Йæ адæмæн стыр лæггæдтæ чи бакодта, уыдонæй сæ иу у зынгæ ирон поэт, прозаик, драматург, публицист, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл литературон премийы лауреат Дзугаты Георги Хасæхъойы фырт.

29-æм марты Георгийы райгуырдыл 110 азы кæй сæххæст, уый цытæн Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ауагъд æрцыдис зонадон конференци. Бацæттæ йæ кодта университеты ректорат æмæ ирон литературæйы кафедрæ. Байгом æй кодта университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр æмæ залы уæвджытæн арфæйы ныхæстæ зæгъыны фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, Георги йæ адæмæн стыр лæггæдтæ кæй бакодта æмæ йæ адæм уыцы хорз миниуджытæ кæй нæ рох кæнынц, фыссæджы стыр уарзтæй кæй уарзынц, уый бæрæг у мæнæ абон  залмæ уыйбæрц адæм кæй æрбацыд, уымæй дæр æмæ ныхасы бар радта университеты ректор, профессор Тедеты Вадимæн.

Вадим банысан кодта, зæгъгæ, Дзугаты Георги æмæ Георгийы хуызæн æмбæстæгтæн хъæуы аргъ æмæ кад кæнын. Уымæн æмæ сæ иуæй рох нæ кæндзысты, аннæмæй та разæнгард кæндзыстæм æрыгон фæлтæры сфæлдыстадон бæрзæндтæм тырнын æмæ цæуынмæ. Æмæ уый та у æнæмæнгхъæуæг. Уымæн æмæ æз нæ хъуыды кæнын æмæ Ирыстоны фысджытæ искуы уыдысты абонау цъус.

Ацы фарсты фæдыл дзургæйæ ма Вадим банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй уавæр фæхуыздæр уа, нæ фысджытæ фæфылдæр уой, уый тыххæй иумæйаг æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты, стæй Ирыстоны Фысджыты цæдис дæр нырæй фæстæмæ сæ хъус хъуамæ хуыздæр дарой, нæ литературæйы къабазы фыццаг фæлварæнтæ чи аразынц, уыдонмæ.

«Дзугаты Георгийы цард æмæ сфæлдыстадон фæндæгтæ» ахæм темæйыл конференцийы доклад сарызта ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго.

-Æвæццæгæн нæ раындзæнис ахæм адæмтæ кæцытæ ма бабæллой, цæмæй сын уа Дзугаты Геуоргийы хуызæн фысджытæ æмæ алы хъуыддаджы дæр размæцыд æмбæстæгтæ. Георги уыд ахæм адæймаг æмæ цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдон бирæ фæахъаз сты йæ адæмы  размæцыдæн. Æцæг фыссæг хъуамæ уа æргом æмæ рæстдзинады фарсхæцæг. Комкоммæ ныхас æмæ æргом дзырды  азар та цал æмæ цал фыссæджы бабын кодта, цал æмæ цал фыссæгæй бахаудтой уæззау дуджы азары.

Ахæм цардвæндаджы дæрзæг уылæн Дзугаты Георгийы фæрсты дæр лæгъзæй нæ аивгъуыдта. Дуджы фыдаудæнтæ йын йæ разы айтыгътой къуыппытæ-дзыхъхъытæ хæмпæлгæрдæджы къахвæндаг. Георги уыцы дæргъвæтин фæндагыл фæцыдис сæрæй кæронмæ. Йæ размæ ивылдысты алыгъуызон рæстæджы змæст цæугæдæттæ æмæ сау дуджы уылæнтæ лæджы фыдхор заманы тæрккъæвда лæсæнтæ кодта Иры кæмтты. Æхсæзаздзыд сабийæ бахауд революцийы цæхæрты ахæсты æмæ йын йæ зæрдæйыл сау уадздзагæй ныу-уагъта дæрзæг фæд. Фарастаздзыдæй та Георги федта геноциды цъæх арты зынджытæ æмæ Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады архайдтытæй рысти йæ зæрдæ. Уый фæстæ сыстад 37-æм азы фæлдзæгъдæн æмæ дуг цыргъ фæрæтæй æхсæста  фарны лæгты нымæц. Дарддæр Стыр Фы-дыбæстæйон хæсты туглæсæнтæ, æххормагдзинад, æппæт фыдæхы фыдбылызтæ – иууылдæр рацыдысты Георгийы фидар уды тæккæ астæуты.

Æппæт уыдæттæм нæ кæсгæйæ, фæлтæрд фыссæг йæ тыхтæ бавзæрста алы жанры дæр æмæ йын уыд æнтыстытæ. Йæ чингуыты нымæц дæс æмæ дыууиссæдзæй ахызт. Сфæлдыстадон куыст та фæкодта фондз æмæ æртиссæдз азы. Георги фыста æмдзæвгæтæ,  поэмæтæ, новеллæтæ, кадджытæ, уацаутæ æмæ романтæ. Арæхстджынæй бавнæлдта сывæллæтты литературæмæ æмæ ацы фадыджы дæр фæбæрæг сты йæ арæхстдзинады миниуджытæ.

