Беслӕны трагедийы фæстæ Ирыстоны 1 сентябрь бæрæгбон нал у.  Мыдадзын цырæгътæ, дидинджытæ, дзуæртты нывтæ. Къултыл – тæфæрфæсы ныхæстæ. Скъолайы спортивон зал у куыд ивгъуыды æвдисæндар абоны царды. Ахæм трагедийæн ферох кæнæн нæй. Æмæ нæ фæндгæ дæр нæ кæны…

15 азы рацыд, фæлæ мысæн бонты фæтк ивд не ‘рцыд. Мингай адæймæгтæ   æдзæмæй  лæугæйæ, мысынц теракты амæттæгты рухс нæмттæ. Скъоламæ цæуынц бынæттон цæрджытæ, хицауады уæнгтæ, æхсæнадон, дины æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ. Беслæны скъолайы хъизæмæрттæ бавзæрстой Цъæхилты бинонтæ дæр. 15 азы размæ фыццæгæм къласмæ афæндараст кодтой Элизæйы. Фæлæ райдзаст къласы бæсты бахаудтой зындоны артмæ. Элизæ та баззад сидзæрæй. Хъомыл æй кæны йæ мады мад.

Уыцы зын сахаттæ Цъæхилты Азæ мысын нæ уарзы. Фæнды йæ сæ ферох кæнын, фæлæ баст сты, йæ чызг æмæ сиахсы фæстаг хатт куы федта, уыимæ æмæ йæ зæрдæйæ стонын нæ комынц. Йæ хъæбулы хъæбул Элизæйы уæд æнæхъæн бинонтæй акодтой 1-æм къласмæ. Иумæ сæ бакодтой спортивон залмæ дæр. Азæ куыд дзуры, афтæмæй фыццаг ракодтой нæл-гоймæгты, цæмæй сын уыдон баххуыс кæной сæ хызынтæ рахæссынæн. Чи сын нæ разы кодта, уыдоны иу – фехстой. Азæ террористтæй иумæ хæстæг бадт æмæ иу ын балæгъстæ кодта, цæмæй йын йæ сиахсы ма амарой.

«Кувгæ кæнут, кувгæ», – æрбайхъуыст террористы хъæлæс. Нæ иу дæр ардыгæй æгасæй нал ацæудзæн, – дзырдта нын террорист. – Нæ фæндаг – уæлæрвтæм, кæмæн – Хуыцаумæ, кæмæн та – Аллахмæ.

«Спортзалы ралæууыд нæ хъизæмæртты ‘ртыккаг бон. Бирæтæн цыма сæ буары туджы ‘ртах дæр нал уыди, афтæ ныффæлурс сты. Абон ма нæ куынæ аирвæзын кæной, уæд адæм бадгæйæ сæ удтæ сисдзысты», – хъуыды кодта Азæ.

3 боны дæргъы Элизæйы бинонтæ уыдысты иумæ. Уый фæстæ кæрæдзийæ фæхицæн сты. Афтæ рауад æмæ Элизæ йæ ныййарджытимæ бадт, рæмудзæн æрмæджытæ цы зиллаккыл ауыгъд уыдысты, уый бын. Фыццаг срæмыгъды фæстæ райдыдтой автоматæй æхстытæ. Ныр дæр Азæйы хъустыл арæх ауайынц.

Уысммæ сæдæгай адæймагтæ фестадысты зындоны арты. Хъæр, хъæлæба. Алчидæр архайдта судзгæ артæй фервæзыныл, фæлæ сыл террористтæ нæ ауæрстой. Иу рæстæг Азæйæн йæ зæрдæ бахъарм. Йæхимæ куы æрцыди, уæд федта сывæллоны хаудæй.

Цъæхилты Азæйæн ма йæ сæрыл куыройы фыдтæ нæ разылд, уый йедтæмæ цынæ бавзæрста, ахæм нал баззад. Йæ æртæ хъæбулы дæр баныгæдта. Хистæр фырт амард теракты, кæстæр та уый фæстæ  – аварийы. Ныртæккæ йæ иунæг ныфс у Элизæ, цæрынц иумæ. Азæ арæх æрбацæуы скъоламæ æмæ кæсынæй не ‘фсæды йæ чызг æмæ йæ сиахсы къамтæм. Фæмысы,  æгас ма куы уыдысты, уыцы бонтæ. Элизæ та ацы зындонмæ æрбацæуы æрмæстдæр хъыггæнæн бонты. Спортзалмæ куы бахизы, уæд ын улæфт нал фæфаг кæны, стæй йын алы хатт дæр ам вæййы дойны. Азæ æмæ Элизæйæн сæ цард у дыууæ дихы. Сæ мысинæгты фæзæгъынц теракты размæ, кæнæ та теракты фæстæ. Рæсугъд æнкъарæнтæ фылдæр баст сты 2004-æм азы агъоммæ. Фæлæ фидæнмæ дæр кæсынц стыр ныфсимæ. Элизæ сси Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультеты студенткæ.

Æвæццæгæн нын ныфсæй цæргæ у дарддæр. Ахæм бæллæхтæ кæй нал æрцæудзæн фидæны, уыцы ныфсæй. Цы ма уа уымæй стырдæр аргъ, кæд æмæ ног фæлтæрты сабыр цард сабиты тугæй балхæдтам. Кæд æмæ Беслæны 1-æм скъола ахуыры къæсæры бæсты адзалы дуар сси… Кæд æмæ ног уæлмæрдмæ дунейы алы кæрæттæй адæм сæ тыппыртæ суадзынмæ цæуынц…

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.