«Фидиуæг» – ирон литературæ æмæ культурæйы айдæн».

Абайты Васо

Рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу. Азтæ кæрæдзийы фæстæ афтæ тагъд тæхынц æмæ сæ адæймаг хатгæ дæр нал кæны, кæмдæр рохуаты тыгъдады бамыр вæййынц. 3 азы размæ 2014 азы январы мæйы республикон газет «Хурзæрин» банысан кодта йæ 90-азы юбилейон бон. Ныр та йæ 90- азы юбилей нысан кæны журнал «Фидиуæг». Æрмæстдæр дзы æртæ азы хистæр у газет «Хурзæрин», кæрæдзийы фæстæ райгуырдысты, мæнæ мады зæнæгтæ кæрæдзийы фæстæ куыд райгуырынц, афтæ. Январы мæйы райгуырдысты дыууæ дæр æмæ цæрыны гуырдтæ фесты зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ.

Æмæ æцæгæйдæр нæ республикæйы уагъдцæуæг иунæг ирон газет «Хурзæрин» æмæ иунæг ирон журнал «Фидиуæг», Цæгат Ирыстон-Аланийы уагъдцæуæг ирон газет «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах дуг»  æцæг мады зæнæгты хуызæн сты, иу мады – Ирыстоны халассæр хъæбултæ сты.  Фыс-сæг Хъодзаты Æхсар æнæхъуаджы куынæ загъта мыййаг афтæ, зæгъгæ, журнал «Фидиуæг» у «Мах дуг»-ы хистæр æфсымæр. Æцæгæйдæр йæ хистæр æфсымæр у, уымæн æмæ «Фидиуæг», «Мах дуг»-æй авд азы хистæр у. Хуссарирыстойнаг адæмæн уæз-зау рæстæджыты райгуырдысты «Хурзæрин» дæр æмæ «Фидиуæг» дæр, фæлæ ирон адæм куыд фæразон сты, ахæм фæразон разындысты ацы газет æмæ журнал дæр. Бафæрæзтой змæст рæстæджыты уадтымыгътæн æмæ 90 азы дæргъы лæггад кæнынц Ирыстоны адæмæн.

1927 азы райдианы Хуссар Ирыстоны автономон областы культурон æмæ æхсæнадон царды æрцыд нысаниуæгджын цау – январы мæйы рухс федта журнал «Фидиуæг»-ы фыццаг номыр. Кæд бæстон бæрæг нæу журналыл ном чи сывæрдта, уæддæр фидарæй зæгъæн ис номæвæрæг Коцойты Арсен кæй уыд, уый. Журналы фыццаг номыры мыхуыр æрцыдысты зындгонд авторты уацмыстæ, куыд зæгъæм, Плиты Арон, Коцойты Арсен, Абайты Вано, Хъуылаты Сикъо, æмæ Абайты Васойы æрмæджытæ. 16-æм январы Цхинвалмæ æрцыд æвзонг ахуыргонд, 27-аздзыд Абайты Васо, кæцымæ разæй æнхъæлмæ каст ирд æмæ дæргъвæтин цард. Уый бæстæзонæн музейы кусджытæн бакаст лекци ирон рухстауæг Æгъуызаты Иуанейы литературон бынты тыххæй. Ацы лекци мыхуыр æрцыд журнал «Фидиуæг»-ы фыццаг номыры. Журнал байгом разныхасæй, цыран редакцийы коллектив радзырдта ирон журналы раз цы хæстæ æмæ нысæнттæ æвæрд сты, уыдоны тыххæй. «Советон Цæдис æмæ капиталистон дуне», ацы темæйыл журналы фыццаг номыры йæ хъуыды дзуры, зынгæ ирон революционер, æхсæнадон архайæг æмæ литератор  Плиты Арон. Афтæ ма дзы мыхуыр æрцыд Коцойты Арсены радзырд «Цыппар туайладжы». Национ прозæйы бындурæвæрæг Коцойты Арсен цалдæр азы цард æмæ куыста Хуссар Ирыстоны. Уый уыд журнал «Фидиуæг»-ы организаторты нымæцы. Журнал ссис Хуссар Ирыстоны фысджыты æхсæнады фыццаг периодикон рауагъд. Йæ фыццаг номыры редакцион уацы дзырдæуы: «Мах ныфс ис уымæй, æмæ журналыл алы ирон адæймаг дæр кæй сæмбæлдзæн стыр цинимæ æмæ зæгъдзæн афтæ: «Æмæ, æцæгæйдæр, ахæм журнал мах хъуыд!». Ирыстоны алы къуымты æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты журналы алы номырмæ дæр. Журнал уыд фыццаг ахæм литературон рауагъд, кæцыйы фæрстыл Ирыстоны цæрджытæн сæ бон сси се ‘мфыдыбæстæйонты аивадон уацмыстимæ зонгæ кæнын. Æмæ кæд журнал литературон уыд, уæддæр æвдыста адæмы царды æппæт фæрсты, уыцы нымæцы политикон характеры фарстытæ дæр.