Сталиниры педагогон институты æртæ къурсы фæуыны фæстæ Георгимæ 1939 азы æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Дыууæ азы фæстæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Георги стыр ныхкъуырд лæвæрдта фашистон тыхæйисджытæн. Йæ уд ныйихсыд, ныллæзæрд, фæлæ йæ бартæ нæ радта, афтæмæй уæлахиздзауæй æрыз-дæхт йæ фыды уæзæгмæ.

Георгийæн йе сфæлдыстады бæрæгæй зыны хæсты дуг. Фæзындысты хицæн чингуытæ: «Хæлæрттæ», «Кадджытæ», «Зæрдæйы дæгъæл», «Дзего», «Карды комыл», «Фæдисы дзæнгæрæг», «Æхсаргард» æмæ бирæ æндæртæ.

Георгийы сфæлдыстады æхсызгонæй ахуыр кæнынц сабидæтты, скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Йæ удрæбынæй гуыргæ уацмыстæ хъуысынц радио æмæ телеуынынадæй, фыссынц сыл газетты æмæ журналты, йæ диссаджы лирикон æмдзæвгæтыл ирон зарæггæнджытæ зарынц зарджытæ.

Георгийы сфæлдыстады патриотикон-интернационалистон мидис æмæ хæрзæгъдау хъомылады тæваг йæхимæ æркæсын кодта æндæр адæмты интеллигенцийы минæвæртты дæр æмæ йын йæ уацмыстæ ратæлмац кодтой уырыссаг, сомихаг, беларусаг, украинаг, абхазаг æмæ æндæр æвзæгтæм.

Георгийæн кæд йæ цардвæндаг уæззау уыдис, уæддæр-иу æм кæддæрты хорз дуджы рæстæджытæ гæппæлтау фæзындысты, мæнæ хурæн фæскъæвда æнæракæсгæ куыд нæ вæййы, афтæ. Йæ лæггæдтæн советон дуджы паддзахад скодта егъау аргъ. Хорзæхджын æрцыдис «Кады нысан»-ы орден,  майдантæ æмæ æндæр хорзæхтæй. У Хетæгкаты Къостайы номыл литературон премийы лауреат.

Дзугаты Георгийы сфæлдыстад уæрæх у æмæ йыл иу доклады æрдзурыны фадат нæй. Фæлæ йын йæ уацмыстыл цал хатты æмбæлæм, уал хатты йæ фæлгондз нæ разы æрттивдзæн. Ахуырадон программæтæм дæр йæ уацмыстæ хаст сты гуырахстджынæй, фæлæ Георги цы лæг уыд, æмæ цы фæд ныууагъта, уымæй дарддæр ма йын йæ ном æмæ йæ кад арфдæрæй рæгъмæ рахæссыныл хъæуы архайын. Къаннæг уынг æмæ йæ хæдзары къулыл номарæн фæйнæг Георгийæн æгæр кадавар сты. Уый фæстæ Плиты Серго бакаст Дзугаты Георгийыл йæхи фыст агростих.

 

Дзæвгар фæллой фæкодтай Ирæн,

Уыдтай нæ кæстæртæн сæ фидæн.

Гæрзифтонгæй лæгау хæцыдтæ,

Ам, Ирæй рохуаты нæ уыдтæ.

 

Тæхуды дæм кæнынц нæ фæлтæр,

Ыслæууы дын ныллæг нæ кæстæр.

Гæрæнтæ арæзтай фыдæхæн,

Ехх, Георги, нал дын ис ыздæхæн.

 

О, мах дæ фыст зарджытæ зарæм,

Рæдау поэты ‘хсæн дæ дарæм.

Гуырвидыцæй лæууыс нæ зæрдыл,

Ирон кæстæр цæудзæн дæ фæдыл.

 

Конференцийы ма «Дзугаты Георгийы уарзондзинады лирикæ» æмæ «Дзугаты Георги – сывæллæтты фыссæг»-ы фæдыл докладтæ сарæзтой Куыдзеты Иринæ æмæ Биазырты Аллæ.

Университеты ирон литературæйы кафедрæйы ахуыргæнæг Æлборты Людмилæ та бакаст, Ирыстоны Фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон конференцимæ цы фыстæг барвыста, уый.

Конференцийы ма Дзугаты Георгийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй сæ мысинæгтæ дзырдтой Басаты Лев, Дзадтиаты Руслан, Гæбæраты Анатоли æмæ æндæртæ.

Университеты студенттæ Къозонты Дауыт, Чилæхсаты Залинæ, Тедеты Элинæ, Бекъойты Филипп, Уанеты Лев æмæ æндæртæ та бакастысты Дзугаты Георгийы фыст æмдзæвгæтæ.

Кæронбæттæны Дзугаты Георгийы фырт Дзугаты Къоста раарфæ кодта æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, мадзал ауадзын чи сфæнд кодта, чи йæ бацæттæ кодта æмæ мадзалмæ чи æрбацыд, йæ куысты хайад чи райста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.