Хозиты Яков райгуырд Уӕлладжыры комы Хозиты хъӕуы 1916 азы 8 февралы. Йӕ фыд Ясон уыди мӕгуыр фӕллойгӕнӕг, йӕ сабийы бонтӕ арвыста сидзӕрӕй, бонджынтӕм ӕххуырсты кусгӕйӕ. Революци хӕхты цъассытӕм куы банхъӕвзта, уӕд Ясон ӕнӕгуырысхойӕ ӕрлӕууыди сӕрибарыл тохгӕнджыты ӕмрӕнхъ. Уыди сӕ хъӕуы ревкомы сӕрдар. 

Яковыл ӕхсӕз азы цыдаид, афтӕ йӕ бинонтӕ ралыгъдысты быдырмӕ ӕмӕ ӕрцардысты Кировыхъӕуы. Ам сабийӕн фӕцис ахуыр кӕныны фадат. Скъолайы фыццаг хатт базонгӕ Хетӕгкаты Къостайы уацмыстимӕ. Фæстӕдӕр, ӕрыгон автор йӕ автобиографийы фыста: «Ме ‘фсымӕр Ногийы фӕрцы базонгӕ дӕн «Ирон фӕндыр»-имӕ. Ноги зыдта ӕнӕхъӕн «Ирон фӕндыр» ӕнӕ чиныгмӕ кӕсгӕйӕ, арӕх-иу дзырдта Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ. Мӕнӕн-иу Ногимӕ хъусгӕйӕ мӕ зӕрдӕ рухс кодта фырцинӕй. Кӕсын нӕма зыдтон, афтӕмӕй цалдӕр зыдтон Къостайы фыстытӕй дзурын. Кӕсын куы базыдтон, уӕд мӕ къухӕй нал цух кодта «Ирон фӕндыр», ӕхсӕв дӕр-иу ӕй бавӕрдтон мӕ базы бын. Фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕ райдыдтон фыссын Къостайы фыстытӕм кӕсгӕйӕ».

Яков сфӕлдыстадон куыстыл  фӕцалх 1929 азы. Хъӕууон скъола каст фӕуыны фӕстӕ ссыди Дзӕуджыхъӕумӕ. Ахуыр кодта облӕстон фыццӕгӕм фӕлварӕн скъолайы, стӕй та хъӕууон хӕдзарады техникумы. Фӕстагмӕ сси Цӕгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы факультеты студент. 

Цы зын уавӕрты ахуыр кодта, уый тыххӕй йӕ хо Оля афтӕ  зӕгъы: «Мӕ зӕрдыл ма лӕууы, облӕстон скъолайы куы ахуыр кодта Яков, уӕд йӕ хӕцъил дзабыртӕ ныскъуыдтæ, газеты сӕ батыхта, йӕ дӕларм сӕ скодта, афтӕмӕй горӕтӕй Кировыхъӕумӕ фистӕгӕй ӕрцыди, бӕгъӕввадӕй. Йӕ къӕхтӕ стӕппӕлттӕ сты, ӕмӕ ӕртӕ боны нӕхимӕ баззади. Ног хӕцъил дзабыртӕ йын бахуыдтон, нӕ фыд та йын батинкӕтӕ балхӕдта. Ӕз фӕскомцӕдисы уыдтӕн, ӕмӕ мын кӕрдӕгхуыз хæдон (гимнастерка) радтой. Уый дӕр  Яковӕн балӕвар кодтон.  

Уыцы азты Яковӕн мыхуыры фӕзындысты йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕ. Æнувыдӕй архайдта институты литературон къорды куысты. 1936 азы каст фӕци институт ӕмӕ бацыд аспирантурӕмӕ. 1938 азы 9 июлы Яков фӕхъуыд ирон фысджыты рӕнхъытӕй. Йӕ амардыл тынг фӕхъыг кодтой йе ‘мкусджытӕ, ӕгас Иры дзыллӕ. Нигер Яковы рахуыдта «Майы фаззон», йӕ зӕрдӕ нӕ цины зарӕджы кӕмӕн баззад, ахӕм ӕвзыгъд поэт. «Ӕнафоны мӕлӕт нал бауагъта ӕрыгон фӕскомцӕдисон поэтӕн йӕ ӕппӕт стыр курдиӕттӕ равдисын, йӕ зӕрӕды цы стыр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ уыдис, уыдон зӕгъын», фыста Мамсыраты Дӕбе газет «Ӕрыгон большевик»-ы. Яковы сӕфтыл ӕрхӕн-дӕг ӕмдзӕвгӕ ныффыста Дзугаты Георги. 

