Цал æмæ цал адæймагæн, уæлдайдæр та æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæн фæивтой сæ царды фæндтæ, Хуссар Ирыстоны хæсты арт судзын куы райдыдта, Советон Цæдис куы фехæлд, уæдæй фæстæмæ. Сабыр царды фæндтæ чи нывæста, сæ фидæны царды хъуыдытыл чи уыдысты, уыдон хæцæнгарзимæ бахъуыд, цы зæххыл райгуырдысты, уый бахъахъхъæныны сæр. Уыцы хæстон фæндæгтыл чи рацыдысты сæ райдианæй сæ кæронмæ, ома августы хæсты фæудмæ, уыдонæй сæ иу у Хозиты Ботаз. Уый абон дæр йæ буары хæссы знаджы нæмыг æмæ царды ссис йе ‘мбæлццон. Фæлæ уый йе ‘ввахс адæм, кæимæ тох кодта, уыцы лæппутæ, хиуæттæ æмæ æввахс зонгæтæй дарддæр ничи зоны. Уымæн æмæ нæ уарзы йæ хæстон архайдтыты тыххæй дзурын, йæхи кой кæнын. Бирæ журналистты фæндыд адæмы базонгæ кæнын, куыд хæцыдис, уыдæттимæ, фæлæ уый нырмæ никæйы къухты бафтыд, – ныр нын бантыст йе “сдзурын” кæнын.

2008 азы Хозиты Ботаз уыд зенитон-ракетон батареяйы командир. Хæстонты иу къорд æрбынат кодта Хицауады хæдзары сæр, цæмæй йыл знæгтæ хæдтæхджытæй мацы æрыппæрстаиккой. Афтæ ма хъахъхъæдтой Зары фæндаг дæр, суанг Гуфтайы хиды онг, цæмæй гуырдзиæгтæ сæ десантты ма æрыппæрстаиккой уырдæм. Хæдтæхджытæ сын сæ постыты æхстой, фæлæ сæ иу хæстон лæппу дæр йæ бынат нæ ныууагъта. Ботаз æмæ йæ хæстон æмбæлттæ хъахъхъæдтой Гуфтайы хиды дæр. Афтæ, нал бон уыд, нал æхсæв Хозиты Ботаз æмæ йæ хæстон æмбæлттæн, цалынмæ нæм æххуысмæ Стыр Уæрæсе нæ фæзындис, уæдмæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Ботазæн йæ хæстон фæндаг 2008 азæй кæй нæ райдыдта. Уый йын райдыдта 1990-æм азтæй. Уæдмæ, ома, советон дуджы та уыд, ахуырыл ифтонг. Каст фæцис Дзауы скъола-интернат. Уый фæстæ фæлва-рæнтæ радта Челябинскы горæты по-литехникон институтмæ. Бирæ рæсугъд фæндтæ нывæста йæ царды Ботаз. Йе ‘взонджы бонтæ хъуамæ амондджынæй æрвыстаид, сабыр уавæрты цардаид, фæллой кодтаид йæ фадæттæ æмæ арæхстдзинадмæ гæсгæ. Фæлæ йын йæ цард æмæ йæ фидæны бæллицты æхсæн бацыд хæст. Æмæ йын бирæ хъуыдытæ кæныны рæстæг нæ уыд, æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæм æмæ æрлæууыд иннæ хæстон лæппуты æмрæнхъ.

Æхсæнгæрзтимæ архайын Ботазæн амонын нæ хъуыд. Чеселтгом фыдæлтæй фæстæмæ зындгонд у, историйы чи баззадысты, уыцы хæстон архайдтытæй, сæ зындгонд рæстдзæвин цуангæнджытæй æмæ сын уыд аккаг фæдон. Тох кæныны сæр æй нæ хъуыд, фæлæ рæвдз уыд цуан кæнынмæ æмæ цуангæнæг та хъуамæ хорз арæхса æхсæнгарзимæ архайынмæ. Йæхæдæг-иу сцæттæ кодта нæмгуытæ дæр.