Мæнæ цы фыста зынгæ журналист Дзуццаты Димитр журналы фыццаг номыры тыххæй. «Уый уыд тъæнджы мæйы. Цхинвалы адæмыл айхъуыст цины хабар. Мыхуыры рацыд журнал «Фидиуæг». Адæм сæ кæрæдзимæ хæрæзæггурæггæгтæ кодтой. Мæ зæрдыл ма лæууы бульвары уæллаг кæрон Магкоты хæдзары уыд зæхкусæг фæсивæды скъола. Иу райсом урокæй сæрибар рæстæджы лæууыдыстæм скъолайы кæрты. Нæ цуры æнæнхъæлæджы февзæрд горæты постхæссæг Козаты Ило. Йæ дæларм уыд газет «Хурзæрин»-ы тыхтон, йæ къухы та – чиныг. Бæрзонд ыл хæцыд æмæ нæм мидбылхудгæ æрбадзырдта, зæгъгæ, уæ хæрзæггурæггаг мæн, лæппутæ, мыхуыры рацыд ног журнал «Фидиуæг». Батыгуыр ыл стæм, цин ыл кодтам, цыма нын мыды къус æрбахаста, уыйау».

«Фидиуæг»-ы фыццаг редактор уыд Плиты Арон Иорданы фырт. Уый уыд профессионалон революционер, Хуссар Ирыстоны фæл-лойгæнджытæй Советон хицауады сæрыл чи тох кодта, уыцы къухдариуæггæнджытæй сæ иу. Фехстой йæ 1937 азы. Уый фæстæ та журналы редактортæ уыдысты Хъуылаты Си-къо, Беджызаты Чермен, Цоциты Резо, Асаты Реуаз, Плиты Илья, Гафез (Гаглойты Федыр), Хуыбылты Александр, Дзаттиаты Георги, Дзугаты Георги, Бестауты Георги, Гаглойты Владимир, Æлборты Хадзы-Мурат. Журналы куыстмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, уыдон уыдысты  ирон интеллигенцийы зынгæ минæвæрттæ Коцойты Арсен, Уанеты Захар, Тедеты Петр, Дзесты Куыдзæг, Гæззаты Сослан, Хозиты Яков, Плиты Грис, Бекъойты Елиоз, Хъороты Хъазбег, Джусойты Нафи, Козаты Исидор, Гæбулты Мелитон, Харебаты Димитр, Букуылты Алыкси, Тедеты Рюрик, Гуыцмæзты Алеш, Миндиашвили Серго, Къæбысты Зауыр, Гобозты Валери, Хъороты Сослан, Гæбæраты Юри æмæ бирæ æндæртæ.