Автор Яковы хоны, йӕ хӕс кӕронмӕ сӕххӕст кӕнын кӕмӕн нӕ бантыст, фӕлӕ йӕ курдиат тӕмӕнкалгӕ стъалыйау кӕмӕн нӕ бамынӕг уыдзӕн, ахӕм разагъды гуырд. 

Хозиты Яков царды дӕр ӕмӕ литературӕйы дӕр уыди стыр ныфсы хицау, разӕнгардӕй, зӕрдӕргъӕвдӕй архайдта йӕхи аивадон фӕрӕзтӕ ссарыныл. Уыцы хъуыддаджы йӕ хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ уыдысты Къоста ӕмӕ Маяковский. Яков уыд, ирон ӕвзагмӕ Маяковскийы уацмыстӕ фыццагдӕр чи раивта, уыдонӕй иу. Уый хуымӕтӕджы нӕ рауади: номдзыд уырыссаг поэты удыхъӕд ӕмӕ сфӕлдыстадон ныфс ӕввахс лӕууыдысты Хозийы-фырты миддунемӕ. Маяковский йӕ поэтикон сисӕй сӕ гамхуд иста революцийы, царды знӕгтӕн – бюрократтӕн, ӕввонгхортӕн, давджытӕн, зӕвӕтысдӕр хилӕгойтӕн, ӕрмӕст йӕхи гуылы бын арт чи ӕндзары, уыдонӕн. 

Уый уыди Маяковскийы сфӕлдыстадон деклараци, йӕ фидар фӕтк… Ууыл йӕхи хъардта Яков дӕр. Маяковскийыл ахуыр кӕнгӕйӕ сидт, социалистон цардарӕзтӕн цыдӕриддӕр къуылымпыйы хос уыд, уыдон ныхмӕ тохмӕ. Яковы аивадон мадзӕлттӕй иу у зӕронд хъизӕмайраг дуг ӕмӕ ног, социалистон дуне ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕрын. «Терчы хъаст», «Зарӕг бонтыл», «Октябры сидтон», «Ног Ир», «Нӕ дӕн ӕнкъард» ӕмӕ иннӕ ӕмдзӕвгӕты уынӕм, цагъары рӕхыстӕ кӕй домбай цӕфтӕй базгъӕлӕнтӕ сты, уыцы фӕллойгӕнӕг адӕмы бӕллицтӕ билцъ куыд суагътой, революцийы хур сын цы стыр хӕрзты бацыд, уый. 

Яков йӕ хъус тынг дардта йӕ рӕстӕджы царды цаутӕм, йӕ зӕрдӕмӕ сӕ арф иста ӕмӕ сыл зарыди, йӕ курдиат, йӕ гӕнӕнтӕ цас амыдтой, уыйбӕрц ӕнувыдӕй. Раст зӕгъын хъӕуы, хатгай-иу темӕйы актуалондзинады уацары бахаугӕйӕ риторикӕмӕ дӕр рахызт, йе ‘мдзӕвгӕтӕ-иу баззадысты хуымӕтӕджы агиткӕтӕй, фаг дзы нӕ уыди зӕрдӕйы цӕхӕр, ног аивадон ахорӕнтӕ. Ӕрыгон поэт Маяковскийы хатгай фӕзмыдта формалон хуызы. Уыцы аипп канд Яковмӕ нӕ уыди. «…Маяковскийӕн йӕ поэтикӕйы хицӕндзинӕдтӕ (йӕ ритм, йӕ рифмӕ, ног дзырдтӕ аразыны закъонтӕ) ирон поэттӕй абоны онг бирӕтӕ хорз нӕма базыдтой, нӕма сӕ бамбӕрстой ӕмӕ сӕ фаг нӕ пайда кӕнынц», – фыста Нигер 1940 азы.  