90-æм азты хæст куы райдыдта, уæд алкæмæ нæ уыд хæцæнгарз, фæлæ Ботазмæ уыд æртæ æхсæнгарзы. Æмæ дзы иу йæхимæ ныууагъта, иннæ йе ‘мбал Куымæридтаты Петямæ радта, аннæмæй та лæппутæ кæрæдзийы  ивгæйæ хæцыдысты. Мигæнæн стæмтæм кæй уыд, уымæ гæсгæ лæппутæ кæрæдзимæ адзырдтой, цæмæй æхсæнгæрзтимæ чи уыд, уыдон горæты хидтæ бахъахъхъæдтаиккой. Ботаз æмæ йе ‘мбæлттæ хъахъхъæдтой ног хид. Уый уыд, гуырдзы 23-æм ноябры “сабырадон митинг” уадзынмæ куы æрбацыдысты, уæд. Сæ фæндæй куы ницы рауад, горæтмæ сæ куынæ бауагътой, уæд апырх сты хъæутыл æмæ сæ маст исын райдыдтой сабыр цæрæг хъæууон адæмæй. Фыццаг рады уал арт бафтыдтой Присы хъæуыл æмæ цæрджыты знагæй бахъахъхъæныны тыххæй уырдæм сæхи аппæрстой Ботаз æмæ иннæ хæстон лæппутæ.

Æмæ канд Присмæ нæ фæфæдис кодта Ботаз йе ‘мбæлттимæ, фæлæ-иу куыд горæты, афтæ Цхинвалмæ æввахс æндæр хъæуты дæр тæссаг уавæр кæм фæзынд, уырдæм цыдысты.

1991-æм азы Чъех æмæ Тамарес дæр гуырдзиаг лæгмартæй куы байдзаг сты æмæ нæ адæмæн горæтæй æддæмæ ахизыны фадат куынæуал лæвæрдтой, уæд нæ хæстон лæппутæ сфæнд кодтой Тамаресы ссыгъдæг кæнын. Сæ иутæ йæ уæллаг фæрсты æрбахызтысты, иннæтæ та  – йæ дæллаг фæрсты. Фæлæ сын иумæйаг къухдариуæггæнæг нæ уыд æмæ сæ ацы хæстон операцийæ ницы рауад. Ботаз ам æвыдæй нæ аирвæзт. Æрталынг, афтæ уый сфæнд кодта сабыргай фæндагмæ рахизын æмæ гуырдзиæгтæн сæ пост цы ран ис, уый сбæрæг кæнын. Иу хæдзары сисгæрæтты хъуызгæ фæцæуы, йæ тигъмæ нæма бахæццæ, афтæ кæсы æмæ йæ размæ дыууæйæ æрбацæуынц, æртыккаг æддæдæр æрлæууыд æд автомат æмæ сæ хъахъхъæны. Ботаз фæджихау, чи уыдзысты? Фыццаг афтæ фенхъæлдта йæ фæстæ æрбахъуызыдысты лæппутæ æмæ рамæсты. Афтæ дзырд нæ уыдысты æмæ ныр æваст йæ цуры февзæрдысты. Йæхи нал баурæдта æмæ сæ афарста: чи стут зæгъгæ. Уыдон ын дзуапп радтой иронау, зæгъгæ, хиуæттæ стæм. Фæлæ Ботазæн дарддæр сдзурыны фадат нал радтой, суагътой йыл автомат æмæ фæцæфис. Бамбæрста, уыдон бынæттон гуырдзиæг-тæ иронау хорз чи зоны, ахæмтæ кæй сты æмæ ма йæ æхсæнгарзмæ бæргæ фев-нæлдта, мæнгвæдæгыл бæргæ æрбахæцыд, фæлæ æнгуылдзæн йæ бон нал ссис йæ æрбалхъивын. Нæмыг риуы ахызт. Уый та уыд, зилгæ чи цыд, ахæм æмæ зилгæ зилын аскъуыдта цонджы нуар. Чысыл ма хæцыд, стæй оны стæгыл сæмбæлд æмæ уырдыгæй оны бынмæ фæлмæны æрбынат кодта. Ботаз куы бамбæрста йæ уавæр, уæд йæ дзыхыдзаг йе ‘мбæлттæм ныхъхъæр кодта, зæгъгæ, цы фестут лæппутæ, мæнæ сты! Гуырдзиæгтæ хъæрæй фæтарстысты æмæ æрбайсæфтысты. Ботаз ма ауыдта, милицийы дарæсы кæй уыдысты, уый.