1996 азы журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редакторæй нысан æрцыд поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат æмæ æхсæнадон преми «Нарты фæткъуы»-йы» лауреат Хъодалаты Герсан. Абон журналы редакцион коллегийы сконды сты: Хъодалаты Герсан, Джиоты Мурат, Джусойты Нафи, Биазырты Роланд (бæрнон нымæрдар), Плиты Гацыр, Хозиты Барис, Харебаты Леонид, Хъазиты Мелитон.

Раздæримæ абаргæйæ, абон кæд журналы коллектив чысыл у, уæддæр уыдон Хъодалаты Герсаны сæргълæудæй аразынц æппæт дæр, цæмæй сæ развæдгæнджыты кадджын традицитæ дарддæр кæной. Йæ фыццаг номыры рацыдæй абоны онг, журнал стыр ахъаз фæци ирон æвзаг æмæ литературæйы, иумæйагæй национ культурæйы рæзтæн. Хъодалаты Герсан афтæ дзуры: «Йæ уæвынадæй фæстæмæ журнал «Фидиуæг» бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Уæлдай трагикондæр азтæ йын уыдысты 1937 азы политикон репресситы азтæ, уæд куынæг æрцыдысты  нæ адæмы хуыздæр минæвæрттæ, куыд зæгъæм, Плиты Арон, Хъуылаты Сикъо, Беджызаты Чермен, Ты-былты Алыксандр. Æгæрыстæмæй, абон дæр бæрæг нæу сæ ингæнтæ кæм сты, уый.  Куыд зонæм афтæмæй, уыдонæй бирæтæ куыстой «Фидиуæг»-ы. Уыцы хъуыддаг æвзæрырдæм  бандæвдта  ауагъды  хъыс-мæтыл. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, журнал бафæрæзта æмæ дарддæр кодта йæ рухстауæн мисси.

1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уыцы уæззау азты журналы рауагъд рæстæгмæ урæд æрцыд, уымæн æмæ мыхуыры органы кусджытæй бирæтæ ацыдысты фронтмæ. Уыдоны ‘хсæн уыдысты Бекъойты Елиоз, Гафез, Дзугаты Георги, Букуылты Алыкси, Мæргъиты Къоста, Асаты Реуаз æмæ æндæртæ. Фашистон Герман пырх куы æрцыд, уæд нæ салдаттæ-уæлахиздзаутæ здæхын райдыдтой сæ хæдзæрттæм. Æмæ куыд раздæры азты, афтæ æвзонг ветерантæ, журналы кусджытæ æрæвнæлдтой йæ рауадзынмæ æмæ та ногæй райдыдта йæ кæсджыты зæрдæтæ рухс кæнын.

Цалдæр азы размæ журнал ныммыхуыр кодта ирон интеллигенцийы ирддæр минæвæрттæй сæ иу Гаглойты Рутены уникалон фыстæджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фыстæджытæн ис зонадон интерес æмæ ноджыдæр æвдисæн систы сæ авторы, йæ радтæг адæмы æцæг патриоты дисса-джы удыхъæдæн. Уæлдай хъусдард здахæм райдайгæ автортæм, уымæн æмæ сфæл-дыстад у вазыгджын фæндаг, цыран фæхъæуы бæрæг æххуыс. 1978 азы журналы номыртæй сæ иуы мыхуыр æрцæуæг уацмыстæн сæ 60 проценты уыдысты æвзонг æмæ райдайгæ авторты. Нæ разы лæууæг хæстæй сæ иу у, æвзонг перспективон курдиæттæ агурын æмæ сæ сфæлдыстадон куыстмæ æрбакæнын. Раздæры рæстæджы Ирыстоны уыд тынг бирæ курдиатджын фысджытæ æмæ поэттæ. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ сæ цардæй ахицæн сты, уыцы нымæцы Гуыцмæзты Алеш фæмард гуырдзиаг лæгмарты къухæй. Æмæ сæ бынæттæм та нырма не ‘рбацыдысты æмбæлон æмвæзады кадртæ. Фæлæ, нæ коллектив архайы  ахæм адæймæгты ссарын æмæ сæ бацæттæ кæныныл, кæцытæн аккагæй сæ бон суаид журнал «Фидиуæг»-ы куыст адарддæр кæнын.