Хозиты Яковӕн йӕхи поэтикон уынынад кӕм ис, уыцы уацмыстыл дзургӕйӕ фыццаджы-фыццаг зӕрдыл ӕрлӕууы чысыл лирикон ӕмдзӕвгӕ «Ӕмбисӕхсӕв». Лӕмбынӕг ӕркӕсгӕйӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕй, авторы ахорӕнтӕ оригиналон ӕмӕ ахадгӕ кӕй сты, Яков дунейы мыртӕ къӕрцхъусӕй кӕй ахсы, йӕ цӕст уынаг кӕй у, йӕ зӕрдӕ – ӕнкъарӕнтӕй йемыдзаг. 

Цӕстытыл цардӕгасӕй уайынц, мидфынӕй уынгты бӕлӕстӕ сатӕг дымгӕйы улӕфтмӕ ног чындзытау куыд сусу-бусу кӕнынц, уыцы ӕхцон нывтӕ. Ахорӕнтӕ цӕмӕй ӕндзыг ма уой, цӕмӕй сын сӕ тӕмӕн, се змӕлд банкъарӕм, уымӕн хорз ахъаз кӕнынц мыртӕ с, ст, ацах-сӕм дзы сыфтӕрты сыр-сыр — дымгӕ куы ӕрбаулӕфы, уӕд зына-нӕзына бадзедзырой кӕнынц, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ райхъуысы сӕ уайсадгӕ сыбар-сыбур. Ӕмдзӕвгӕйы нннӕ фӕлгонцтӕ дӕр кӕрӕдзиуыл сты аив быд, иу сӕ у иннӕйы фӕстиуӕг. Уӕ цӕст-ма ахӕссут: «Мил, фӕскъау бӕмбӕгау асӕст…» (Иттӕг бӕлвырд фӕлгонц, ӕнӕ иу уӕлдай дзырд, биноныгӕй уынӕм, уыцы фӕскъау бӕмбӕгыл мӕй удгоймагау хъазгӕ, худгӕ куыд фӕтулы, уый); «Арвы ирд гӕбӕзтӕ култау дидинӕгӕй цагъд». (Асӕсты ‘хсӕнмӕ ‘хсӕнты арвы гӕбӕзтӕ ӕцӕгдӕр сыгъдӕг доны култау фӕзынынц. Стъалытӕ дзы ӕрттивынц урс дидинджытау. Поэты та ацы ран дӕр йӕ цӕст нӕ фӕливы ӕмӕ, цы ныв аразынвӕнд кӕны, уымӕн равдисы, хуымӕтӕджы адӕймаг кӕй нӕ фендзӕн, ахӕм хӕйттӕ, фӕзилӕнтӕ); «Хӕхтӕ – тинтычъийӕ худтӕ кауы михтыл сагъд». (Яковы агъоммӕ хӕхтӕ ахӕм хуызы ничима равдыста); «Уым, дӕлдӕр, сӕ бынмӕ, фæлмы – хъӕды тар сыфтӕр. Гоби арф комы ӕфсӕрмы. Хъал доны уынӕр». (Фӕлгонцтӕ кӕрӕдзиуыл баст сты контрасты мадзалӕй); «Бӕстыхӕйттӕ ам мӕ разы – сохъхъыр кӕфтау раст». (Ацы оригиналон фӕлгонц йӕхӕдӕг йӕхи тыххӕй хорз дзуры. Йӕ хӕдфӕстӕ цы дыууӕ рӕнхъы лӕууы, уыдонӕн та ис ныхмӕвӕрд нысаниуӕг); «Иу, дыууӕ, ӕртӕ цырагъы – ацырдӕм сӕ каст». (Цырӕгъты ранымады, стӕй «ацырдӕм сӕ каст», зӕгъгӕ, уыцы рӕнхъы руаджы ныв дзӕвгар фӕцардӕгасдӕр).  

