Арæнгæрон Синагурмæ æввахс хъæуты цæрджытæ ацы хъæуы астæуккаг скъолайы коллективимæ иумæ банысан кæнынц алы бæрæгбон дæр. Хъæуты цæрджытæй бирæтæ бæрæгбонон мадзæлттæм æрбацæуынц ирон æгъдаумæ гæсгæ – æртæ уæливыхимæ. Афтæ та уыд ацы хатт дæр.

Синагуры астæуккаг скъолайы Зонындзинæдты боны цытæн бæрæгбон ацы аз уыд уæлдай цымыдисондæр, уымæн æмæ мадзал конд уыд дыууæ хайæ. Фыццаг хай баст уыд терроризмы ныхмæ тох кæныны æмзæрдæдзинадимæ. Скъолайы директор æрæмбырдуæвджытæн цыбыртæй сæ зæрдыл æрлæууын кодта 2004 азы 1-æм сентябры Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы æгъатыр сырдадæймæгтæ сывæллæттæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæн цы фыдмитæ фæкодтой, уый тыххæй. Беслæны астæуккаг скъолайы теракты фæдыл зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загъта ацы скъолайы 10-æм къласы ахуыргæнинаг Танделаты Анжелæ. Дойны æмæ фыдудæй чи мард, уыцы сывæллæтты тыххæй зæрдæскъуынæн ныхæстæм хъусгæйæ, æрæмбырдуæвджытæ сæ цæстысыг нæ баурæдтой. Мадзалы хайадисджытæ иууылдæр стæрхон кодтой терроризмæн æппæт йæ алы фæзындтыты дæр. Сывæллæттæ æртæ хатты сфæлхатт кодтой: «Нет терроризму!», зæгъгæ. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой Беслæны теракты фæмардуæвджыты нæмттæ. Уый фæстæ арвмæ суагътой 186 урс тымбылæджы (фæмардуæвæг сывæллæтты нымæцмæ гæсгæ). Афтæ ма ахуыргæнинæгтæ куыд загътой, уымæ гæсгæ 3-æм сентябры – фыдохы боны ссудздзысты 186 цырагъы.

Фæлæ бæрæгбон уæддæр бæрæгбон у, уæлдайдæр та уыцы бон. Райдыдта цытджын линейкæ. Синагуры астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркади Зонындзинæдты боны цытæн раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ сæ уый фæстæ базонгæ кодта æрцæугæ уазджытимæ. Мадзалы хайадисджытæ къухæмдзæгъдимæ сæмбæлдысты РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Дзауы районы администрацийы ахуыры хайы мето-дист Тыбылты Аллæ, республикон коммунистон партийы делегацийыл Уырыгаты Иналы сæргълæудæй, РХИ-йы Президенты Администрацийы минæвæрттыл Хъуылымбегты Игоры сæргълæудæй. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр мадзалы хайад райстой уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты заставайы службæгæнджытæ Александр Хохловы сæргълæудæй.

Скъолайы директор бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн, сæ мадзалы сын хайад кæй исынц, уый тыххæй. Афтæ ма хатдзæгтæ сарæзта ивгъуыд ахуыры азы фæстиуджытæн æмæ райгондæй банысан кодта, зæгъгæ, сæ рауагъдонтæ иууылдæр систы Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. Уый ма æрæмбырдуæвджытæн бакаст электрон постæй цы арфæйы телтæ райста, уыдоны дæр. Сæрмагондæй сæм арфæйы тел æрæрвыста Сочийы национ парчы къухдариуæгад, кæцыйы сконды сты дунеон масштабы ахуыргæндтæ. Уыдон æмгуыстад кæнынц ацы скъолайы коллективимæ Хуссар Ирыстоны фаунæ æмæ флорайы фæдыл Сырх чиныг саразыны тыххæй. Скъолайы архайы райгуырæн къуым зоныны кружок. Сывæллæттæ сисынц æнæрагъыстæг цæрæгойты, афтæ ма зайæгойты нывтæ дæр æмæ сæ арвитынц Сочимæ. Скъолайы ма ис бæхыл бадыны дæсныйады кружок дæр. Дыууæ кружокы дæр ахуыргæнинæгтæн амоны скъолайы директор хæрзаудæн архайды хуызы. Скъолайæн ис 6 дугъон бæхы.

Арфæйы фыстæг ма сæм æрæрвыста РХИ-йы уæвæг уæрæсейаг арæн-хъахъхъæнджыты управленийы къухдариуæгад дæр.

Мадзалы ныхасы рацыд РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг. «Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты куыд скъолайы коллектив, афтæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Хорз дзурынц уырыссаг æвзагыл дæр, афтæ ма скъолайон формæйы кæй сты сывæллæттæ, уый мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыд, мæхи банкъардтон Советон Цæдисы рæстæджы», – загъта уый. Генералон прокурор ма ацы скъолайы уыд фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбоны дæр æмæ сын уæд баныфсæвæрдта компьютер балæвар кæнынæй æмæ разынд йæ ныхасы хицау. Скъолайæн балæвар кодта бирæфункционалон компьютер нырыккон принтеримæ. Ныхасы ма рацыдысты компартийы минæвæрттæ дæр. Ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн дзырдтой æнтыстыты фæндиæгтæ. Компартийы минæвæрттæ дæр уый размæ уыдысты скъолайы бæрæгбонон мадзæлтты, сæхи цæстæй федтой, скъоладзаутæ зарынмæ рæвдз кæй сты, уый, æмæ сын ныр семæ баластой хæдзарон кинотеатр DVD караокеимæ.

Уый фæстæ уыд Паддзахадон тырысатæ хæрдмæ сисыны церемони. Ирон тырыса ирон гимны зæлты бын хæрдмæ систа скъолайы 1-æм къласы ахуырдзау Декъаноидзе Георги æмæ уæрæсейаг тырыса та – 3-æм къласы ахуырдзау Маликов Никита. Уæрæсейаг гимн æххæст кæныны рæстæджы рухс ахуыссыд, фæлæ сывæллæттæ нæ фæтыхстысты æмæ иумæ сæххæст кодтой Уæрæсейы гимн. Уый тыххæй сын кодтой тыхджын къухæмдзæгъд. Мадзалы сæххæст кодтой музыкалон номыртæ, афтæ ма кастысты æмдзæвгæтæ дæр. Районы администрацийы ахуыры хайы методист Тыбылты Аллæ ацы скъолайы хими æмæ биологийы ахуыргæнæг Джыккайты Феняйы йæ бирæ азты цæсгомджын хъомыладон архайды тыххæй схорзæхджын кодта Кады грамотæйæ. Уый фæстæ ахуырдзаутæн уыд адджын фынг.

Скъолайы директор ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы ахуыры аз сæ ахуырдзауты нымæц фæфылдæр цалдæр адæймаджы.

Мадзал бацæттæ кодтой хъомыладон хайы фæдыл директоры хæдивæг Джиоты Залинæ æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг Бестауты Мери.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.