Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæ æрæджы æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ дискусситы радон раундмæ бацæттæ кæныны нысанæн.

Фæсконфликтон бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат банысан кодта, раздæр дæр æмæ ныр дæр йæ нысан кæй у, æмсæрдæрттæ Женевæйы дискусситы фæзуатыл нæ регионы сабырад æмæ æдасдзинад ифтонг кæныны фæдыл цы бæрнон куыст кæнынц, уый дарддæр кæнын. Æмæ ныфс бавæрдта, радон раунд уыцы æмæ æндæр ахсджиаг фарстаты аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы кæй уыдзæн прогресс.

Джиоты Мурат дискусситы æмсæрдæртты базонгæ кодта фæстаг рæстæджы нæ республикæйы æрцæугæ позитивон ивындзинæдтимæ – 9 июны Хуссар Ирыстоны территорийыл æвдæм сæвзæрст Парламентмæ цы æвзæрстытæ уагъд цыдысты, уыдон зонæнтимæ. Уыдон, зæгъгæ, сты 1990 азæй фæстæмæ æвдæм æвзæрстытæ, æмæ уагъд æрцыдысты пропорционалон-мажоритарон ситемæмæ гæсгæ.

«Æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты сабыр æмæ демократон уавæрты. Æвзæрстыты цыдмæ сæ хъус дардтой 12 бæстæйы минæвæрттæ 70 дунеон хъусдарæгæй фылдæр», – банысан кодта Мурат.

Хуссарирыстойнаг футболон командæ ConIFA-йы версийы Европæйы чемпионтæ кæй систы, уыцы æхсызгон хабары тыххæй дæр радзырдта дунеон дискусситы æмсæрдæрттæн Джиоты Мурат.

Фæлæ уæддæр дискусситы сæйраг хæсыл банымадта Хуссар Ирыстоны адæм æмæ æгасæй регионы æдасдзинад ифтонг кæныны уавæртæ æмæ тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документыл бакусын, цæмæй гуманитарон фарстатæ бæстон цæуой паддзахадон арæнты фæйнæфарс цæрджыты интерестæн.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар дæр равдыста цæттæдзинад фæстиуæгджын куыстмæ.

ЕÆÆО – йæ æмсæрдар Рудольф Михалка фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы форматы бадзырдтæ адарддæр кæнын у стыр хæрзиуæг. Бузныг загъта Джиоты Мурат æмæ Коцты Егорæн æнæофициалон диалогы фæдыл, кæцы ахъазгæнæг у гуманитарон фарстатæ раразмæ кæнын æмæ æрвылмæй арæнтæм хæстæг уагъдцæуæг Механизмты куысты форматмæ конструктивон ахаст дарынæн. Нæ разы, зæгъгæ, кæд вазыгджын фарстатæ лæууы, уæддæр мах кусдзыстæм сæ биноныг кæныныл.

ИНО – йæ æмсæрдар Хайлу Мамо бузныг загъта фысымты хъарм ахасты тыххæй æмæ равдыста æнтыстджын куыстмæ цæттæдзинад.

Хуссарирыстойнаг фарсæй ма фембæлды хайад райстой Фæсконфликтон бæстонкæнынады фарстаты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Коцты Егор, Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин, фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Тасойты Инал.

ФЕМБÆЛДЫ ФÆСТИУДЖЫТЫЛ УЫНАФФÆ ГÆНГÆЙÆ

Женевæйаг дискусситы радон раундмæ цæттæгæнæн фембæлдæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар банысан кодта, сæйраг хъусдард здæхт кæй æрцыд æдасдзинад æмæ гуманитарон нысаны фарстатæм, афтæ дискусситæн сæхи нысанмæ дæр. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны ныхмæ, уыцы фарст раразмæ кæныны гæнæнтæ радон раунды, ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, хайадисджытæ нымайынц сæйраг фарстыл. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, Женевæйы радон фембæлды æнхъæлмæ кæсæм æнтыстджын дискусситæм.

«Фæлæ тагъд нæ кæндзыстæм, нырма хатдзæгтæ нæ араздзыстæм, банхъæлмæ уал кæсæм, дискусситы фæстиуæг цахæм уыдзæн, нæ къухты цы бафтдзæн, уымæ, фæлæ нæ ныфс уыдзæн æвæрццаг баныхæстæй», – банысан кодта Евроцæдисæй æмсæрдар.

Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæнынмæ сæ хъус дарынц не ‘хсæнад. Ацы фарсты тыххæй ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Рудольф Михалка афтæ радзырдта, зæгъгæ, хæдбар эксперт Душан Игньятовичы фæдагурæн мадзæлттæ кæронмæ бахæццæ сты. Æмæ Женевæйы дискусситы радон раунды рæстæджы сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн фадат уыдзæн йæ хъыгъдон æрмæгимæ базонгæ уæвынæн æмæ йыл уый фæстæ æруынаффæ кæнынæн.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фарсты фæдыл Гуырдзыстоны сæ коллегæтимæ уынаффæ кæнынц æви нæ, уыцы фарсты фæдыл минæвар радзырдта, зæгъгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый у нæ куыст æмæ йыл алы фембæлды дæр уынаффæ кæнæм Хуссар Ирыстоны дæр æмæ Гуырдзыстоны дæр. «Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фарстыл ма уынаффæ цæуы Механизмты куысты фæлгæтты дæр. Ацы фарсты фæдыл бузныг дæн хуссарирыстойнаг фарсæй, уымæн æмæ кæнынц нысанмæздæхт куыст», – дзырдта Михалка.