2007 азы мæ фæхуыдтой РЦИ-Аланимæ литературон изæрмæ. Мадзалы ма уыдысты ЦИПУ-йы цалдæр кусæджы, уыдон ‘хсæн – Джыккайты Шамиль (рухсаг уæд!) æмæ Хозиты Барис. Ныхас нын бацайдагъ æмæ мæ Шамиль афарста нæ журналы тыххæй. Æз ын æрхæндæгæй сдзуапп кодтон, зæгъын, мæ коллективимæ йæ мæлын нæ бауагътон. Иуцасдæр хъуыдыты ацæуыны  фæстæ, Шамиль сдзырдта: «Куыд хорз æй загътай!..», – радзырдта Хъодалаты Герсан.

1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы куыд газет «Хурзæрин»-ы коллектив, афтæ журнал «Фидиуæг»-ы коллектив дæр куыстой тынг уæззау уавæрты. Фæлæ ацы рауагъдты кусджытæ тынг хорз æмбæрстой, газеттæ æмæ журнал кæй хъæуынц адæмы, уæлдайдæр та Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстон информацион блокадæ куы сарæзта, уыцы азты. Бирæ фыдæбæттæ бавзæрстой хуссарирыстойнаг журналисттæ газеттæ æмæ журнал рауадзыныл кусгæйæ. Бирæ азты дæргъы сæ кусæн хатæнтæ хъарм кодтой пецты суг æндзаргæйæ, æгæрыстæмæй-иу сæ бахъуыд сæ хæдзæрттæй сугтæ æрбахæссыны сæр дæр, цæмæй сæ куыст ма æрлæууыдаид æмæ адæммæ хæццæ кодтаиккой рæстдзинад гуырдзиаг абырджыты фыдаудæн мæлæт-хæссæг архайдтыты тыххæй. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Æгæрыстæмæй, 2008 азы августы тæссаг хæсты фæстæ дæр газеты æмæ журналы коллективтæ уайтагъд æрæвнæлдтой сæ куыстмæ, сæ кусæн хатæнты алыгъуызон æхсæнгæрзты нæм-гуыты схъистæй асыгъдæг кæнгæйæ.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ дыууæ цардæмбалы, дыууæ зиууоны, фысджытæ Хъодалаты Герсан (сæйраг редактор) æмæ Наниты Асиатæн (прозæйы хайады редактор) журналы редакци ссис сæ дыккаг хæдзары хуызæн. Уыдон æппæт дæр сарæзтой, цæмæй журнал йæ кусынæй ма æрлæууыдаид дæргъвæтин хæстон архайдтыты рæстæджы, кæнæ та бынтондæр ма амардаид, уый тыххæй. Хъодалаты Герсан журналы сæйраг редакторæй кусы ныр 20 азы дæргъы. Сæ юбилейон бæрæгбоны нæ уыдонæн зæгъын фæнды уæлдай бузныджы ныхæстæ. Дыууæ азы размæ журналы бæрнон нымæрдарæй кусын райдыдта йæ дæсныйады иттæг хорз специалист Биазырты Роланд. Газет «Хурзæрин»-ы коллектив зæрдæбынæй арфæ кæнынц сæ коллегæтæн, сæ зæрдæ сын зæгъы бирæ азты дæргъы æнтыстджын куыст сабыр арвы бын.

Цæр нын æнустæм, нæ уарзон журнал «Фидиуæг» æмæ ирон адæмы зæрдæтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ рухс кæн дæ диссаджы мидисджын уацмыстæй, публикацитæй!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.