Фæстаг дугивæн азты фæзынд бирæ ногдзинæдтæ, афтæ ма сæфынц, раздæр æхсæнады ахсджиаг чи уыдис, иуæй-иу ахæм хъуыддæгтæ. Уыдон бандæвтой ахуырады системæйыл дæр,  фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ ахуырады сæйраг архайæг, йæ размæгæнæг æмæ йын йæ бындуртыл мæсгуытæ амайæг раздæрау у ахуыргæнæг.

Раздæрау стыр нысаниуæг ис ахуыргæнæджы куыстæн æмæ йæ разы ахуыргæнæг суæвыны хæс чи æрывæра, уый хъуамæ бæлвырдæй зона йæ хæстæ, ахуыргæнæджы дæсныйады сæйраг мидис. Ныртæккæ рæзгæ фæлтæримæ кусын бирæ фæзындæр ис, уымæн æмæ уыдонæн фæивта сæ зондахст, цардмæ сын, раздæримæ абаргæйæ, ис бынтон æндæр ахаст. Уыдæттæ хынцгæйæ æнтыст кæй къухты бафты, уый схонæн ис æнтыстджын æмæ рæзгæ фæлтæры зæрдæйы хорзæхæй хайджын. Сæйраджыдæр ахæм ахуыргæнæг схонæн ис нæ горæты 9-æм иумиагахуырадон скъолайы директор Зассеты Зарæйы дæр.

Зарæ ма хæрзчысыл куы уыд, уæд равдыста ацы дæсныйадмæ йæ уарзон ахаст. Райгуырд Къуыдаргомы, Бзиты хъæуы, йæ сабибонтæ дæр арвыста уым. Скъолайы кары куы уыд уæд æй йæ ныййарджытæ бакодтой Къуайсайы уæды астазон скъоламæ. Уыд æвзыгъд ахуыргæнинаг, ахуыр кодта тынг хорз нысæнттыл. Раст уæд равзæрдис йæ чысыл зæрдæйы, фидæны йæ цард ахуыргæнæджы дæсныйадимæ сбæттыны хъуыды. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ рацыд Цхинвалмæ æмæ йæ равзаргæ факультетмæ бацæуыны охыл хуыздæр цæттæдзинад райсынмæ бацыд ХИП-ПИ-йы изæрыгон хайады фæсарæйнаг æвзаджы цæттæгæнæн курсытæм, бонæй та куыста Цхинвалы консервгæнæн заводы. Афтæ райдыдта хæрзæвзонг чызг йæ фидæны царды фæндæгтæ ныв кæнын. Цадæггай æххæст кодтой йæ бæллицтæ æмæ афæдзы фæстæ ссис ХИППИ-йы ирон-фæсарæйнаг факультеты студенткæ. Ам дæр та Зассеон равдыста йе ‘взыгъддзинад, йæ зонындзинæдты къæбиц фылдæрæй фылдæр кодта, тырныдта ахуыры бæрзæндтæм æмæ йæ фидæны дæсныйадмæ хызтис фидар къахдзæфтæй. 1987 азы æнтыстджынæй каст фæцис уæлдæр ахуыргæнæндон æмæ уал, куысты бынат ын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ рæстæгмæ бацыд нæ горæты сывæллæтты 19-æм, æмæ уый фæстæ та 12-æм цæхæрадæттæм хъомылгæнæгæй кусынмæ. Дыууæ уагдоны дæр Зарæ равдыста сывæллæттæм йæ уарзондзинад, уыд ын хъарм ахаст йæ коллегæтимæ дæр. 1994 азы Зарæ раконд æрцыд 6-æм астæуккаг скъоламæ англисаг æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Ам Зарæ æххæстбæрцæй бавнæлдта, чысылæй фæстæмæ йæ зæрдæйы арфы цы уарзон дæсныйадмæ бæл-лыд, ууыл зæрдиагæй кусынмæ. Нымад уыд хуыздæр ахуыргæнджытæй сæ иуыл, бæр-нонæй æххæст кодта куыд ахуыргæнæджы, афтæ хъомылгæнæджы, æгъдауамонæджы æмæ ма йæ разы æвæрд æппæт вазыгджын хæстæ рæзгæ фæлтæры хæрзиуæгæн. Сабитæм уарзон ахаст кæй дардта, уымæн ын уыдон дæр лæвæрдтой аккаг дзуапп,- уыдис сын уарзон ахуыргæнæг. Уыцыиу рæстæджы ма куыста  гимнази «Альбион»-ы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй дæр. Нæ республикæйы Ахуырады министрад Зарæйы банымадта, методикæйы  фæдыл зонындзинæдтæ бæрзонд  æмвæзадыл кæмæн уыдысты æмæ сæ нысанмæздæхтæй пайда кæнынмæ чи рæхстис, ахæм специалистыл. Уымæ гæсгæ 2010 азы Зарæ нысан æрцыд Квалификаци бæрзонддæргæнæн институтмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы хистæр методистæй.  Цыппар азы ам бакусыны фæстæ, 2014 азы октябры мæйы Зарæ æрвыст æрцыд Цхинвалы 9-æм скъолайы директорæй æмæ ныронг цæсгомджынæй æххæст кæны куыд къухдариуæггæнæджы, афтæ ирон æвзаджы ахуыргæнæджы хæстæ дæр.

