Хуссар Ирыстон 20-æм сентябры Республикæйы бон кæй нысан кæны, уый фæдыл развæлгъау районты ауагътой алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ. Знауыры районы дæр иннæ азтау бацæттæ кодтой аив программæ æмæ барухс кодтой æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ.

Барæгбонон мадзæлттæм сæм фæуазæг сты бæстæйы Президент Гаглойты Алан, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Къадзты Гено æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Бæрæгбонон мадзæлттæ райдыдтой районы клубы раз фæзуатæй – алы хъæусовет дæр авæрдта фынгтæ сæ фæззыгон тыллæгæй, сцæттæ кодтой алыгъуызон дзаджджын хæринæгтæ, адджинæгтæ, рæнхъыл равæрдтой цалдæр хуызы нозтытæ, алы амæлттæй барæсугъд кодтой сæ къæбиц. Ам фенæн уыд морæгъуыз пъамидортæ, харбызтæ, неситæ, мантъылытæ, уагъылытæ æмæ афтæ дарддæр.

Æппæт ацы халсæрттæ æмæ дыргътæ иууылдæр æрзадысты районы.Æмæ ахæм ирон къæбиц та куыд хъуамæ рафидауа æнæ дзыккайæ. Хъорнисы фынджы фарсмæ акодтой арт æмæ дзы чысыл цуайнаджы ацарæзтой ивæзаг дзыкка.

Бахизæны уазджытыл ирон уæлæдарæсы сæмбæлд чысыл лæппу æмæ сæм авæрдта нуазæнтæ. Уый фæстæ сын акодта диссаджы зарæг дæр æмæ уазджытæ райдыдтой зилын ирон къæбицыл. Æдæппæт дзы æвæрд уыд æхсæз фынджы – Зиууаты, Мугуты, Балтайы, Терегуаны, Хъорнисы æмæ Знауыры хъæусоветтæ. Президент куыд банысан кодта, афтæмæй ирон къæбицты хайадисджытæ афтæ зæрдиагæй архайдтой сæ фынг срæсугъд кæнынмæ æмæ кæд алы районы дæр иугъуызон халсæрттæ æмæ дыргътæ зайы, уæддæр дзы дыууæ фынджы æмхуызæттæ нæ уыд. Иу дзы иннæмæй хицæн кодта, алкæмæдæр дзы уыд йæхи аивдзинад, алы фынгыл дæр уыд ахæм хæринаг, халсар, кæнæ дыргъ, кæцы иннæ фынгыл нæ уыд.

Бæстæйы сæргълæууæг раарфæ кодта районы цæрджытæн ирон æгъдау æмæ уазæгуарзондзинад афтæ рæсугъд кæй равдыстой æмæ иузæрдион лæггад кæй бакодтой ирон къæбицмæ æрбацæуджытæн.

«Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ сабырдзинад, цæмæй-иу уæ бафыдæбоны фæстæ фенат хъæздыг тыллæг, уæ хæдзæртты уа бæркад æмæ уæ кæстæртæн та гом уой сæ царды фæндæгтæ. Хуссар Ирыстон йæ сæрибардзинадмæ цæугæйæ тынг зын фæндæгтыл рацыд, уæззау дуджы гуылфæнты бахаудта. 20-æм сентябры цы деклараци райстам Республикæ расидыны тыххæй, уый уыд фыццаг къахдзæф нæ хæдбардзинадмæ. Зæрдæрухс мын ут, дидин æфтауæд нæ уарзон Ирыстон æмæ уæ бæрæгбоны хорзæх уæд!», – загъта Президент.

Ирон къæбицæй дарддæр ма дзы уыд равдыст Сывæллæтты аивæдты галуанæн дæр. Уыдон рæгъыл равæрдтой сæ диссаджы куыстытæ, кæцытæм зæрдæ кæсынæй не ‘фсæст, адæймагыл цин æфтыдтой сæ аив кондæй æмæ рæсугъддзинадæй. Уæлдай æхцондзинад сывæллæтты арæзт кæй сты. Президенты зæрдæмæ тынг фæцыд ацы равдыст дæр æмæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта Галуаны къухдариуæгадæн.

Бæрæгбонон мадзал адарддæр ис концертæй. Хайад дзы райстой куыд районæн йæхи сфæлдыстадон коллективтæ, афтæ ма Хуссар Ирыстоны эстрадæйы минæвæрттæ дæр. Зарджытæ дзы сæххæст кодтой Тасойты Игорь, Икъаты Ибрагим, Икъаты Миленæ, Лалыты Альберт æмæ æндæртæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.