Ныфс ма бавæрдта, æввахс рæстæджы арæнты фæйнæ фарс цæрджытæ кæй банкъардзысты сæ куысты æвæрццаг фæстиуджытæ.

Лигъдæтты фарсты фæдыл дзургæйæ, ИНО-йæ минæвар Хайлу Мамо банысан кодта, ныфс æй кæй ис æмæ ацы проблемæйыл уынаффæ кæй цæудзæнис радон раунды. Йæ ныхæстæм гæсгæ, лигъдæтты фарст хъуамæ суа сæйраг фарстатæй сæ иу, кæцыйыл уынаффæ хъуамæ цæуа Женевæйы уагъдцæуæг дискусситы. Ныфс бавæрдта, ацы фарстыл, абон уа æви сом, дзырд цæудзæн алыгъуызон форматты, уыцы ны-мæцы женевæйаг фæзуаты дæр.

Цы хъæуы саразын, цæмæй ацы ахсджиаг проблемæ бæстон æрцæуа æмæ лигъдæтты фарстыл ногæй уынаффæ цæуа Женевæйы?   Уый фæдыл минæвар банысан кодта, зæгъ-гæ, алы фарс дæр хъуамæ равдиса хæларадон политикон цæттæдзинад, кæрæдзийæн ныххатыр кæныны бындурыл сразыдзинадмæ цæттæдзинад.

Лигъдæтты фарстыл дзургæйæ, Джиоты Мурат фехъусын кодта, ацы фарст йæ мандатмæ гæсгæ кæй хауы, Женевæйы дискусситы цы фарстытыл уынаффæ хъуамæ цæуа, уыдонмæ. Дискусситы фыццаг раундты рæстæджы дыууæ азы бæрц уынаффæ цыд ацы форматы фæлгæтты, фæлæ Гуырдзыстон æрвыл аз дæр ИНО-йы Генералон ассамблейы трибунæмæ райдыдта хæссын резолюци, кæцы политизаци цæуы, у иуфарсон æмæ дзы хъахъхъæны æрмæстдæр гуырдзиаг фарсы интерестæ. Уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг фарс нымайы афтæ, æмæ лигъдæтты фарстыл Женевæйы уынаффæ кæнынæн мидис нæй.

Хуссарирыстойнаг фарс фæндон хæссы, цæмæй ацы фарстыл фæстæмæ уынаффæ цæуа Женевæйы, æмæ гуырдзиаг фарс йæ политизацигонд резолюци ИНО-йы Генералон ассамблейы трибунæмæ мауал хæсса. Науæд хуссарирыстойнаг фарс дæр цæттæ у, махæн ахæм ахсджиаг проблемæйыл уынаффæ кæнынмæ цыфæнды фæзуатыл дæр, цыран уыдон дæр уыдзысты æмбар. Уый фæдыл, мыййаг фыццаг хатт нæ хатыдысты ИНО-мæ дæр æмæ АИШ-ы къухдариуæгадмæ дæр, цæмæй сын фадат радта ИНО-йы Генералон ассамблейы раныхас кæнын æмæ нæ позици фæхæццæ кæныны нысанæн. Фæлæ Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ, абоны онг дæр æмбаргæ ахаст нæма ис уыцы фарсты фæдыл æмæ Женевæйы ацы фарстыл уынаффæ кæнынæн ницы нысаниуæг ис, афтæмæй та проблемæ скъуыддзаг не ‘рцæудзæн.

Джиоты Мурат ма зæрдыл æрлæууын кодта, сæдæ мин ирон æмбæстагæй фылдæр национ, этникон æууæлтæм гæсгæ суанг 1990 азæй сырд кæй æрцыдысты Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстонæй, кæцыты проблемæ абоны онг дæр бæстон нæу.

Æдасдзинады фарсты тыххæй дзургæйæ, Æххæстбарджын минæвар банысан кодта, зæгъгæ, уæззаугай цæуы размæ, уымæн æмæ гуырдзиаг фарс æмæ йæ ныгуылæйнаг фарсхæцджытæ, æппæтдæр аразынц йæ ныкъуылымпы кæныны тыххæй. Фæлæ уæддæр ацы здæхты мах хъуамæ адарддæр кæнæм нæ куыст, уымæн æмæ Женевæйы уагъдцæуæг дискусситы фæзуат у ахсджиаг дунеон фæзуат, цыран Хуссар Ирыстоны адæмæн ис, цы фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыдон рæгъмæ хæссыны фадат.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.