Ӕмдзӕвгӕ фӕци дзыхъхъынног деталӕй – «Дугъон бӕхау дард кӕцӕйдӕр — машинӕйы хъӕр». «Дзыхъынног» уымӕн загътон, ӕмӕ Яковы рӕстӕджы машинӕ стӕм уыд, ӕмӕ йӕ фыссӕг хуымӕтӕджы хъӕууон пейзажмӕ кӕй бахаста, уый дӕр дзуры йӕ цырддзӕстдзинадыл. Зын бафиппайӕн нӕу поэты иннӕ аивадон мадзал дӕр: нывтӕ ӕмтъерыйӕ ӕвдыст нӕ цӕуынц, фӕлӕ фӕд-фӕдыл, цӕст сӕ куыд ахсы, афтӕмӕй: райдайӕны – поэтӕн йӕ хӕдцур чи ис, уыдон, стӕй, цӕстӕнгас куыд дарддӕргӕнгӕ цӕуы, афтӕ нывтӕ дӕр кӕрӕдзи ивынц. Фӕстагмӕ та ног ӕрбаздӕхынц раздӕры бынатмӕ. Цыбырдзырдӕн, ӕмдзӕвгӕйы ис змӕлд, уд, хицӕн хӕйттӕй сырӕзы иу цардӕгас буар, тугӕхсырӕмхӕццӕ организм. 

Бирӕ аив зарджытӕ ныффыста Хозиты Яков нӕ рӕзгӕ фӕлтӕрӕн. Поэт сабитӕм сиды, цӕмӕй ӕнувыд уой сӕ райгуырӕн бӕстӕйыл, ма рох кӕной, сӕрибары рухс сын чи  ‘рхаста, уыцы номдзыд фыдӕлты, тырной уыдон хуызӕн уӕвынмӕ.

Ноджы ма бафиппайыны аккаг у поэты курдиаты иннӕ къабаз дӕр: ома, йӕ сатирӕ. Ирон ӕвзагыл литературон пароди ӕппӕты фыццаг ныффыста Яков. Йӕ цыргъзонд эпиграммӕтӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмдзӕвгӕтӕ сты фаты ӕрттигътау дӕсны арӕзт, сӕмбӕлынц сӕ нысаныл. Мӕнӕ сӕ иу:

 Ӕмбал! Кӕрон ыскӕн дӕ дзырдтӕн, 

Кæннод фӕдисы хъӕр кӕнын: 

Дӕ докладмӕ лӕппуйӕ ‘рцыдтӕн 

Ӕмӕ зӕронд лӕгӕй цӕуын. 

Яков хорз арӕхсти тӕлмац кӕнынмӕ дӕр. Уый ирон ӕвзагмӕ раивта Руставелийы «Стайы цармдарӕг»-ӕй скъуыддзаг, Пушкины, Лермонтовы, Толстойы, Горькийы, Гаршины, Чеховы, Гриммты ӕфсымӕрты, Пьерройы ӕмӕ иннӕты уацмыстӕй иу къорд.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты размӕ ӕмӕ хӕсты рӕстӕг скъолайы чи ахуыр кодта, уыдонӕн сӕ зӕрдыл хорз лӕудзӕни, Хозиты Яковы арӕзт «Ирон литературӕйы хрестомати» ӕртыккаг къласӕн. Уый джиппы уагъд ӕрцыди цалдӕр хатты.

Поэт йӕ хъус дардта адӕмон сфӕлдыстадмӕ, таурӕгъгӕнджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ фыста кадджытӕ, аргъӕуттӕ, ӕмбисӕндтӕ, зарджытӕ. Хӕрз ӕрыгонӕй афтӕ бирӕ фыдӕбон кӕм кодта, уый зӕрдылдаринаг у абоны фӕсивӕдӕн, хъуамӕ йӕ фӕзмой ахуыры ӕмӕ куысты.

«Ӕз хъусын фидӕнӕй нӕ зард», –  загъта поэт фондз ӕмӕ дыууиссӕдз азы размӕ. Абон знонӕн (ома, Яков цы рӕстӕджы цард, уымӕн) у йӕ фидӕн. Ныртӕккӕ мах цардӕгас ӕвдисӕнтӕ стӕм, Хозиты Яковы ныхӕстӕ кӕй нӕ фӕмӕнг сты, уымӕн: нӕры поэты цъӕхснаг хъӕлӕс фыццагау, йӕ нуарджын цардбӕллон рӕнхъытӕ ӕмдзу кӕнынц немӕ.

ХЪОДЗАТЫ Ӕхсар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.