæгъгæ, кæд æмæ исчи исты зоны лæппуты тыххæй, кæцытæ ацыдысты æфсымæрон Абхазмæ, кæд æмæ искæмæ бахъахъхъæд æрцыдысты сæ нывтæ, документтæ, ацы музейы спайдагæнæн цæмæй ис, æппæт уыдон, уæд уæ курæг дæн æрбацæут Культурæйы министрадмæ», – загъта Зассеты Жаннæ.

Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, æппæт æрмæджытæ, æнæмæнгæй, здæхт æрцæудзысты сæ хицæуттæм сæ халдихтæ сисыны фæстæ. Нывты æмæ документты халдихтæ та хъуамæ баххæст кæной Владислав Ардзинбайы номыл музейы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.