«Зарæ Барисы чызджы тыххæй ис æрмæстдæр тынг хорз ныхæстæ зæгъæн, куыд ахуыргæнæг, куыд коллегæ æмæ куыд сæргълæууæг. Куыд ахуыргæнæг, афтæ йæ уроктыл нæй гæнæн æмæ ахуыргæнинагæн йæ хъуыды уа æндæр исчердæм здæхт, ныртæккæйы ахуыргæнинæгтимæ та ахæм æнтыст алкæйы къухты нæ бафты. Уый дзурæг у, алы сабийы зæрдæмæ дæр кæй ссары фæндаг, æвзæрын сын кæны кады ахаст йæхимæ дæр æмæ йæ предметмæ дæр», – зæгъы Дзигойты Ритæ.

Алы сабийæн дæр ис йæхи удысконд, йæхи моралон æмæ психологон æмбарынæдтæ, ахуыргæнæг хъуамæ бамбара уыцы сæрмагонд миниуджытæ æмæ афтæмæй ссара алы сабимæ дæр сæрмагонд бавналæн. Уый у ахуыргæнæджы бæрнон хæстæй сæ иу, æмæ къухты куы бафты, уæд кусын дæр вæййы æнцондæр æмæ æнтыстджындæр. Зарæйæн ахæм бавналæн ссарын зын нæу, уымæн æмæ тынг хорз зонгæ у сабиты, рæзгæ фæлтæры психологиимæ æмæ семæ уайтагъд ссары иумиаг æвзаг.

Ацы скъолайы сæргъ Зассеты чызг куы ‘рлæууыд, уæдæй нырмæ дзы бирæ ногдзинæдтæ фæзынд. Зарæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ахуыргæнджытæ сæ разы цы хæстæ æрæвæрынц, уыдон сæххæст кæнынæн фæхъæуы сæ фарсмæ æрбалæууын æмæ сын æмбæлон уавæртæ саразын. Куыд къухдариуæггæнæг, афтæ Зарæ кæддæриддæр бæрнонæй æрывналы коллективы домгæ фарстатæ скъуыддзаг кæнынмæ. Йæ æнтыстджын куысты фæстиуæгæн ныртæккæ скъолайы уæвынад кæнынц æппæт хъæугæ инвентарæй ифтонггонд предметон кабинеттæ, алыгъуызон кружоктæ, кæцытæ ахъаз сты куыд скъоладзауты ахуырфæразондзинад рæзын кæнынæн, афтæ хъомыладон фарстатæн дæр. Уый тыххæй Зарæ бузныджы ныхæстæ зæгъы нæ республикæйы Ахуырады министрадæн. «Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын ахуырады министрадæн, стыр хъусдард нæм кæй ис, кæддæриддæр нæм се ‘ххуысы къух кæй фæдаргъ кæнынц, уый тыххæй»,- загъта скъолайы директор.

Кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайы куыс-ты æрмæст уыдæттæ не сты сæйрагдæр æмæ ахсджиаг. Нæ республикæйы æмæ ма уымæн æддейæ уагъдцæуæг ахуыры, спорты, аивады æмæ æндæр фадгуыты ахуыргæнинæгты ‘хсæн уагъдцæуæг æппæт мадзæлтты дæр 9-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ кæддæриддæр райсынц хайад æмæ сын вæййы хорз æнтыстытæ. «Иумиагæй сисгæйæ ахуыргæнинæгты æнтыст у раппæлинаг, куыд ахуырады, афтæ æндæр фадгуыты дæр. Уыцы æнтыстытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сты фыццаджыдæр ахуыргæнинæгтæн сæхи тырнынады æмæ сæ бацæттæгæнджыты æнувыд куысты руаджы. Фæлæ ма банысан кæнын хъæуы, ахæм æнтыстытæ кæддæриддæр кæй вæййынц скъолайы сæргълæууæджы æндæвдадæй. Зарæ кæддæриддæр æрдомы йæ ахуырнæджы-тæй, цæмæй уыдон уой фæндвидар æмæ тырной æнтыстытæм. Уыцы домæнæн та йæ фæстиуæг свæййы иумиаг æнтыст», – зæгъынц ахуыргæнджытæ. Ахуыргæни-нæгты æнтыстытæн та æвдисæн у, скъолайы къулыл сæ хорзæхты стенд. Æнтыстыты рахæцæн ма вæййы коллективы æнгомдзинад дæр. уыцы миниуæгæй дæр хайджын у ацы скъолайы коллетив, сты кæрæдзийæн ныфс æмæ кæддæриддæр архайынц, цæ-мæй скъолайы фылдæр уагъд цæуой мадзæлттæ, кæцытæн вæййы хъомыладон ны-саниуæг. «Сабийæ æвзæр никуы вæййы, уыдон сты æнæфыст гæххæттау, сыгъдæг æмæ сын сæ уды цы хъомылад бауадзой хистæртæ, фидæны сæ рауайдзæнис ахæм адæймæгтæ. Уымæ гæсгæ ахсджиаг хæс у сабиты хъомыладон фарстыл фылдæр кусын. Ахæм мадзæлтты руаджы, уыдон рай-сынц зонæнтæ, сæ фидæны царды сын чи бахъæуы»,- загъта Зарæ.

Фæстаг дыууæ азы дæргъы æппæт дунейыл коронавирусы апарахаты фæстиуæгæн ахуырадон системæ фылдæрбæрцæй дистанционæй кæй кусы, уыимæ тынг разы нæу Зарæ. «Дистанцион ахуыр, мæнмæ гæсгæ, ахуырады размæцыдæн бирæ ницы хорздзинад дæтты. Уымæн æвдисæн у, карантины фæстæ ахуыргæнинæгтæн уроктыл, дистанционæй рацæугæ æрмæг куы сфæлхат кæнын кæнæм, уæд. Ахуыргæнæг ахуыргæнинагæн æрмæг амонгæйæ хъуамæ уына йæ цæстæнгас æмæ афтæмæй бамбара, цасбæрцæй бамбæрста ахуыргæнинаг æрмæг, уый. Дистанцион ахуыртыл та рæстæг хардз цæуы дыууæ, æртæ хатты фылдæр, фæстиуæг та йын уыйбæрц нæй. Фæлæ сæвзæргæ уавæры дистанцион ахуыр æнæмæнгхъæугæ у. Ахуыргæнинæгтæн, æппынкъаддæрæй, нæ сæфы ахуырадимæ сæ бастдзинад æмæ сæ миддунейы æнкъарынц, ахуыр кæнын сæ кæй хъæуы, уый. Афтæ ма хъахъхъæд цæуы се ‘нæниздзинад дæр»,- загъта Зассеты чызг.

Ныр 35 азы дæргъы Зарæ кусы сабитимæ æмæ иунæг хатт дæр никуы фæфæсмон кодта, ацы дæсныйад кæй равзæрста, ууыл. «Алы адæймаг дæр а-дунемæ фæзыны цавæрдæр хæстæ æххæст кæнынмæ. Æз райгонд дæн, æрдзæй мæм ахæм ахсджиаг хæс рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын кæй æрхауд, уымæй. Мæ цард нывонд кæнын сабиты размæцыдæн, æмæ мæ риуы арфы рæзгæ фæлтæрмæ стыр уарзондзинады руаджы, нæ банкъарын зындзинæдтæ. Уыйхыгъд райсын стыр æхцондзинад мæ куысты æвæрццаг фæстиуджытæй. Уый у мæнæн мæ иууыл зынаргъдæр хорзæх»,- загъта Зассеты чызг.

Йæ аудгæ æмæ бæрнон фæллойадон куысты тыххæй Зарæйæн нæ республикæйы экс-президент Кокойты Эдуарды номæй лæвæрд æрцыд Бузныджы гæххæтт, Ахуырады министрады номæй Кады грамотæтæ, ахуырады фадыджы Кадджын кусæджы ном. Фæлæ йæ сæйраг хорзæхыл нымайы йæ ахуыргæнинæгты бузныджы ныхæстæ æмæ «мæ уарзон ахуыргæнæг»- ы буц ном.

          ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.