Ботазы тыхамæлттæй йæ туджы мæцгæ æркодтой йе ‘мбæлттæ рынчындонмæ. Бирæ туг фесæфта. Тынг тæссаг уыд йæ цардæн æмæ йæ дыккаг бон Дзæуджыхъæумæ  вертолетыл аласта дохтыр Мæргъиты Роберт. Уый рынчынты бæргæ ныххæццæ кодта, фæлæ фæстæмæ нал æрхæццæ иннæ рынчынтæм. Фæстæмæ здæхгæйæ, вертолет йæхи скъуырдта къæдзæхыл æмæ бабын сты.

Ботазæн Дзæуджыхъæуы рынчындоны сопераци кодтой. Бахуыдтой, нæмыг цы нуар аскъуыдта, уый. Фæлæ ам дæр сæ бон нæ бацис нæмыг сисын æмæ йæ абон дæр хæссы йæ рахис оны бын. Йæ дохтыр уыд дзуттаг. Ботаз ын йæ ном, йæ мыггаг нæ бахъуыды кодта, фæлæ нымад цыдис Советон Цæдисы тыхджындæр нейрохирургтæй сæ иуыл. Дохтыр Ботазæн бамбарын кодта, Германæй дарддæр кæй никуы сисдзысты нæмыджы.

Дыууæ мæйы фæхуыссыд рынчындоны, стæй æрыздæхт нæхимæ æмæ та бацыд хæцæг лæппуты, Хуыбылты Валерийы къордмæ. Уыцы къорды фæстæ арæзт æрцыд Хъахъхъæнынады министрад æмæ уырдæм бацыд службæ кæнынмæ.

2004-æм азы сæ 300 лæппуйæ сæ хæстон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ арвыстой Цæгат Ирыстонмæ Тарскæмæ. Куы æрыздæхтис ахуырæй, уæд сарæзтой зенитчикты батарея. Уым нырма уыдис взводы командир, фæстæдæр ссис батареяйы командир. Афтæ дзы фæкуыста 2009 -æм азмæ. Уыцы аз бахауд аварийы. Ноджы фæцудыдта йе ‘нæниздзинад æмæ йын æфсæддон службæ зын кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ ныууагъта.

Хъыгагæн ын нæ бантыст йæхи цард саразын æмæ ууыл тынг хъыг кæнынц йе ‘ввахс адæмтæ, йе ‘мгæрттæ. Куы йæ афарстон, нæ дæ хъыгдары, уыцы стыр нæмыг, уæд сабыргай загъта:

“Уазал бонты йæ тынгдæр хатын, ныууазал вæййы уыцы бынат, раст дзы, цыма, дойнаг дур ис, афтæ. Фæлæ цы мæ бон у, дохтыр мын уæд бамбарын кодта, æрмæстдæр æй Германы кæй сисдзысты, уый», – загъта Хозийы фырт.

Сфæлтæрдта хæстон азты Ботазы æвзонг уд. Уый базыдта уыцы азты æмбалы æнувыддзинад тæссаг рæстæджы. Æнкъардта ахæм уавæрты æмбалы фидар цонг æмæ куы хъуыд, уæд, хи цардыл нæ хъуыды кæнгæйæ, йæхæдæг дæр уыд æмæ абон дæр у ныфсы мæсыг йæ адæмæн.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.